Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Задианткъари – дихгæнæг хаххы цур


Задианткъари у уыцы хъæутæй сæ иу, кæцы Орчъосаны уырыссаг æфсæддон базæйы цурмæ алкæмæй æввахсдæр у.

Егъау сырхмæсыгджын æфсæддон бæстыхай нысан кæны, æмæ цас æввахсдæр бацæуай, уыйас фылдæр тæссаг у дæ цыд уырдæм.

Орчъосан хъæуы уæлмæрды къуылдымæй къухы тъæпæнау зыны. Уæлмæрды территори æппæты хуыздæр бынат у фæйнæрдæм акæсынæн. Фæлæ, тынг æввахс у æфсæддон базæмæ. Ацы рæстæджы, дæ зæрдыл æрбалæудзысты уыцы историты радзырд, кæцытæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны а.х. арæныл æнæзакъонон ахызты аххосагæй ахæстытæ фæдзурынц: – æфсæддонтæ «авчаркæ-куыдзимæ» кæцæйдæр рагæппытæ кодтой æмæ, дам, нæ акодтой.

Орчъосаны хъæуы ныртæккæ уырыссаг æфсæддонтæ контроль кæнынц. Ацы хъæуы нырма ноджы 2004 азы уыдыстæм, уалдзæджы. Уæдыккон хъæууон хæдзарады министр, Къирвалидзе Давит хъацæн (сасуки) сласта хъæумæ æмæ йæ, раздæры фермæйы бæстыхайы раз, хъæуы цæрджытæн байуæрста. Орчъосайнæгтæ нæ уæд тæвд хæбизджынтæй хорз федтой. Ирон хæбизджыны æцæг ад уæд базыдтам.

Абон та, æфсæддон базæ Задианткъарийæ æдæппæт иу км-йы дæрддзæфмæ у. Ай уыцы фæндаг у, кæцы автобанæй æхсæвы тæмæнтæ калæг рухсмæ хорз зыны. Уымæй дæлдæр, хуссарырдыгæй Картлийы быдырты цы цæуы, уый æппæтдæр хорз хатыс.
Задианткъарийы æмæ Орчъосаны ‘хсæн цъæх банер ссæст уыгæрдæны хуызты ныгъуылд у. Дихгæнæг сау къахт-ауæдздæр хаххæй зыны быдыры. Нæдæр æй рахатдзыстут, цæмæй ам кæмдæр «арæн» ис, зæгъгæ.

Уый тыххæй уыд, æмæ гуырдзиаг полицæ Хъарапилайы полицæйон постæй нæ фæстæ рацыдис.15-20 хæдзарон хъæуы кæроны æрлæууыд æмæ нæм æнхъæлмæ кастис, кæд фæуыдзыстæм нæ куысты. Стæй нæ ацы æнхъæлмæгаст, ноджы цырддæр кодта, цæмæй цас гæнæн уыд, уымæй тагъддæр фæуыдаиккам нæ куыст.

Уæлмæрды фарсмæ нуазыны доны стыр цад аразынц. Фæл дзы кусджытæ никуыцæй зындысты. Уый фæстæ хъæумæ бацыдыстæм. Уынын, дыргъдæтты хус бæлæстæй у йедзаг, хæдзары размæ цæхæрæдæттæ сты æнæкуыстæй. 4 æви 5 хæдзарæй куы ахызтыстæм, уæд кæрты æдде бадæг нæлгоймæгты федтам. Ам ныр ницыуал тæссаг уыд.



Фотойыл: Уынд Задианткъарийæ

Фыццаг, уый уыд махæн, цымыдисон, æмæ ахæм уавæрты куыд цæрынц хъæуы бынæттон цæрджытæ, зæгъгæ. Фæндаг, куыд федтам, аразынц æй, асфальт арæзт цæуы донуаты онг; æрдзон газы хынцæгтæ монтажгонд ис; сыхы доны кран дæр ис, фæлæ дзы дон нæ цæуы:

«Æнхъæлдæн дон æй хъæуы, ацу-ма рахæсс ын», – ирон æвзагыл кæрæдзиимæ сдзырдтой нæлгоймæгтæ. Нæлгоймæгтæй сæ иу 81-аздзыд разынд, иннæ – уымæй кæстæрдæр.

– Дон нæ цæуы? – бафарстам сæ мах.

– Дон дæ хъæуы? – «Цу, рахæсс ын дон худинаг у, уазæг у», – загътой та кæрæдзийæн. Уæд сæ иу базмæлыд йæ бынатæй, фæлæ йын растын фæзын, тыххæйты растад. Къæхтæ мæ коммæ нал кæсынц, зæгъгæ, рахъаст кодта. Мах сын загътам, дон нæ, зæгъын, нæ хъæуы, æнæуи нæ бацымыдис кодта, хъæуы, дон цæуы æви нæ, уый. Куыд нын загътой, афтæмæй, дон сыхаг хъæуæй, Къодицъхъаройæ ласынц.

«Ех, цы рæстæг уыдис, æфсады куы уыдтæн уæд? Белорусы службæ кодтон. Иууыл нын уый дзырдтой, 25 милуан адæймаг, дам, фæмард фыдыбæстæйон хæсты», – йæ зæрдыл æрлæууыд йе ‘взонгдзинад нæ фысымæн.

80-аздзыд кары нæлгоймæгтимæ нын диалог бацайдагъ, фæлæ уыдон æрмæст дыккаг дунеон хæсты кой кодтой, сидзæртæй куыд баззадысты чысылтæй. Ацы чысыл хъæуæй, цыран 20-ы онг хæдзар цæры, хæстмæ 19 лæг ацыдис.

«Ацы хъæуæй 19 лæппуйы ацыдис хæстмæ, уыдонæй æрмæст, дыууæ æрыздæхтис фæстæмæ. Ахæм зын уавæрты схъомыл стæм, æмæ йын зæгъæн дæр нæй», – загъта нын сæ иу.

– Ныр та, куыд цæрут?

– Ех, социалон æххуыс истон æмæ мын æй сæхгæдтой, 3 азы размæ, – дзуапп нын ратта сæ иу.

Ацы ныхасы рæстæджы исæн камерæ æрцæттæ кодтон, фæлæ уый не сразы, камерæйы раз ныхас кæнын.

Сбæрæг кодтам, уый дæр, æмæ цы хæдзары цур бадтыстæм, уый хицау Гуырдзыстоны кæй нæй.

«Ацы хæдзары хицау Дзæуджыхъæумæ ацыдис æмæ уым цæры. Хæдзармæ сыхаг йæ хъус дары», – загъта нын фысым. – «Саакъашвили æмæ йæ Гамсахурдиа балцы арвыстой », – бафтыдта ныхасмæ, юморимæ иннæ, фæлæ йæ мах бамбæрстам, 1990-æм азты конфликты æмæ 2008 азы августы хæсты кой кæй кодта.



Нæ ныхасы рæстæджы-ма, ноджы цалдæр сыхаджы рахызт хæдзарæй. Уыдонæй сæ иу уыди Заира. Мах ын загътам, хъæуы уавæримæ базонгæйы фæдыл кæй уыдыстæм уым уазæгуаты.

«Хъæуæн уыцы проблемæ ис, æмæ никуыдæм ацæудзынæ, кæд дын нæй дæхи транспорт. Маршутка нæ сабат боны æрмæст базармæ акæны. Хуыцаубоны та – Гурмæ, истытæ æлхæнынмæ... æндæр нæй транспорт. Еныр æз дохтырмæ арæх фæцæуын – онкологион проблемæтæ мын ис æмæ знон дæр фистæгæй ныццыдтæн тарссæйы онг, æртæ километры у трассæмæ, стæй уырдыгæй Тбилисырдæм æмæ Гурырдæм цæуы транспорт. Æндæр, махæн транспорт нæй æмæ нын уый тыххæй уый стыр проблемæ у», - загъта нын Задишвили Заира.

Уый хъæуы йе ‘мкъаимæ иумæ цæры. Сæ хъæбултæ фæцыдысты, чи дзы Дзæуджыхъæуы цæры, чи кæм:

«Нал ис ам æрыгон фæсивæд, фæцыдысты. Мæна ацы хæдзары æмæ ма цалдæр хæдзары ис æрыгæттæ. Иннæтæ ацæргæтæ стæм æмæ ма кæдмæ уыдзыстæм мах дæр!? Бирæтæ ацыд. Афтид хæдзæрттæ дæр бирæ ис. Иутæ Тбилисмæ ацыдысты цæрынмæ, иннæтæ ...», – зæгъы нын Задишвили Заира.

- Кæм уыдзæн гæнæн уæ репортажы фенын? – бафарста нæ уый. Мах ын загътам, цæмæй веб-фарсыл кæй уыдзæн рапарахатгонд, дæнцæгæн ын Хъарапилайы ист видеойы равдыстам, цыран Тъехашвили Гиорги ныхас кæны.
«Уый, Гогиа ныхас кæны? Куыд зæрдæсаст у», – дзуры нын Заира æмæ нын интервьюйы дæр тæлмац кæны гуырдзиагау.

Заира ныфсджын у. Хъæуы асфальт кæнынц фæндаг, æрдзон газ рауагътой, доны крантæ дæр монтаж кæнынц. Хъуыды кæны, чизоны, дам, æрыздæхой фæстæмæ, хъæумæ. Фæлæ сын куыст ссарын фæзын уыдзæн.

Ноджы-ма иу темæ, кæцы Задианкъарийы тыхсын кæны, донхорыггæнæн доны проблемæ у. Раст, ацы æнæдонмæ гæсгæ, фылдæр хор æмæ мæнæу тауынц:

«Дон раздæр Цхинвалæй цыдис. Цхинвалимæ ацы змæстытæ куы рцыдис, уæд æй нал рауагътой доны æви куыд у нæ йæ зонын – нал цæуы. Уæдæй фæстæмæ нын ныфс æвæрынц, рауадздзыстæм, дам æй, фæлæ нæ зонын, куыд уыдзæнис хъуыддаг», - зæгъы Задишвили Заира.

 


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.