Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Шида Картлийы инфициргондты нымæц 2100-мæ схæццæ
Шида Картлийы коронавирусæй 54 адæймаг сынæниз, фæлæ ног цау та, рабæрæг 153. 24 сахаты дæргъы æдыппæтæй æрвыст æрцыд 172 анализы.

Ай фæдыл нын информаци Шида Картлийы координацион штабæй хъусын кæнынц. Æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты минæвары бæрæггæнæнæй, хæдизоляцийæ ссæрибар 171 гоймаг.

Уый информацимæ гæсгæ, регионы инфициргондты нымæц у – 2100, уыдонæй – 986 пациенты хос кæны хæдзары.

24 сахаты дæргъы Шида Картлийы регионы цæрæг гоймаджы мæлæтдзинад – 0 адæймаг. Хæдизоляцийы ис 1796 гоймаг.

Зæгъдзыстæм уын, æмæ, абоны уавæрмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны рабæрæг ис инфицирады 3 020 ног сбæлвырдгонд цау. Сынæниз 3 387 гоймаг.

Фæзиан 34 адæймаг, уыдонæй Тбилисы – 18, Ачъарайы – аст, Имереты – æхсæз, Квемо Картлийы – иу, æмæ Къахеты дæр – иу адæймаг. 2020 азы 26-æм февралæй абоны онг мæлæты 703 цауы ис фиксиргонд.

Аимæ, абоны рабæрæг 3 020 цауæй, сæйраг горæты æмæ регионты бæрæггæнæнтæм гæсгæ ахæм у – Тбилисы рабæрæг 1 354 цау, Ачъарайы – 410, Имереты – 398, Квемо Картлийы – 198, Шида Картлийы – 153, Гуриайы – 60, Самегрело æмæ Земо Сванеты – 248, Къахеты – 126, Мцхета-Мтианеты – 41, Самцхе-Джауахеты – 26, Рачъа-Лечхумы æмæ Квемо Сванеты – æхсæз.

Бæстæйы ацы этапыл активон инфициргонд цау ис 16 888. 5 592 адæймаг хос кæны рынчындоны, уæззау пациент ис 735, аразгæ улæфæн аппаратыл ис 334 гоймаг.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.