Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Иунæг зæронд – хæдзары æви балæууæндоны?!
Æнæхъæн хъæуы арæзтадон техникæ кусы æмæ фæндæгтыл тынг рыг у. Нуазыны доны трубæтæ аразынц æмæ уый тыххæй мидæггаг фæндæгтæ дæр къæхтытæ сты. Тракторы уынæр æмæ кусджыты хъæлæба, Гуры муниципалитеты Хидистауы хъæуæн æрвылбонон царды хай у.

Ацы фоныл, уæлдай рæсугъд у Ноникъашвили Маризæйы хæдзарырдæм бацæуæн уынг. Бæлæстæй æмæ къутæртæй æмбæрзт къахвæндагыл цæугæйæ сатæг уæлдæф æнкъарыс. Рæсугъд, дыууæ уæладзыгон хæдзар дæр раст ацы цъæх æрдзы ис ныгъуылд. Æгас хъæуы цъиутæ дæр раст цыма ардæм æртымбыл сты.

Стыр урс тутабæласы цæст йæхимæ лвасы. Чысыл алæууыны фæстæ дæ бафæнддзæнис, цæмæй тутайы къалиу æртасын кæнай æмæ йын йæ адджын гагатæй ахæрай.

Уый тыххæй уæм диссаг нæ фæкæсдзæни, æмæ 80 аздзыдмæ ‘ввахс Ноникъашвили Маризæйы кæй нæ фæнды ацы хæдзары ныууадзын. Фæлæ, уый дыууæ уæладзыгон рæсугъд хæдзары æрмæст иу уаты фынæй кæны æмæ рацу-бацу кæнын йæ бон нæу. Иу афæдзæй фылдæр у дыккаг уæладзыгыл æхгæд хатæны ис æмæ йын балкъонмæ рахизын дæр зын у.

Асинтыл схызтыстæм, дуар гом уыдис. Дардæй йæм бахъæр кодтам, цæмæй нæ бацыд развæлгъау зыдтаид.

- Рахизут мидæмæ, - райстам дзуапп.



Хатæны къæсæрæй бахизгæйæ мах фæхатыдыстæм, æмæ сылгоймаг тынг цауд уавæрты кæй цæры. Нырма стыр къæлидорыл хъуамæ бахизай, астæрд рыгæй нæ зыны, рудзгуытыл хæлуарæджы тынтæй йедзаг. Зæгъæн ис æмæ, 35 градусон тæвды хатæны уæлдæф сыгъдæггонд нæ цæуы. Мигæнæнтæ, бандæттæ, ботлæтæ, - сеппæт дæр иу тыгъдады сты. Ноникъашвили Маризæйæн уыцы мигæнæнтæ æввахс æвæрд сты, уый тыххæй æмæ йæ æрвыл бон фæхъæуынц.

- Цæмæн стут ахæм уавæры? – Ай у фыццаг фарста, кæцы уырдæм бацæуæг æцæгæлон адæймагмæ фæзындзæн.

- Ничи мын ис æмæ уымæн.

Бахызтыстæм æрдæгталынг мидæггаг хатæнмæ, ам цъус уазалгомау у, фæлæ йæхæдæг фысым дæр æй хаты, цæмæй нæ умæлдзинад кæй батыхсын кæндзæн, æмæ уый тыххæй не ‘вдисы, цæмæй мах кæй архайæм гом дуары цур æрбадын.

Ноникъашвили Маризæйæн бинонтæ нæй. Уый хъæумæ уæд æрбаздæхтис, куыддæр Тбилисы 8-æм рынчындонæй пенсийы рацыди. Бирæ азты дæргъы невропатологæй фæкуыста æмæ 1990-æм азты райдианы, президент Звиад Гамсахурдийы дохтырæй дæр нымад цыд.

«Цæмæн дæн ахæм уавæры, æмæ йæ рæстæджы кæй нæ ахъуыды кодтон зæрыбоныл, ай уый аххос у», - дзуапп нын радта фысым. Уый фæстæ райдыдта йæ царды нысаниуæгджын азты тыххæй дзурын.

Нæ фысым нымайы, цæмæй цасфæнды дæр æнтыстджын ма уа адæймаг царды, уæддæр, иунæг адæймагмæ æппæтæй хуыздæр йæхи сæрмагонд бинонты уæнгтæ базилдзысты æндæр зилæгæй кæнæ паддзахадæй.



Махæн уæд уайтагъд нæ зæрдыл æрбалæууы уыцы адæймæгтæ, кæцытæ раст хъæбултæй æмæ хъæбулы хъæбултæй рохуаты сты æмæ цæрынц ацæргæты балæууæндоны (зæрæдты хæдзары): «Бирæйæн сæ ис хъæбултæ дæр æмæ хъæбулы хъæбултæ дæр, фæлæ фыддæр уавæры сты», - бафæлвæрдтам ныхмæвæрд теорийы райрæзын кæнын сылгоймаджы цур, кæцы бирæ азты дæргъы, дзæвгар адæмæн хос кодта, æххуыс сын кодта æмæ йын ифтонг цард уыдис. Хъуыды дæр ыл никуы акодта æмæ искуы ахæм уавæры бахаудтаид.

Йæ уæрджытæ риссын райдыдтой цалдæр азы размæ, стæй йын фæфыддæр сæ рыст, æмæ йын абон цæуын тынг зын у.

«Уыдис мын зилæг, фæлæ мæ зæрдæмæ нæ цыдис. Цыдис мæм къуырийы мидæг иу хатт, фæлæ йыл нæ фæцайдагъ дæн», - загъта нын Ноникъашвили Маризæ. Радзырдта нын, цæмæй бирæ адæймаг батыхсын кодта, уыдон æхсæн æнæхицауадон организациты дæр, фæлæ нæ разындис ахæм адæймаг, кæцы къуырийы мидæг иу хатт 50 ларийæ бафснайдтаид хæдзары.

Религион бæрæгбонты рæстæджы бынæттон хицауадæй Мариза рохуаты нæ вæййы – рарвитынц ын вермишел, макарон, ссад.

«Æрбахæссынц, æмæ сæ цыма равдыстмæ æрцæттæ кæнынц, уыйау сæ ам равæрынц, фæлæ сæ цы пайда кæнын? Нæдæр мæ бон хорз æхсын у æмæ нæдæр хæринаг цæттæ кæнын уыдонæй. Уымæн æмæ мын магазины хицау æрдæгфабрикаттæ æрбахæссы æмæ уыдонæй саразын хæринаг», - дзуры нын Ноникъашвили Маризæ.

Сынтæджы раз бандоныл электрон пец æвæрд ис. Ацы пецыл цæттæ кæны æрдæгфабрикатты æмæ афтæ æрвиты йæ бонтæ.

«Хæдзары бафснайынæн баххуыс кæнын», - ацы фарст сæм тынг худæг фæкасти мериайы. «Чи йын æй хъуамæ бафснайа æмæ йæхион, йæхæстæг», - загъта нын Мерийы социалон куыстуаты хистæр Чихрадзе Давит. Уый нымайы, цæмæй хицауад цыдæриддæр хъары æххуысхъуаг зæрæдтæн, уый хъуамæ æнæмæнгæй райса, фæлæ дыккаг бынаты та ис уый сбæрæг кæнын, цы хъæуы иунæг адæймаджы æмæ йын куыд гæнæн ис баххуыс кæнын.

Ахæм индивидуалон ахасты практикæ кæй нæ уæвы мериайы, уый хорз зоны адæймаджы барты центры минæвар, Тедлиашвили Теа. Уый æмæ йæ коллегæ чысыл раздæр регионы уыдысты æмæ бабæрæг кодтой 300-йæ фылдæр зæронды. Уыдонæй чи иунæг у, чи – социалонæй æнæхъахъхъæд.

Ацы хъуыддаг сахуыр кæныны фæстиуæгæн уыдон сбæлвырд кодтой, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у, хицауад æркæса уæвæг практикæмæ æмæ мериа йæ хъус æрдара индивидуалон цаутæм.

Тедлиашвили Теа куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, муниципалитеты уæвы бирæ организаци, кæцы хæдзармæ зилыны программæйы æнтыстджынæй æххæст кæнынц. Æниу ресурстæ уыйас хæрцъус ис, цæмæй, зæгъæм «къаритъас» æмæ «самаритъелты бастдзинад» сервисты бадæттын алы адæймагыл нæ аххæсдзæн:

«Æз хъуыды кæнын, цæмæй ноджы фылдæр ресурсы хъуамæ бахардз кæна паддзахад ахæм организацитыл, кæцытæ хæдзармæ зилыны программæйы æххæст кæнынц. Æнæмæнгхъæугæ у, ацæргæты балæууæндæттæ, фæлæ-ма афтæ æнæмæнгхъæугæ у уыцы адæймæгтыл аудын, кæцыты нæ фæнды ацæргæты хæдзары уæвын. Уыдонæн хуыздæр у, цæмæй паддзахадон сервис хæдзармæ райсой:

«Гæнæн ис æмæ организацийы сервистæ тынг хорз сты, фæлæ индивидуалонæй ацы конкретон адæймæгтæн уый æнæрайсгæ уа. Кæд ноджы фылдæр адæймаг хайад райсдзæнис ацы сервисы бадæттыны, уыйас ноджы фылдæр гæнæндзинад уыдзæнис ацæргæйæн», - зæгъы Тедлиашвили Теа.

Ноникъашвили Маризæйы цауы уый нымайы, цæмæй ацæргæ адæймагæн хъуамæ уа ахæм æфтиаг, кæцыйæ йæ бон уыдзæнис йæхи фæндиаг зилæджы баххуырса æмæ сервисы райсын. Æндæр цауы, æдзухæй уыдзæнис ахæм конфликттæ.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.