Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Къошкъатæ (Мæсгуытæ) – этникон ирæттæй цæрæгджын хъæу Гуры муниципалитеты
Этникон ирæттæй цæрæгджын бæрзонд хæххон Къошкъаты хъæу, Гуры муниципалитеты Скърайы хъæуы территорион теммæ хауы. Ам: Чочишвилитæ, Газашвилитæ, Гобозашвилитæ, Къабулашвилитæ æмæ Харебатæ цæрынц.

Ацы хъæумæ бацæугæйæ нæ фыццаг тæлмæндзинад уыд, уый æмæ хъæуæн йæ алыварс ис тынг рæсугъд хæхтæ, рагон мæсгуытæ æмæ гæнæхтæ, кæцытæм гæсгæ, æвæццæгæн хъæуы ном дæр афтæ уымæн хуыйны. Къошкъаты хъæуы фæрсты чысыл цæугæдон – Галихеви цæуы, кæцы Скърайы хъæуы цур Къуармæ иу кæны.

Къошкъаты хъæуы сæйрагæйдæр дарынц фос æмæ дыргъы куыст кæнынц. Фадатмæ гæсгæйæ цæхæрæдæтты дæр бакусынц. Хъæуы-ма ис доны куырой дæр, кæцы хъыгагæн нал функционир кæны (нал кусы).

Хъæуы бирæ æдзæрæг хæдзæрттæ ис. Уыдонæн сæ хицæуттæ ныртæккæ Владикавказы цæрынц, кæцытæ 90-æм азты конфликты рæстæджы фæлыгъдысты æмæ балæууæндон райгуырæн бæстæйæ дард – Цæгат Иры ссардтой. "Мæ хъæбул æмæ мæ мады зæнæгтæ дæр иуылдæр уым цæрынц. Ардæм-ма зианмæ кæнæ дзурыбонтæм кæд æрцæуынц, æмæ уый дæр вæййы стæм хатт", - зæгъы нын Харебаты Вахтанг.



Харебаты Вахтанг нæ фыццаг респондент у Къошкъаты хъæуы. Уый ныхасмæ гæсгæ, йæ фыдæлтæ сæ рæстæгыл - Дзауы районæй рацыдысты æмæ Хашуры æрцардысты, Хашурæй та Къошкъаты сарæзтой хæдзар.

"Æз ам райгуырдтæн, никæдæм ацыдтæн, фæлæ мын Гуырдзыстоны æмбæстонад нæй, цæмæй, кæнæ æвзæрстыты райсон хайад, кæнæ пенси райсон. Юстицийы министрадмæ дæр цалдæр хатт балæвæрдтон курдиат, фæлæ дзæгъæлы".
Хъæуы онг æрбацæуæн фæндаг тынг æвзæр уавæры ис, асфальтгонд фæндаг Риеты фæстæ фæуд кæны.

"Ныфс нын бавæрдтой фæндаг дæр, дам, сараздзыстæм æмæ йæ æвæццæгæн тагъд рæстæджы сараздзысты. Ацы аз æрдзон газ æрбауагътой æмæ алцыдæр æмрæстæджы мыййаг куынæ сараздзысты?" - зæгъы Харебаты Вахтанг.

Ацы алцыппæтимæ-ма иумæ, Къошкъаты хъæуы сæйраг проблемæ уæддæр нуазыны дон у. Бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, уыцы дон, кæцыйы рауагътой хъæумæ – нуазынæн нæ бæззы.

Къошкъаты хъæуы 2014 азы сфыстмæ гæсгæ, 176 адæймаг цæры.

Йæ цардыуаджы тыххæй нын радзырдта Мцъариашвили Къатъо дæр, кæцы Къошкъаты хъæуы йæ иунæг хъæбулимæ иумæ цæры, æмæ кæцы уæззау низимæ тох кæны: - "Карк дæр мын нæй, æрмæст мын мæнæ ацы чысыл цæхæрадон ис. Пенси исын, фæлæ уый дæр мæ чызджы хостыл бахардз вæййы иуылдæр, æндæр æххуыс мæнæн никуыцæй ис".



90-æм азты тыххæй зæгъы, зæгъгæ, дам, "æндæр хъæутæй махмæ дæр цыдысты, фæлæ Риеты адæм "Пикет" сарæзтой æмæ никæй уагътой ардæм, цæмæй нæ ма бахъыгдардтаиккой".

Ацы рæстæгмæ къæвда дæр банцад æмæ махæн дæр нæ балц ууыл фæци Къошкъаты хъæуы.

Гобозашвили Тамар: - "Хъæбул, æз ногчындз куы уыдтæн, уæд ныгæдтой афтæ. Хъæбул, ам уыйас бæрцæй уыдыстæм, æмæ нæ зонын. Иу хатт, кæд ма йæ хъуыды кæныс, ацыдысты Орджоникидземæ (Владикавказмæ). Бирæ ничиуал ис ам. Мæнæ, иуылдæр афтид хæдзæрттæ сты. Зæгъæм, æз дæр ацыдтæн. Фæлæ стæй, мæ мой не "рлæууыд уым æмæ фæстæмæ æрыздæхтыстæм".

"Хъæуы сæрмæ суадон ис. Фылдæр уырдыгæй хæссынц адæм дон. Ныртæккæ ауылты цы лæппу ахызти уæрдонимæ, уый мын иу бидоныдзаг дон мæнæн дæр-иу æрбахæссы. Чызг дæр мын ис æмæ мын уый дæр æрбахæссы дон. Мæ хъæбулы хъæбул нырма чысыл у, æхсæзæм къласы ахуыр кæны, уый дæр-иу æрбахæссы дон. Иннæ чызг мын Гуры цæры, уый дæр куы æрбацæуы, уæд Реитæй фæхæссы дон. Ацы дон, куы цæуы, куы нæ. Стæй йæ куы зоныс? Трубæ ныр цал азы æппæрст у æмæ нал цæуы. Ничи дзы нуазы".

"Ныр нæ зонын хъæбул, цал хæдзары ма цæры ам. Ничиуал ис хъæуы. Райсомæй изæрмæ ам бадын æмæ никæй уынын. Гæнæн ис æмæ-ма иу-дыууадæс хæдзары баззад. Сæ фылдæр афтид хæдзæрттæ сты. Ацыдысты".
Автор: Элиаури Гиорги.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.