Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Ботлæты æмбырдгæнæг ус æмæ ахуырдзаутæ Русикъо - нанайæн
Гуры цæрæг Ратъиани Русикъойы æрвылбон куыст быронкалæныл лыстæг æфсæйнæгты, полиэтилены æмæ тасмачъийы æвгты æмбырд кæнын у. Кары æмæ зынуавæрты цардмæ гæсгæ йын æнæнзидзинады проблемæтæ ис, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йæм мæгуыркурæгæй уæззау фыдæбон хуыздæр кæсы. Ацæргæ адæймаджы царды фæрогдæр кæнын Хидистауы скъолæйы эко-клубы ахуырдзаутæ аскъуыддзаг кодтой. Сæхи хъæуы иу быроны ведрæ (урна) æвгты æмбырд кæнынæн рахицæн кодтой. Цы хца райсдзысты уый та, Ратъиани Русикъойæн арвитдзысты.

Ратъиани Русикъо зæгъы, цæмæй йæ царды уавæрты фæдыл, йæ хъæбул тынг кæй тыхсы, кæцы эмигрант у æмæ фæсарæнты кусы. Уыйас æфтиаг нæ исы, цæмæй йæ мадæн æрвылмæй æрвита. Стæй йын, æнæниздзинады проблемæтæ ис, кæцыйæн йæхирдыгæй йæхи сæрмагонд хъæбултыл дæр аудын хъæуы:

«Æнхъæлдæн æмæ мыл ныр 80 азы сæххæстис. Майы кæй дæн гуырд уый дырысæй хъуыды кæнын, 3-аг майы. Ай у мæ куыст, æддæмæ цæуын æмæ бырæтты къоппыты къахын. Райсомæй ацæуын æмæ æртымбыл кæнын æвгтæ кæнæ алюмины банкæтæ. Æризæры онг фæрацу-бацу кæнын æмæ фæтымбыл кæнын. Стæй цалдæр боны æмбырд лыстæг æфсæйнæгты æмæ банкæты стыр «Тачкæйыл» сæвæрын æмæ сæ аласын раттынмæ. Бырæтты къоппытæм дæр фæкæсын, цæмæй ноджы æрымбырд кæнон исты æфсæйнæгтæ. Ахæм рæстæджы ацæуын, адæм нырма куы нæ вæййы уынгты, уымæн æмæ уæддæр æфсæрмы кæнын. Раздæр ахæм нæ уыдтæн, куыстон æмæ мын хæдзар дæр сыгъдæг уыдис».

Зæронд ус иумæйаг цæрæн корпусы иу уаты цæры, фæлæ æмбырдгонд æфсæйнæгты æмæ æнæпайда мигæнæнты æмæ дзаумæтты тыххæй йæ 5 кв.м. уатмæ бахизæн дæр нæй. Уымæ гæсгæ фынæй кæнынмæ йæ хъæбулы иууатон фатермæ ацæуы, кæцы уый хæдзарæй 1 километры дæрддзæгмæ ис.

«Мæ куысты тыххæй мæ сыхæгтæн сынæуынон дæн. Иууыл мæм хыл фæкæнынц, - «Ма, дам, дыууæрдæм кæн, бырон ма тымбыл кæн, еныр вирус ис æмæ, дам, ныл бахæцдзæнис алкæуылдæр, зæгъгæ. Уый тыххæй сæ хæдзармæ нал хæссын, æмæ сæ куы кæм къутæрты бын бамбæхсын, куы кæм, цæмæй сæ стæй уый фæстæ раттон исæн пунктмæ», - дзуры нын Русикъо æмæ срæдыд уый, цæмæй йæ хъæбулы фатеры дæр кæй æвæры бырондонæй æрбахасгæ дзаумæтты.

«Пандеми куы уыд, уæд æрмкъухтимæ тымбыл кодтон æмæ медицинон маскæ дæр дардтон. Нæ зонын нырма мыл нæ бахæцыди вирус. Цыдæр периоды æфсæйнæгты исæн пункт дæр æхгæд уыдис æмæ уæд æрмæст пенсийыл цардтæн. Ныр бузныг хуыцауæн, байгом ис. Æхгæд куы уыдыстæм, уæд хæринаг лæвæрдтой, фæлæ мæнæн иу къæбæры мур дæр ничи æрбахаста».

Дзуры, цæмæй йын сабибонтæй уæззау цард уыдис, фæлæ кусынмæ никуы базивæг кодта æмæ комбинаты бæмбæджы фабрикæйы дæр æппæты хуыздæр æмкусæгыл нымад уыдис.



«Нырма Суанеты цардтæн, æхсæз азмæ уым уыдтæн, Стæй Абхазимæ ацыдыстæм цæрынмæ. Абхазийæ хæсты агъоммæ рацыдыстæм, уыцы рæстæджы нырма æвзонг уыдтæн. Тбилисы мæ фæндыдис цæрын, уый тыххæй æмæ уым мæ иунæг æфсымæр цардис æмæ мæ фæндыдис æввахс æм куы уыдаин, фæлæ мæ нæ ныффыстой Тбилисы. Гуры мæ хæстæг суайнаг чызджытæ куыстой æмæ уæд, аскъуыддзаг кодтон уыдонмæ æрцæуын æмæ баззадтæн ам цæргæйæ. Кусын райдыдтон комбинаты. Афтæ куыстон æмæ-иу ме сменæ куы фæцис, уæд иу ахызтæн æндæр тæрхæгыл кусынмæ æмæ иу æрдæг сменæ ноджы бакуыстон. Æппæты разæй-иу æз бацыдтæн комбинатмæ, бахостон-иу дуар, цæмæй мын æй хъахъхъæнæг бакодтаид, ахæм фæллойгæнæг, куыстуарзаг уыдтæн», - кой кæны Русикъо æмæ мæт кæны, цæмæй йе ‘ппæт цæрæнбонты фыдæбон æмæ тымбылгонд 120 000 сомы йын Шеварднадзейы рæстæджы паддзахад кæй байста.

«Зæнæгæй мын æрмæст иу чызг ис, æндæр нæ. Тынг бирæ уарзын сывæллæттæ, фæлæ мын хуыцау æрмæст иу радта. Уыцы иунæг хъæбул мын ис æмæ уый дæр рынчынтæгæнаг. Удæгас мын кæй ууыл цин кæнын. Уæлдæр ахуырдон каст фæци, профессийæ стомотолог-дæндаджы дохтыр у, фæлæ йын царды нæ рауадис æмæ ныртæккæ Турчы цæры, уым магазины кусы. Мæнæн баххуыс кæныны фæрæз ын нæй, уымæн æмæ йæхæдæг дæр æххуырст фатеры цæры, дыууæ хъæбул ын ис, йæхи фаг дæр тыххæйты кæны».

Йæ куыст куы фесæфта, уæдæй фæстæмæ Русикъо йæ пенсийæ цæры.

«Чысыл раздæр, дыууæ мæйы пенси иумæ райстон, мæ хъæбулмæ мæ фæндыдис ацæуын æмæ мын фесæфтысты. Иу цъус мын æвæрд æхца дæр уыдис, дæс фондз ларийы æрымбырд кодтон æмæ уыдон дæр пенсиимæ иумæ фесæфтон. Ацы æфсæйнæгтæй дæр ницы уыйбæрц зайы, стæй дзы хардз дæр куы кæнын. Уæззæутты ласын дæр мæ бон нал у, мæ астæу бандзыг вæййы. Пластмассы мигæнæнтæ дæр раттын, иу килограммæн дыууæ тетри дæттынц. Стыргомау «Тачкæ» мын ис, ууыл сæ сывæрын цалдæр боны æмбырдгонды æмæ сæ аласын», - дзуры нын 80 аздзыд зæронд ус æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, йæ бонон рацион цы бакуса ууыл баст у.

«Хатт «къалбас» дæр-иу балхæнын. Ныртæккæ дæр мын ис æлхæд æмæ йæ мæ хъæбулы хæдзары ныууагътон. 2,50 лари йыл бафыстон, здыхст къалбас уыд фæлæ йын ницы ад уыдис. Нæ бæззыдис. Сæйрагæйдæр цай бацымын. Дзул дзы бассæндын æмæ йæ афтæмæй баназын. Аслам цыдæр хæринæгтæ фелхæнын, зынаргъ цыдæртæ не лхæнын æмæ нæдæр цæттæ кæнын. Удæгас куыд дæн, уый мæм диссаг кæсы, фæлæ мæ уæддæр мæ хъæбулы тыххæй фæнды, цæмæй удæгас уон».

Йæ хъæбулмæ Туркмæ ацæуыныл арæх фæхъуыды кæны, фæлæ йæ уæззау уавæртæм æнæгæсгæйæ йын ардыгæй ацæуын зын у. Дзуры, цæмæй ахæм цардыл, зæгъæн ис æмæ, фæцайдагъ.

«Мæ хъæбул мын дзуры, мæнмæ, дам, рацу. Æххормаг, дам, дæ нæ ныууаддзынæн. Фæлæ мæ бон нæу ардыгæй ацæуын, Гуырдзыстоны ныууадзын, цы саразон, куыд ацæуон, уарзын гуырдзиаг адæм тынг. Никæй бауарздзынæн афтæ. Сæрæй мæ хъæбул куы ацыдис, уæд нырма мæ хъæбулы хъæбулы ам мæнмæ ныууагъта, стæй йæ уый фæстæ акодтон æз уырдæм, фæлæ дзы не рлæууыдтæн, тагъд фæстæмæ раздæхтæн».

Ратъиани Русикъо социалон æххуыс азты дæргъы иста æмæ йæ ныхасмæ гæсгæ ай уымæн стыр æххуыс уыди. Ныр мæт кæны, цæмæй йæ адрис кæй фæивта, уый тыххæй йын нал радтой æххуыс, æмæ ныр ууыл архайы цæмæй йын сног кæной социалон æххуыс.

«Социалон æххуыс мын хæрзæрæджы сæхгæдтой, адрисы фæивыны тыххæй. Æз Адзвийы хъæуы дыккаг хатт уыдтæн чындзыцыд. Мæ мойæн йæхи хъæбултæ дæр уыдис æмæ хъæбулы хъæбултæ дæр. тынг хорз адæм сты, ныртæккæ дæр сæ æз бирæ уарзын уыдон. Социлон æххуыс уым истон. Стæй мæ мой куы фæзиан, уæд нал æрлæууыдтæн уым æмæ ардæм рацыдтæн. Уыдон мын-иу æрхастой социалон æххуысы ардæм. Фæлæ стæй фиксиргонд куы æрцыд, цæмæй æз уым нал цæрын. Сæхгæдтой йæ. Бацыдтæн сæм, адрисы фæивды тыххæй курдиат ныффыстон, фæлæ мын нал снысан кодтой».

Социалон лæггæдты агентады хъусын кæнынц, цæмæй Ратъиани Русудан æххуысы райсыны тыххæй, курдиат нæ ныффыста. Уый тыххæй сæ ныфс ис æмæ рæстæгыл бацæудзæн æмæ йын æркæсдзысты йæ хъуыддагмæ.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.