Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Битеты Жаннæ æмæ Каркусты Нинæ Цъерованæй
Цъерованы цæрæнуатмæ бацæугæйæ амбæлдзыстут сыхты номхуындты фыстимæ: "Чъех", "Курта", "Ачабет", "Еред", "Ахалгор" æмæ а.д. Ай уый нысан кæны, цæмæй уыцы сыхы кæй цæрынц чъехæгтæ, ачабеттæгтæ, куртайæгтæ, ередæгтæ æмæ а.д..
Цæрджытæ, кæцытæн сæ хъæутæ августы хæсты фæстæ нал сты, æмхуызон идентонад хъахъхъæнынц... ома уыдон фæстæмæ иумæ сты æмæ сæ нымæг цæрæнуæттæ дарддæр кæнынц сæ "уæвынады".

Ацы сыхты "хсæн хицæндзинад уæддæр фæхатдзыстут. Иуæй-иу сыхы фæндаг хуыздæр асфальтгонд у, иннæ сыхы асфальт та, къуыппытæ-дзыхъхъытæ æмæ хæлд у. Ахалгоры, Ереды æмæ Куртайы уагдæтты хистæртæ ардыгон цæрджыты инфрастрктурæйыл аудынц.

"Æппæтæй хуыздæр фæндаг æмæ хæдзæрттæ уæддæр ахалгойрæгты сыхы ис", - загътой нын цæрæнуаты. Æмбарын нын кæнынц, зæгъгæ, ахалгойрæгты сыхмæ йæ хъус дары Ахалгорæй лигъдон бизнесмен.

Битеты Жаннæ:

Æнæкусгæ бон уыдис. Гом кулдуарæй фæфиппайдтам, æмæ кæрты бирæ куыстытæ кодта сылгоймаг. Кæрты – хæрзног æвзæрст хъæдур, алтъамийæ едзаг асыччытæ, компотæн æрцæттæгонд авгæй банкæтæ.

Развæлгъау зыдтам, цæмæй фæллойгæнæг адæймагмæ кæй цыдыстæм, не "мбæлццон, Къахниашвили Нана нын æй бацамыдта. Нанайы алчидæр зоны, журнал "Леуахигомы" кусы. Зæгъæн ис æмæ алы бинонты рыст дæр хорз зоны. Раст уый бафарстам мах дæр, æмхæццæ бинонты кæй агурырдам, уымæй.

"Абон нæ кусын, куысты нæ дæн æмæ мæ фæндыди, цæмæй хæдзары куыстытæ бакодтаин", - загъта нын Жаннæ. Уый заводы кусы.

Нæ фысым Битеты Жаннæ Панкисы комы райгуырдис æмæ схъомылис. Скъолæйы каст фæуыны фæстæ, Цхинвалы техникон ахуырдоны адарддæр кодта йæ ахуыр. Уый фæстæ Тамарашены байдыдта кусын, цыран йæ фидæны моимæ базонгæ ис. Смой кодта æмæ уым адарддæр кодта йæ цард.

Куыд иннæтæ, афтæ уый дæр хъуыды кодта, цæмæй Тамарашены рæстæгмæ кæй ныууагъта. Августы хæсты рæстæджы хъæуы æрлæууын гæнæн нал уыди. Уым сын чысыл хæдзарад уыдис. Фæлæ хæст алыдæр фæивта. Куыд нын радзырдта, уымæ гæсгæ, 7-æм августы уый æппындæр нæ бафынæй кодта, фæйнæрдæм ныппырх бинонты уæнгты агуырдта фæндаг-фæндаг. Дыууæ хæдзары, стыр фыдæбонимæ арæзт артдзæст – танкытæн ныууагъта æмæ рацыдис.

"Сыхаг мæм æрбахъæр кодта: "Адæм, дам, лидзынц æмæ дам, ды цы ми кæныс? – зæгъын, хæдзары ничи ис æмæ мæ хæдзары æнæхицауæй куыд ныууадзон, зæгъын?! Стæй райдыдтон фæндагыл дыууæрдæм кæнын, æмæ афтæ фæндæгтыл агуырдтон мæ бинонты уæнгты. Куы сæ ссардтон иуылдæр, уæд сбадтыстæм нæхи машинæйы æмæ рацыдыстæм Ередмæ, Ередæй та – Гурмæ, афтæ рацыдыстæм æмæ немæ æппындæр ницы рахастам. Æз кошиты æмæ хæдзарон дарæсы мидæг уыдтæн...", - дзуры нын Битеты Жаннæ.

Цалынмæ сын Цъерованы арæзтой хæдзæрттæ, уæдмæ Тбилисы цардысты. Ног цард райдайын сæ бахъуыдис фыдыбæстæйæ дард. Махимæ ныхасгæнгæйæ куыд загъта, уымæ гæсгæ – уый æнхъæл нæ уыди æмæ фæстæмæ мауал аздæхтаиккой: "Афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ иу-дыууæ боны аззайдзыстæм æмæ стæй фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм, зæгъгæ, уый размæ дæр-ма рацыдыстæм, сывæллæты ракодтон, чысылтæ куы уыдысты уæд, иу-дыууæ къуырийы фестæм æмæ стæй фæстæмæ æрбацыдыстæм æмæ ныр дæр афтæ æнхъæл уыдтæн, зæгъын, æрсабыр уыдзæни ситуаци æмæ фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм, фæлæ афтæ нал рауадис ...".

Каркусты Нинæ

Нинæ скъолæ Ахалгоры районы каст фæцис. Райгуырдис Морбеданы хъæуы. Йæ мад ныртæккæ дæр цæры Морбеданы хъæуы, йæ фыд та – Цæгат Иры сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы. Скъолæ каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ ацыдис Дзæуджыхъæумæ. Уым базонгæ йæ фидæны мой – Рачъуелишвили Леуанимæ.

Хæсты фæстæ хъæумæ æрыздæхын йæ бон нал баци. Æмæ уый тыххæй, бинонтæ Цъерованы, ахалгойрæгты сыхы райдыдтой цæрын. Уæдæй фæстæмæ, Ахалгоры пост бынтондæр æхгæд куы рцыд (2019 азы фæззæгæй), налдæр йæ мадмæ цæуын у йæ бон.

"Йæ мад хæринаггæнæгæй кусы Ахалгоры, тынг хорз хæринæгтæ аразы. Кæд ын бантыса ацырдæм рацæуын искуы, уæд уæ фæхондзынæн", - ныфс нын бавæрдта Нинæ.

Нинæйы æмбæлттæ, сыхæгтæ, æввахс хиуæттæ – сеппæт дæр цæрынц Ахалгоры районы. Цалынмæ фæндаг гом уыдис æмæ Ахалгормæ цæуын уыд йæ бон, йæхи нымадта стыр амондджыныл:

"Мæ хъæуæй ам дæр цæрынц, Цъерованы, фæлæ дзы уым бирæ баззад; ам иумæ хорз цæрынц. Ирон дæр æмæ гуырдзиаг дæр – кæрæдзийы фарсмæ лæууынц, кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ. Мæ мад мын ахæм цыдæртæ радзуры æмæ мын тынг æхсызгон вæййы. Мæнæн дæр, цалдæр хатты бантыст ныццæуын æмæ мыл ме "мбæлттæ, ме "мкласонтæ тынг хъармæй фембæлдысты. Ардыгæй сын салæмтæ æрвитын мæ ахуыргæнджытæн, ме "мбæлттæн иууылдæр. Тынг хорз рæстæг мын ис æрвыст Морбеданы хъæуы. Фæнды мæ æрыздæхон мæ хъæумæ æмæ мæ хъæбулты дæр уырдæм акæнон. Тынг мæ фæнды фæстæмæ иумæ уæм не "ппæт дæр", - зæгъы Каркусты Нинæ.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.