Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Гуры иу стыр хъæуы хисты фынг сисын кодтой
Гуры муниципалитеты иу стыр хъæуы, коронавирусы хæликæнынадæй превенцийы нысанæй, 92-азы кары амæлæг нæлгоймагæн кадкæнынæн æрывæрд хисты фынг нæ бауагътой (сисын æй кодтой).

Полицæ зæгъы, цæмæй зианы хицæуттæ рекомендациты æмбаргæйæ райстой. Хъæуы хицау хъусын кæны, цæмæй рекомендаци уæд раттой, æрхонгæ адæм фынгыл куы нæма æрбадтысты уый хæдразмæ.

Ацы цау дыццæджы, 2020 азы, 17-æм мартъийы æрцыд. Нысангонд хъæуы, 2000-æй фылдæр адæймаг цæры.

«Куыддæр полицæ фехъуыста факты тыххæй, æрбацыди бынатмæ æмæ сын радта рекомендаци, цæмæй бæстæйы сырæзт ситуацимæ гæсгæ, хуыздæр уыдаид ритуал уагъд ма рцыдаид», - загъта нын мидхъуыддæгты министрады пресс-кустуаты минæвар.

Qartli.ge ма афтæ телефоны фæдзырдта мерийы бæрнон кусæгмæ:

«Æз бынатыл нæ уыдтæн, фæлæ мын телефонæй контакт уыди зианджыны бинонтимæ. Бамбарын сын кодтон уæвæг ситуацийы фæдыл æмæ сын базонгæ кодтон рекомендациты. Уыдон дæр æмбаргæйæ райстой уæвæг уавæры æмæ залы ритуал нал ауагътой. Ай уыдоны социалон бæрндзинады фарст уыди», - зæгъы мерийы бæрнон кусæг.

Зæгъдзыстæм уын, цæмæй уæдæй фæстæмæ Гуырдзыстоны коронавирусæй (COVID-19) инфициргонд адæймæгтæ куы разынд, уæд хицауад мадзæлтты карз кæнын байдыдта. Ног регуляциты скуыстмæ гæсгæ хæлцы объекттæ æхгæд æрцыдысты кæнæ/та ахызтысты куысты æндæр режимыл. Уымæ гæсгæйæ æрæнæвæрдтæ æвæрд æрцыд ритуалон бынæттыл дæр.

«Уæлдайдæр та, уæдæй фæстæмæ, ног регуляцитæ куы скуыстой, мах æдзух режимы бæрæг кæнæм хæлцады объектты, уыдон æхсæн ритуалон залты. Гуры æмæ Гуры районы дæр бабæрæг кодтам алы объекты æмæ уыдонæй алкæмæндæр рекомендацитæ лæвæрд æрцыд», - загъта нын Хæлцады национ агентады бæрнон кусæг, Чачанидзе Тамар. Хæлцады национ агентады бæрæгæнæнтæм гæсгæ, Гуырдзыстоны ныридæгæн 5000 ахæм объекты кæй басгæрстой.

20-æм мартъийы ситуацийæ Гуырдзыстоны корона вирусæй инфицирты 43 цауы ис сбæлвырдгонд, уыдæн æхсæн, ис иу адæймаг, кæцы сдзæбæх ацы низæй. Ацы рæстæгмæ карантины режимы 1575 адæймаджы уæвы, 275 та стационары хъусдарды бын зайы.

Æнæниздзинады дунеон организаци коронавирсы тыххæй пандемиа 2020 азы 11-æм мартъийы расидтис. Уæдмæ та, 30-æм январы Æнæниздзинады дунеон организаци коронавирусы банымадта глобалон тæссагдзинадыл.
Абоны ситуацимæ гæсгæйæ дунейы коронавирусæй инфициргонд ис 245 630 мин адæймаг, сдзæбæх дзы 86 мин адæймаг, фæлæ дзы фæзиан 10 000 минæй фылдæр.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.