Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Фæстаг дзæнгæрæг 2020 азы æмæ æртæ фаззон Гурæй
Фæстаг дзæнгæрæг æртæ фаззонæн афтæ æнахуыр уыд, цахæмдæриддæр уыди фыццаг дзæнгæрæг. Фыццаг къласмæ бацыдысты 2008 азы. Августы хæст ног фæуд уыдис æмæ сентябрь сæ мады цæгаты, Душеты муниципалитеты арвыстой. Гурæй Уæрæсейы æфсæдтæ сентябры кæроны ацыдысты. Уымæ гæсгæйæ, фыццаг дзæнгæрæг æрæгмæ ныццагъта.

12 азы фæстæ, ахуыры фæуд дæр Душеты фембæлдысты. Хæдзары торт сфыхтой æмæ кæрæдзийæн ахуыры фæуды тыххæй раарфæ кодтой.

Коронавирусы пандемийы тыххæй, ахуыры процесс мартъийæ урæд æрцыд æмæ абон дæр афтæ дарддæр кæны.



Мариам, Нинико æмæ Гиорги Майсурадзетæ Гуры фыццаг æхсæнадон скъолæйы иттæг хорз ахуырдзаутæ сты. Уыдон скъолæ каст фесты сыгъзæрин майданыл. Гиоргийы фæнды архитектурæйы хаххыл адарддæр кæна йæ ахуыр, Мариамы дæр архитектурæйыл фæнды йæ ахуыр адарддæр кæнын, æрмæст дизайны æрдæмадæй.

Ниникомæ цы хауы, уымæй, уый юриспруденцийы дæсныйад цымыдис кæны æмæ йæ фæнды йæ ахуыр адарддæр кæна æхсæнадæмон æмахастыты æрдæмадæй.

Мах уын æртæ фаззоны кой кæнæм. Бибилашвили Лиа æмæ Майсурадзе Нугзарæн чындзæхсæвæй аст азы рацыды фæстæ райгуырд æртæ фаззоны.

«Уый уыдис Хуыцауы лæвар махæн», - зæгъы нын Бибилашвили Лиа. Уый Гуры паддзахадон университеты профессор у. Каст фæцис Гуры университет æмæ Гуры смой кодта.

«8 азы нын сывæллон нæ гуырдис, фæлæ ай уыйас стыр æхсызгондзинад уыд, æмæ нæдæр хатыдтæн уыцы зындзинады, кæцы гæнæн уыдис æмæ æртæ сывæллоны хъомыл кæнын расайдтаид. Уыцы периоды тынг тыхстыстæм. Нæдæр мæ мойæн уыдис стабилон куыст. Ме мкусджытæ афтæ адих кодтой сахаттæ, æмæ дыууæ лекцийы фæстæ хæдзармæ цыдтæн, сывæллæттæн иу бахæрын кодтон æмæ та-иу фæстæмæ университетмæ æрбаздæхтæн. Сыхæгтæ дæр мын æххуыс кодтой», - зæгъы Бибилашвили Лиа.

Æртæ хъæбулы фæстæ уыдонæн ноджы иу лæппу райгуырдис. Ныртæккæ, Давит 15-азыккон у.



«Фаззæтты æппæты фыццаг динон гимназимæ бакодтам. 9 азы уым арвыстой. Иуылдæр иумæ цыдысты скъолæмæ, партæйыл дæр иумæ бадтысты. Гиоргийы фарсмæ куы Мариам бадти, куы та Нинико. Нæ сæ фæндыди се ‘фсымæры фарсмæ æндæр исчи чызг сбадтаид», - зæгъы сæ мад.

Бибилашвили Лиа скъолæйы дуарæй алыхатт дæр сæрыстырæй здæхтис. Педагогтæ уымæн йæ хъæбулты тыххæй, ахæмæй никуы ницы загътой, цæмæй йæ зæрдæ фæрыстаид.

9 азы фæстæ сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ Гуры фыццаг æхсæнадон скъолæмæ бацыдысты. Уыдон бирæ проектты истой хайад. Сигелтæ дæр райстой.

«Райсомæй скъолæмæ цæуыны рæстæджы уыдон уыдысты алыхатт дæр цæттæ. Иумæ-иу рацыдысты хæдзарæй. Скъолæйы дæр кæрæдзимæ сæ хъус дардтой, зæгъæм, Нинико иу скъолæйæ куы ‘рбацыд, уæд-иу мын загъта, абон, дам, Мариам кæнæ-та Гиорги активон хайад нæ иста уроктыл, зæгъгæ. Аналогион, уыдысты иннæтæ дæр. Кæрæдзийыл абоны онг дæр афтæ аудынц», - зæгъы сабиты мад, Бибилашвили Лиа.

Скъолæйы ацы хатт йæ ахуыр адарддæр кæндзæн сæ кæстæр æфсымæр, Давит.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.