Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Сындзтелгæрæнтæй хицæнгонд ног æмкъайадконд бинонтæ
31-аздзыд Куртаты Малхаз ныртæккæ Бобнеуы хъæуы (Ног Хурвалет) йæ дада æмæ нанаимæ иумæ цæры. Ванишвили Датайы хъæбулы хъæбул хъуыды кæны, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территориймæ ахизид, фæлæ гуырдзиаг полицæйæ дæр тæрсы:

"Æз уымæй дæр тæрсын, æмæ уыцырдæм куы рахизон, уæд мæ гуырдзиаг полицæ мыййаг куы æрцахса æмæ мæ Цхинвалы хицауадмæ куы радта", - загъта нын Куртаты Малхаз (Ванишвили).

Уый дыууæ боны размæ йæхи фæхъæстæ кодта. Цхинвалы рынчындоны схос кодта æмæ йæ стæй дыккаг бон фæстæмæ, 20-æм январы рарвыстой.

Сæ хæдзар Хурвалеты хъæуы уыцы хайы ис, кæцы оккупацигонд территоримæ бахауд. Ацы цæрæнуаты Бобнеуы хъæу (Ног Хурвалет) хонынц.

Куртаты Малхаз махимæ ныхас кæныны рæстæджы æмбарын кæны, цæмæн тæрсы уый гуырдзиаг полицæйæ:

"Ардæм куы рахызтыстæм, уæд дыууæ къуырийы фæстæ мæ хæдзармæ ам иу уырыссæгты хæдивæг у. Æрбацыдис. Мæ лигъдоны бæлвырдгæнæн гæххæт мын байста, гоймагон бæлвырдгæнæн дæр мын байста, стæй нæ 9-æм декабры акодтой нæ сæ будкæйæ фалдæр ахизын кодтой. Акодтой нæ Бобнеуы дыгъдоны кæрæттæм æмæ дам, уыцырдæм ахизут Гуырдзыстоны территоримæ, ома дам, еныр æрбацыдыстут. Ме "мкъай 8 мæйдзыд сывæрджыны æмбонды сæрты аргъæвтон, стæй йæ фæстæмæ раргъæвтон", - дзуры нын Малхаз.

Уый-ма афтæ дæр дзуры, цæмæй уый уырыссаг æфсæддонтæ видеойы дæр систой, цыран уый гуырдзиæгты иронау фелгъыста.

"Видеойы мæ уæд систой, ома дам, нæйы зæгъ Гуырдзыстоныл, фелгъит дам, иронау гуырдзиæгты, тагъддæр дам, сын сæ мады фелгъит".

- Фелгъыстай?

- Ойы, фелгъыстон, æндæр гæнæн мын нæ уыдис. Мæ уд йæ нывонд Гуырдзыстонæн, æндæр амал мын нæ уыди æмæ ... хорз йеддæмæ мын æвзæрæй ницы сарæзтой", - зæгъы Куртаты Малхаз.

Æрцахсты æмæ видеойы сисыны фæстæ, Малхаз æмæ йе "мкъайы, Адикъашвили Татиа Ахалгоры изолятормæ акодтой. Татиа дыууæ къуырийы фæстæ Гуырдзыстоны хицауадмæ лæвæрд æрцыд, Малхазæн та, хæдзарон ахæсты тæрхон рахастой æмæ абоны онг Хурвалеты оккупацигонд хайы цæры:

"Мæн фæнды ме "мкъай æмæ мæ хъæбулимæ иумæ цæрын. Æз куы рахизон дæлæмæ, уæд мæ уыцы видеоты тыххæй Гуырдзыстоны полицæ æрцахсдзæнис? Уымæй дæр тæрсын. Стæй Цхинвалы хицауад куы æркура мæн уырдæм раттын, уæд мæ ноджы тынгдæр амардзысты. Рахизин Гуырдзыстонмæ, куыд лигъдон, иу фатер мын балхæнæд, куыст мын раттæд æмæ мæ æндæр æппындæр ницы хъæуы ме "мкъай æмæ мæ хъæбулимæ иумæ Гуырдзыстоны адджынæй фæцæрин", - загъта нын Куртаты Малхаз.

Ацы инициденты фæстæ, Куртаты Малхаз 19-æм январы йæхи фæхъæстæ кодта. Йæ нана, Ванишвили Валя куыд зæгъы, уымæ гæсгæ

, сæм хæдзары уыдис æфснайд дуст, æмæ дам, уымæй банызта йæ хъæбулы хъæбул.
Куртаты Малхазы тыххæй уын, куыд загътон, афтæмæй ныртæккæ уый, Дата æмæ Валя Ванишвилиты хæдзары цæры. Йæ ныййарджытæ та – Дзæуджыхъæуы цæрынц. Уый йæ нанамæ æмæ дадамæ арæх цыдис, Хурвалеты оккупацигонд хаймæ.

Ам базонгæ ис ацы хъæуы цæрæг Адикъашвили Татиаимæ дæр, кæцы Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл цæры. Бирæ проблемæтæм æнæгæсгæйæ, уыдон уæддæр кæрæдзиуыл æмбæлдысты. Фæстагмæ, ивгъуыд азы зымæджы сæ цард сиу кодтой æмæ цардысты иумæ.

Сæ бацардæй фæстæмæ, Адикъашвили Татиа Ванишвилиты хæдзары цардис. Бæрæг рæстæджы фæстæ, ацы хабар зындгонд сси Уæрæсейы æфсæддонтæн æмæ йæ 2020 азы апрелы мæйы æрцахстой.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.