Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Самгоры районы иуæй-иу уынгæн Бестауты Геуаргий ном сæвæрдтой.
Ай тыххæй хъуыддаг Тбилисы административон уагдон аскъуыдздзаг кодта. Идейы инициятор у адвокат Бадри Манджавидзе. Уый 2019 азы декабры Цхинвалы уыдис æмæ федта Бестауты Геуаргий ингæн.

Цхинвалæй æраздахæны фæстæ Тбилисы административон уагдонмæ ‘рбакурын кодта, цæмæй иу уынгæн уыцы адæймаджы ном сæвæрдтайккой, чи дзы ,,стайыцармдарæг” иронау ратæлмац кодта.

,,Бузныг алы гуырдзиагæн, алы æмбалæн, чи дзы хæрз ныхас нæ февгъау кодтат æмæ ацы раст æмбæстагон инициятивæйæн йæ фарсмæ ллæуыдыстут. Æнæуый, иронау æмæ гуырдзиагау куы фыста æмдзавгæтæ, уый ирон æвзагыл ратæлмац кодта ,,стайыцармдарæг”, Илья Чъавчъавадзе, Никъолоз Бараташвили, Акъакъи Цъеретели, Важа-Пшавела æмæ а.д.” – загъта Бадри Манджавидзе.



Куыд уын æй загътæм – Цхинвалы Бадри Манджавидзе раззаг азы ныццыдис. Уый де-факто Хуссар Ирыстоны Республикæйы Уæрæсейы территорийæ бахызтис, кæм цалдæр сахатон æрфарстытæ йын сарæзтой. Бадри Манджавидзе зæгъы, цыма арæнхъахъхъæнджытæ уыцы адæймаджы номы зæгъын куырдтой, кæмæдæр цыдис:

,, æз цын загътон, куы цыдтæн, уæздæн Геуаргмæ, чи уыдис ацы Геуарги мын æрбакуырдтой сбæлвырд кæнын. Сбæлвырд кодтон, куы уый уыдис Бестауты Геуарги. Æз æцæгæй дæр æрцыдтæн Бестауты Геуаргмæ, фæлæ йæ ингæнмæ. Уый уыдис адæймаг, чи дзы ,,стайыцармдарæг’’ ратæлмац кодта царды фæстæг азты онг, раст ай арæзта.” – зæгъы Бадри Манджавидзе.

Адвокат уæд Цхинвалæй бадзырдта Тбилисы мэр, Къахи Къаладзейæн, цæмæй Тбилисы иу уынгæн, растдæр ацы адæймаджы ном æмæ мыггаг сæвæрдтайккой.

Бадри Манджавидзе Цхинвалы архæйдта дохтыр Важа Гаприндашвилийы а.х. тæрхондоны процессыл куы бауагъдтайккой, фæлæ тæрхондоны залы нал бауагъдтой. А.х. арæны æнæзакъонæй бахизæны аххос кæныны тыххæй æрцахст гуырдзиаг дохтыры процесс æхгад режимы цыдис.

Ергнеты хъæуы абон Бестауты Геуаргийы æфсымæры чызг, Бестауты Лили цæры. Уый фыдыфсымæры литературон архæйадты бирæ азты хъахъæны. Ергнеты ныццæугæ фысджытæн, Лаша Бугъадзейæн æмæ Ратъи Амагълобелæн – йæ фыдыфсымæры къухæй тæлмацгонд литературæ дæр дзы балæвар кодта.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.