Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Атъоцы, Кънолеуы æмæ Авлеуы скъолæтæн лæвæрттæ радтой
5-æм январы Атъоцы, Кънолеуы æмæ Авлеуы скъолæты бабæрæг кодтой рухсады хæдбар консультантты коллегийы (ჩIEჩ) уæнгтæ. Дихгæнæг хаххмæ "ввахс хъæуты ахуыргæнæн уагдæтты минæвæрттæн уыдон лæвæрттæ радтой.

"Лæварæн уыдонæн ноутбуктæ, ахуырдзауы чингуытæ æмæ æндæр æмæ æндæр ахуырадон æрмæг лæвæрд æрцыд. Сеппæт дæр адон ахуыргæнджытæн ахуырдзауты ахуыр кæныны æмæ райрæзтæн хуыздæр гæнæндзинæдты скæнынæн баххуыс кæндзысты. Фæстиуæг дæр æнæмæнгæй хорз уыдзæни, уымæн æмæ, ахуыргæнджытæ дæр иттæг мотивацигонд сты, æмæ, куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ, сæм тынг хорз ахуырдзаутæ дæр ис", - зæгъынц æнæхицауадон организацийы уæнгтæ.

Организацийы æххæстгæнæг директор Къордзадзе Макъа зæгъы, цæмæй уый у ног проект, кæцы оккупацион хаххмæ "ввахс хъæуты, ахуыры процессы фæхуыздæр кæныны нысанæй, райдыдтой.

"Ацы азы райдайдзыстæм циндзинады проектæй. Хуымæтæг хайбавæрд нæ фæнды бахæссын проектмæ, цæмæй ахуыры процессты фæхуыздæр кæныны нысанæй, баххуыс кæнæм оккупацион хаххмæ "ввахс цалдæр скъолæйæн Шида Картлийы. Ахсджиаг у уый, ам цæрæг адæмæн баххуыс кæнынæн. Ацы этапыл, Цыппурсы бæрæгбонмæ, Гом æхсæнад, фонды финансгондæй, 3 скъолæйы бабæрæг кодтам", - хъусын кæны организацийы æххæстгæнæг директор Къордзадзе Макъа.

"Цыдæр æххуыстæ сын ис, фæлæ сæ алцæмæй тынгдæр æххуыс цы хъуыдис, уый разынд, лептоптæ сын кæй нæ уыдис, уый. Уæлдай дæр та, ахуыргæнджытæн уый æнæмæнгхъæугæ у онлайн-ахуыры уавæрты. Мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй кафедрæтæм гæсгæ, раттæм лептопты. Кафедра æппæтæй ахсджиагдæр цæг куы у скъолæйы мидæг", - банысан кодта организацийы разамонæг Двали Ирина.

Двали Ирина йæ хъусдард здахы уыцы уавæрмæ, цæмæй оккупацион хаххмæ "ввахс базæйон скъолæты сын кæй ис къаддæр фадæттæ интернет-ресурстæм:

"Сæрмагондæй, районтæй рацæугæ сабитæ фылдæр хатт æвдисынц ахуырады бæрзонд æмвæзады. Горæты мидæг гæнæн ис фылдæр æххуыс æмæ гæнæндзинад ис ахуырдзаутæн, фæлæ уымæй къаддæр дæр æххуыс нæ хъæуы районтæн дæр. Фарон, зæгъæм, кæцыдæр проекты хайад истон æмæ базонгæ дæн уыцы районы ахуырдзауимæ, кæцы ацы онлайн-ахуырады процессы мидæг диссаджы зонынад равдыста", - бафтыдта йæ ныхасмæ Двали Ирина.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.