Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цыппурс Гуры Евангелион-протестантон аргъуаны-фотохабар
Арæнæвæрдтæм гæсгæ æхсæв сбон кæнын сæ бон не "сси. Аскъуыддзаг кодтой, Цыппурсон аргъуыд боны сахатты ауагътаиккой. Евангелион-протестантон аргъуан Гуры Цыппурсы бæрæгбоны ритуал ацы аз хицæнгондæй ауагъта.

Гуры Евангелион-протестантон аргъуан Цъминдацъхъалийы (сыгъдæгдон) цæрæнуаты ис. Йæ алыварс цалдæр цæрæн бæстыхайы (корпус) лæууы. Аргъуаны раздзог, Чъанкъветадзе Шмаги нын дзуры, цæмæй сын цæрджытимæ ис тынг хорз æмахастытæ. Раст, ай сси иуæй-иу фактор уый тыххæй, цæмæй аргъуан ацы цæрæнуаты баззадаит.

Бæстыхаймæ бахизгæйæ алчидæр кæрæдзимæ мидбылты худы. Лæвæрттæ кæны. Нæ рахицæн кæндзыстут, уазæг чи у æмæ фысым. Ам алы кары адæймаджы фендзыстут, сабийы, æнахъомы, æрыгоны, астæуккаг кары, ацæргæйы.



Бирæ азон тохы фæстæ, мревли (сауджын) раздæрмæ абаргæйæ йæхи ныр бирæ сабырдæр хаты. Бæстыхай, кæцыйыл бирæ азты дæргъы цыд хъаст, уый абон уыдонæн æнæ дæуццаг у, фæлæ, æнæ хисæмагонддзинады.

Аргъуаны раздзог нын дзуры уыцы историйы тыххæй, кæцы аргъуаны бындур арæзты бонæй бавзæрстой. Æппæты фыццаг, 90-æм азты, хисæрмагонд хæдзæрты уагътой литурги, уый фæстæ, 2000 азы, бæстыхай арендæйы райстой.

2003 азы уардиты революцийы фæстæ, бæстыхайы балхæнын аскъуыддзаг кодтой, фæлæ разынд афтæ, æмæ бæстыхайы документтæ уыдысты сæфт, сæрмагондæй, фесæфт уыцы бæлвырдгæнæн гæххæтт, кæцыйæ бæлвыргонд цыд æмæ бæстыхай арендæйы ист кæй уыди.

Чъанкъветадзе Шмаги кой кæны, цæмæй хисæрмагонддзинады барты хъахъхъæныны нысанæй, тæрхондоны рабадтытæ дæр уагъд æрцыди, фæлæ æнæхъуаджы.

Ситуаци уыдон пайдайæн æрмæстдæр уæд фæивта, куыддæр 2007 азы фæстæ, уыдонæн сæ уавæр адæмон хъахъхъæнæджы аппарат куы сахуыр кодта. Адæмон хъахъхъæнæг домдта, цæмæй паддзахады фарст религион конфессийы минæвæртты пайдайæн скъуыддзаггонд æрцыдаид.



Разынд афтæ, æмæ 2009-2010 азты, исбон иу хисæрмагонд компанийæн лæвæрд æрцыд, кæцы ацы территорийыл тракторты механизацийы центр хъуамæ байгом кодтаид.

2011 азы Америкæйы Иугонд Штатты (АИШ) паддзахадон департаменты "рдыгæй лæвæрдгонд хыгъдлæвæрдмæ Гуры Евангелион-протестантон аргъуаны фарст дæр хаст æрцыд. Чъанкъветадзе Шмаги нын загъта, цæмæй ацы факт кæй фæтагъддæр кодта проблемæйы æрбæстон кæнынæн, æниу бæстонгонд æрцыд æрмæст 2012 азы фæстæ, сæрмагондæй, паддзахадон министры, Закареишвилийы министрады периоды.

Закареишвили Пъаатъайы инициативæй, религион конфесситæн лæвæрд æрцыд уыцы исбонтæ, кæцытæ æндæр конфесситимæ нæ уыдысты дæуццаг.

"Раст у, бæстыхай нын æнæ дæуццагæй пайда кæнынмæ радтой, кæцы дзæвгар ахсджиаг факт уыдис, фæлæ исбонады барадæй нын æй уæддæр нæ радтой", - зæгъы Чъанкъветадзе Шмаги.

Уый информацимæ гæсгæ, уыдонæн бæстыхай 2015 азы лæвæрд æрцыд.



Абон, 2020 азы 25-æм декабры Цыппурсон литурги Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады "рдыгæй лæвæрдгонд рекомендацийы бындурыл уагъд æрцыд. Уырнонтæ медицинон маскæты уыдысты, бандæттыл та дистанци хъахъхъæнгæйæ бадтысты.

Аргъуаны раздзог аргъауын райдыдта чысыл хъусинагæй, кæцы раст уыцы арæнæвæрдтæм хаудта, цæмæй уыдон коронавирусы тыххæй, кæй сты дискриминацион уавæры:

"Фæстаг боны онг нæ зыдтон, цы хъуамæ сарæзтаин. Куыд хъуамæ сбæрæг кодтаиккам Цыппурсы бæрæгбон", - загъта нын Чъанкъветадзе Шмаги. Уый нын лыстæггай радзырдта уыцы уавæры тыххæй, цы уавæры дæр бæстæйы хицауад уынаффæ райста.

"Æнхъæлмæ кастыстæм, цæмæй 24-æм декабры æхсæвбадæны арæнæвæрд ист кæй æрцыдаид, фæлæ афтæ нæ рауадис. Нæдæр транспорты бынативд бауагътой. Уый дæр нæ уыдаид проблемæ. Махæн нæхи тыхтæй нæ бон уыдис сауджыны æрбакæнын бынатмæ, фæлæ нын дыууæ боны размæ, загътой, цæмæй æрмæст конкретон адæймæгтæн кæй ратдзысты уадзæн гæххæтт (пропуск). Кæцы бынтондæр райсинаг нæ уыдис. Радтой уадзæн гæххæтт (пропуск) æрмæст расткадæгон аргъуантæн, кæцытæ Цыппурсы бæрæгбон 7-æм январы бæрæг кæнынц. Нæ цæрджыты æвæццæгæн 80%-ы ацæудзысты аргъуантæм, уыдон бацæудзысты аргъуантæм æмæ кувдзысты. Мæн фæнды раттын ахæм фарст, кæцы тæссагдæр у, абсолютон фылдæрад, æви, абсолютон къаддæр хæйттæн куы уыдаид æмбырд кæныны фадат. Нæ бæстæйы цæрджыты фылдæрад дам, расткадæгон у æмæ дам, уыдоны цæстæнгасыл разы стæм, æмæ къаддæр хæйттæ цы фæаххосджын сты", - загъта аргъуаны раздзог.

Аргъуанмæ цæуынц куыд горæты, афтæ, районы цæрджытæ. Уыдон æхсæн, Гогишвили Нона дæр, кæцы Цыппурсон литургийыл йæ хъæбулы хъæбулимæ иумæ уыдис. Нона, зæгъы, цæмæй Евангелион-протестантон аргъуаны сауджын 2006 азæй ис. Кой кæны уыцы периоды тыххæй, фыццаг хатт куы райдыдта æнæ расткадæгон аргъуанмæ цæуын:



"Уыцы рæстæджы дзæвгар зындæр уыди ацы къахдзæфтæ авæрын. Ныхмæдзинад бинонты "рдыгæй уыдис, фæлæ рæстæг рацыд æмæ ацы ахаст фæивта. Абон ам мæ бинонты уæнгтимæ иумæ вæййын", - загъта нын Гогишвили Нона.

Йæ хъæбулы хъæбул хуыцаубонон скъолæйы хъусæг у, скъолæ ацы бæстыхайы цыппар хатæны мидæг ис гом. Уæлдай цымыдисондæр æмæ зæрдæмæдзæугæ у сабиты хатæн, цыран хъазæнтимæ иумæ, къултæ сты нывгонд.

"Ам цыдæриддæр уынут, алцыдæр уыцы адæймæгты арæзт у, чидæриддæр нæ аргъуанмæ цæуы", - æмбарын нын кæны аргъуаны раздзоджы æмкъай, Чъанкъветадзе Тамар.

"Мах фæнды, цæмæй сабитæ сæхимидæг æнкъарой Хуыцауы. Сæхимæ исой Чырыстийы æнкъарæнтæ. Тырнæм сабитæн цæмæй æрмæст сæ цард ма рæсугъд кæнæм, фæлæ ма йæ ныхасæй дæр цæмæй æнкъарой. Уæлдайдæр та, кæд зындзинады бахауæг бинонтæй цæуынц", - зæгъы Чъанкъветадзе Тамар.



Нодар цæры Цъминдацъхъалийы лигъдæтты цæрæнуаты. Уый аргъуанмæ ныр цалдæр хатты бацыдис, нырма æрмæст уазæджы статусæй пайда кæны.

"Æз лигъдæтты цæрæнуаты цæрын, ам æввахс, Цъминдацъхъалийыл. Ам æрмæст уазæг дæн. Цалдæр фембæлдыл уыдтæн", - загъта нын Нодар.

Йе "мбал Мари нын афтæ зæгъы, пандеми дам, куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ дам, æрыгæттæ аргъуыды кадæг нал кæнынц.



"Нодары мæ хойы фæрцы базыдтон. Мæ хойы æввахс æмбал у. Афтæ ма, ноджы иу æвзонг лæппу æрбацæуы, кæцы сæ хæлар у уыдонæн. Пандемийы агъоммæ дыууæ хатты уыдысты æвзонгадон аргъуыды кадæгыл. Фæлæ ныр ацы пандеми куы райдыдта, уæд уагъд нал цæуы аргъуыды кадæг. Æнæуи алы æндæр мадзæлттыл вæййынц. Гæнæн ис уый ма уа аргъуыды кадæг. Тынг уарзынц æрыгæттæ ацы мадзæлтты хайад исын", - загъта нын Мари.

Аргъуаны ма, ноджы иу æвзонг кадæггæнæгимæ базонгæ дæн. Гиорги 24-аздзыд у. Уый аргъуаны медиакадæггæнæджы лидер у. Каст фæцис Гуры 7-æм скъолæ, уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Ильяйы университеты бизнесы факультетыл.



Абон уый маст кодта, цæмæй йе "мкарæнты фылдæр кадæгмæ кæй не "рбацыдысты, уымæн æмæ иуæй куысты бон уыди, иннæмæй та, иуæй-иу студенттæн фæлварæнтæ снысан кодтой. Гиоргийы хæлæрттæн сæ фылдæр къорды инструментыл цæгъды æмæ зары. Уый мах хъусдард аздæхта йæхимæ уымæй, æмæ йæ медицинон маскæйыл æдде фыст уыди "Æнæ фыдзæрдæдзинад".

"Хуыцау хауы алкæмæдæр. Чидæриддæр æй æнæхъæн зæрдæйæ райсдзыстут, алкæмæн дæр йæ бон уыдзæн лæггад кæна Хуыцауæн. Нæй йын нысаниуæг чи уыдзæн, къатоликъ, растцытгæнæг æви протестант. Иумæйагæй, тынг арæх адæймаг мах æнгæс куы нæ вæййы; куы нæ вæййы разы, мах цæстæнгасимæ, уæд цыма мах йемæ тох кæнæм æмæ уымæ гæсгæ нæ зæрдæмæ нæ цæуы. Хæларзæрдæйæ дæр нæ куы фæнда уымæн баххуыс кæнын, уæд æй нырма хъуамæ уарзæм, фыдзæрæдæдзинад нæу раст фæндаг. Хуыцау æмæ нæ Сыгъдæг фыстæг ууыл нæ ахуыр кæны, цæмæй искæмæ фыдзæрдæ дарæм. Хъуыды кæнын, цæмæй адæймæгтæ хъуамæ уый æмбарæм. Кæд æмæ уынæм, раст нæ аразы, уæд ын æй уарзондзинадæй хъуамæ фенын кæнæм", - зæгъы Гиорги.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.