Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цицаги Хъазбег æмæ Гинтури Веро Исролы хъæуæй – Цхинвалы район
Цицаги Хъазбег 82-аздзыд у, Гинтури Веро та, - 74-аздзыд у. Уыдон Исролы хъæуы (Исролисхеуы) цæрынц. Ацы иунæг хæдзарон хъæу Меджуды цæугæдоны сæрмæ ис. Денджызы æмвæзæй 1600 м-ы бæрзæндыл ис, фæлæ Цхинвалæй 48 км-йы дæрддзæфмæ.

Уыдон тыххæй Qartli.ge-йæн æппæты фыццаг 18-аздзыд Елиаури Гиорги фехъусын кодта, кæцы нын чысыл раздæр йæ нана æмæ дадайы тыххæй радзырдта. Гиоргийы нана æмæ дада Исролы хъæуæй 6 км-ы дæрддзæф хъæу Вилдайы цæрынц.

Исролы, куыд Исролыкомы абон æндæр ничиуал цæры. Ацæргæ адæмæн хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ ис, фæлæ уыдон Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл сты. Мах уыдоны хъæбулимæ 36-аздзыд Цицаги Вахоимæ ныхас кодтам. Вахо меджврисхеуаг у, дзуры, зæгъгæ Исролы хъæумæ уый 2008 азы августы хæсты размæ арæх цыдис, сæйрагæйдæр сæрды рæстæджы:

«Зæрæдтæ ныртæккæ сæхи хорз хатынц. уый у, æмæ тынг дард сты махæй. Мæ мадæн йæ давлени арæх вæййы уæлиау, мæ фыд цæрдæгдæр у. Медикаменттæ сын арвитын. Мæ фыд Исролы хъæуæй раджы æрлыгъдис цæрынмæ Меджврисхеумæ, ам хæдзар сарæзта, скъолæ дæр ам Меджврисхеуы каст фæдæн, фæлæ мæ саби-бонты иуылдæр Исролы уыдтæн. Августы хæсты фæстæ баззадысты уым», - зæгъы Цицаги Вахо.



Фотойыл: Исролы хъæу, дардæй зыны хæдзары æмбæрзæн.

Цицаги Хъазбег æмæ Гинтури Веройæн æртæ хъæбулы ис, дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Чызг Цхинвалы районмæ у мойгонд.

«Æртæ хъæбулы сын ис, чызг уыцы фарс баззад, Цхинвалы районы, фæлæ уый дæр дард цæры ныййарджытæй. Махæй та, 25 км-ы дæрддзæг ис ацы хъæумæ. Нæдæр сæ раздæр фæндыдис хъæуы ныууадзын æмæ нæдæр 2008 азы фæстæ ныууагътой сæ хъæуы. Мах фактивонæй уæдæй фæстæмæ нал цæуæм хъæумæ. Рухс сын нæй, хъæууон хæдзарады куыстытæ кæнынц», - дзуры нын Цицаги Вахо.

Иунæг-иу фадат, кæцы дихгæнæг хаххæй дæрддзæф бинонтæн сæ бон у æввахсмæ феной кæрæдзи, у уый æмæ Земо (уæллаг) Арцеумæ Куадзæны боны уæлмæрдмæ бацæуын. Земо (уæллаг) Арцеуы уæлмæрдмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауад уыцы адæймæгтæн бацæуыны бар дæтты, кæцытæн сæ хæстæджытæ сты уым ныгæд.



Исролы хъæу ис Цхинвалы районы, Бихъары хъæуы теммæ хауы. Вахо дзуры, цæмæй бацæуæн фæндаг хуыздæр у Эреды ‘рдыгæй, чысыл Леуахигомæй. Ай уыцы Эред у, цыран абон хæдзæрттæ дæр нал ис уым.

Меджуды цæугæдоны былы акомкоммæ цы хъæутæ ис, уыдон тыххæй цымыдисон æрмæджытæ Елиаури Гиорги æмбырд кæны. Гиорги, куыд уын загътон, Вилдайы хъæуæй рацæугæ у. Ахуыр кæны Гуры скъолæйы.

«Исролыхеу фыццаг хатт XIV æнусы уацмысы «Эристауты цыртдзæвæн» (Авгароз Бандаисдзе) койгонд цæуы. Исролы хъæу уыдис Ксаны Эристауты сæйраг æнцойгæнæн Меджуды цæугæдоны комы. Советон периоды хъæуы 70-йы онг хæдзары бинонтæ цардис. Уыдис дзы скъолæ дæр. Советон периодæй райдыдта хъæу афтид кæнын. Ам цардысты: Квирикашвилитæ, Цицагатæ æмæ Гинтуратæ. Хъæумæ ввахс ис Хевиджуары (архъиани) ком», - зæгъы Елиаури Гиорги.

Фототæ, кæцытыл æвдыст ис Цицаги Хъазбег æмæ Гинтури Вера, 2019 азы бæлццæттæ систой. Бинаг фотойыл раст ацы бæлццæттæ уазæгуаты сты Цицаги Хъазбегмæ.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.