Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
Ног хабæрттæ
Хурвалеты ацæргæты хæдзары Григолайа Джулийыл 88 азы сæххæст
Абон бæрæгбон уыди Хурвалеты. Ацæргæты хæдзары уæнг, Григолайа Джулийыл (Джулиета) 88 азы сæххæстис.

Бæлæууæндоны (ацæргæты хæдзары) къухдариуæггæнæг ын адджын гуыл (торт) скодта, æмæ йын хæдзары æндæр уæнгтæ - нæлгоймæгтæ та, дидинджытæ балæвар кодтой. Коронавирусы тыххæй, сæм æндæр ничи æрбацыдис. Риск къорды тыххæй, балæууæндон карантины ис.

Григолайа Джули, ацæргæты хæдзары 2019 азы июлы мæйæ цæры.

«Григолайа Джули у Самегрелойæ, профессийæ у уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы специалист. Иу хъæбул ын фæзиан, æнæхæдзарæй баззад. Курдиат бадæтта социалон куыстуатмæ æмæ æркуырдта, цæмæй йæ айстаиккой зæрæдты балæууæндонмæ, Хурвалеты ацæргæты хæдзармæ йын загътой æмæ сразы ис», - загъта нын Салиа Люда.

Салиа Люда ма нын ноджы раргом кодта, цæмæй хæрзæввахс рæстæджы Самегрелойы кæй байгом уыдзæн ацæргæты хæдзар:

«Самегрелойы нырма нæй 24-сахатон ахæм хуызы лæггаддзинад, фæлæ уын раргом кæндзынæн сусæгæй, æмæ ацы азы кæронмæ æнæмæнгæй кæй пълан кæнæм, цæмæй байгом кæнæм Рухы хъæуы, Абхазимæ ‘ввахс», - загъта нын балæууæндоны къухдариуæггæнæг Салиа Люда.

Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæуы ацæргæты балæууæндон, «Хæдзар арæнты æдде», 2016 азы байгом ис. Социалон амалиуæг ацæргæтæн рекомендаци кæны мултипрофилон сервисы, цахæм у боны центры лæггæдтæ, хæдзармæ базилыны сервис æмæ темон 24-сахатон лæггаддзинад-балæууæндон. Ацы центр дихгæнæг хаххы цур хъæуты – Хурвалеты, Цъителубанийы, Надарбазевы, Шаушвебы – цæрджытæн æхсæнадæмон донор организациты æххуысæй арæзт æрцыд.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.