Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Гуры чысыл туристон бизнес сæрды æмæ арæнты байгоммæ æнхъæлмæ кæсы
Гуры пандемийы агъоммæ, 80-йæ фылдæрмæ ‘ввахс хæдзарон уазæгдон куыста, куыд горæты, афтæ хъæуы, бæстæйы æрæвæрд арæнæвæрдты периоды, уыдонæй дыууæ æхгæд æрцыд, иуæй ацæргæты бæлæууæндон сарæзтой, иннæтæ та сæ куыст рæстæгмæ æрурæдтой.

Qartli.ge бацымыдис кодта, ныртæккæ цы проблемæты раз лæууынц Гуры уæвæг туристон компанитæ æмæ хæдзарон уазæгдæттæ, кæцытæ пандемийы агъоммæ фылдæр фæсарæйнаг туристтæн фысымиуæг кодтой.

Туристон агентады «Мисс-Тревелы» разамонæг зæгъы, цæмæй стыр финансон зианмæ æнæгæсгæйæ, компанийæн йæ бон сси æмкусджыты бавæрын æмæ ныр йæ куыст фæлтæрд режимы, регуляциты æнæхъæнæй æххæстгæнгæйæ адарддæр кодта.

«Ацы этапыл активон куыст кæнæм уыцы æрдæмадтыл, цыранмæ Гуырдзыстоны æмбæстагæн æнæ проблемæйæ йæ бон уыдзæн цæуын. Абоны уавæрмæ гæсгæ, активон у Турчы курортон зонæ, фæлæ авиа-билеттæ æндæр æрдæмадтæм дæр уæй кæнæм. Ацы этапыл махæн ахсджиаг у, цæмæй бæлццон алыхатт дæр уа информиргонд пандемийæ расайгæ æнæнхъæлæджы ивддзинæдты тыххæй, уымæ гæсгæ мах уыдонæн 24/7-ы лæггад кæнæм. Кусгæ сахæтты бæлццæттæн лæггад кæнæм офисы, фæлæ æнæкусгæ сахæтты та онлайн режимы. Ныфс нæ ис, цæмæй тагъд рæстæджы кæй байгом уыдзысты арæнтæ туристтæн, цæмæй компанитæ райдайæм кусын раздæры кусгæ режимы», - зæгъы «Мисс-Тревелы» директор.



Туристон агентад «Финк-Тревел» ныр 4 азы у, кæцы Гуры базарыл активонæй кусы. Йæ разамонæг, Тагорашвили Мегийы хъуыдымæ гæсгæ, бизнесы уавæры уый дæр вазыгджын кæны, æмæ крорнавирусы апырхы превенцийы нысанæй, Европæйы бæстæты стырдæр хай Гуырдзыстоны æмбæстæгты кæй нæ исы.

«Иунæг-иу у Польшæ, цыран цæуы ацæуын куыстмæ хуындæй æмæ мах ацы хуындтытæ аразæм. Афтæ-ма нын ис цалдæр бæстæимæ гом туристон дыууæрдæм цыд. Адон сты: Эмираттæ, Малдивтæ, Шри-Ланк. Хъыгагæн алкæмæн йæ бон нæу ацы æрдæмадтæм бæлцуаты цæуын. Ноджы нæм ис Турк, кæцы ацы этапыл сезонмæ гæсгæ ныридæгæн активонæй кусы».

Меги кой кæны, цæмæй ацы иу азы дæргъы йе ‘мкусджытæ арæх æнæмыздæй кæнæ минималон мыздыл куыстой. Ныр сæ ныфс ис, æмæ Шенгены уæнг бæстæтæ тагъд байгом кæндзысты Гуырдзыстонæн арæнты, цæмæй компани ацы æрдæмадæй дæр кусын байдайа.

Пандемийы агъоммæ Гуры хæдзарон уазæгдæттæ æмæ хостелтæ дæр æххæст режимæй куыстой. Туристон бизнес æрвыл аз æрдæг милуанæй фылдæр туристæн лæггад кодта, кæцы горæты уазæгдоны куыстады рæзтæн хорз фадат лæвæрдта.

Зындгонд хæдзарон уазæгдæттæй сæ иу «Ана Хаусы» хицау, Ана Сресели зæгъы, цæмæй хæдзары уазæгдонæн 2017 азы сарæзта æмæ йæхæдæг хæдбарæй куыста.

«Цалынмæ пандеми райдыдта, уæдмæ статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2019 азы фылдæр уырыссаг туристæ цыдис, фæлæ Европæйы æндæр бæстæтæн дæр лæггад кодтам», - дзуры Ана æмæ нысан кæны, цæмæй 2020 азы 4-æм мартъийæ фæстæмæ, куыддæр Стъалины хæдзар-музей æхгæд æрцыди, афтæ сæ уазæгдоны улæфæг фактивонæй ничиуал уыдис.



Куыд æндæрты, афтæ Ана Среселы дæр ныфс ис, цæмæй сæрды сезон амалдзинад ратдзæнис бæстæтæн туристонæй баконд арæнтæ æмæ чысыл типы хæдзарон уазæгдæттæн фæзындзæн фадат сæ куыст адарддæр кæнынæн.

«Хъуыды кæнын, сæйрагæй Европæйæ рацæудзысты туристтæ. Æз сæйрагæйдæр уырыссагæвзагон туристтæн лæггад кæнын, фæлæ ныртæккæ Уæрæсейы арæн æхгæд у. Стъалины музеймæ дæр мæ цæст дарын æмæ дзы Уæрæсейæ æрцæугæ турист нæ зыны. Уырыссаг турист Ларсыл нæ рахиздзæн, комкоммæ рейс авиакомпанитæн нæй æмæ уыдон Тбилисмæ хъуамæ æрцæуой Ереваныл рацыдæй, кæнæ Белоруссийы æмæ Латвийыл, æмæ сын фæндаггаг дæр дзæвгар зынаргъ лæууы. Дунеон экономикон кризис алы туристыл дæр разындзæн", - зæгъы Ана Сресели.

Гуры муниципалитеты туризмы хайады къухдариуæггæнæг Магълакъелидзе Роберт нын æмбарын кæны, цæмæй нæдæр Гуры æмæ нæдæр Шида Картлийы стыр туристон компанитæ нæ кусынц. Туристон агентадты фылдæр ныртæккæ æрмæст авиа-билетты уæй кæныныл у ориентиргонд.

«Куыд ахæм, æрбакæнæг туристон компанитæ нын Гуры нæй, уый тыххæй æмæ нæм нæй 200 æмæ 300 адæймагон уазæгдон. Цæмæй куы æрбакæной уыдон туристтæ, уæд сæ хъуамæ бабæстон кæной бæрзонд æмвæзадыл æмæ махæн ахæм уавæртæ нæй. Ам æппæтæй фылдæр нымæц уазæгдонæн йæ бон у райса 70 адæймаг кæнæ ноджы къаддæр 60, 50, 30, 20 æмæ а.д.», - зæгъы Магълакъелидзе Роберт æмæ йæ ныхамсæ бафтыдта, цæмæй амæ æнæгæсгæйæ, чысыл типы хæдзарон уазæгдæттæ дæр иттæг хорз сервистæ хъарынц улæфджытæн, стæй дæр дзæвгар ныллæг аргъæй.

«Махæн хæрзæввахс рæстæджы уыдзæнис фембæлд алы хæдзарон уазæгдонимæ, сæнæвæрæн бынæттимæ. Афтæ-ма нын уыдзæн фембæлд хæлцады объекттимæ, нæ провайдерты базæйы чидæриддæр сты уыдонимæ. Семæ аныхас кæндзыстæм, цы проблемæтæ сын уыдис пандемийы периоды, æмæ абон цы проблемæты раз лæууынц. Æдæппæт цалдæр боны баззадис туристон сезоны скуыстмæ. Зонут, цæмæй æхсæвы цыды арæнæвæрд дæр ист кæй цæуы æмæ ног регуляцитæм гæсгæ, ресторантæ кусдзысты æхсæвы 12 сахаты онг. Туризмы хайады инициативæй арæзт æрцæудзæн ацы фембæлд, цæмæй къухдариуæгад гæнæндзинадмæ гæсгæ баххуыс кæна уыдонæн сæ проблемæты аскъуыддзаг кæнынæн», - зæгъы туризмы хайады къухдариуæггæнæг.

Магълакъелидзе Роберт нын уырнын кæны, цæмæй кризисмæ æнæгæсгæйæ, фæстаг иу азы дæргъы, горæтмæ цалдæр ног уазæгдон бафтыдис æмæ хæрзæввахс рæстæджы ноджы кæй æнхъæлмæ кæсынц сæ нымæцы рæзтмæ.

Абоны уавæрмæ гæсгæ, регионы ныридæгæн скуыста æндæр æмæ æндæр туристон объекттæ, адон сты: Стъалины хæдзар-музей, Уплисцихейы музей, Гуры историон-этнографион музей, Тохы стырады музей, Якъоб Гогебашвилийы æмæ Иванэ Джавахишвилийы хæдзар-музейтæ, тагъд оккупацион хаххы цур, Арбойы хъæуы Никъо Ломоурийы хæдзар-музей дæр конд æрцæудзæн.




Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.