Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Теннис хъæуы – пандемийы рæстæджы
«Ай нæу контактон спорт, уыныс? Куыд сты дард кæрæдзийæ? Уый тыххæй у теннис иуæй-иу æппæтæй æдасдæр спорт абон», - зæгъы нын Кумелашвили Малхаз, кæцыйы хъæуы мидæг алчидæр Фыд-Малхазæй зоны æмæ йæ абон дæр афтæ хонынц.

Ацы хъæумæ, зæгъæн ис æмæ афæдз æмæ æрдæджы размæ æрыздæхтис. Куыста Цæгат Ирландийы, фæлæ коронавирусы пандемийы тыххæй, йæ куыст урæд æрцыд. Æрыздæхт Гуырдзыстонмæ, йæ хъæумæ, уæдæй фæстæмæ, йе ‘мхъæуккаг æвзонг фæсивæды теннисæй хъазын ахуыр кæны.

Кумелашвили Малхаз (динон ном - Маркъоз) Гуры эпархийы сауджынæй уыдис. Бæстæйы 2000-æм азты ныууагъта, æмæ нырма Америкæмæ ацыдис, уый фæстæ Европамæ.

«Афтæ рауади æмæ Ирландийы Республикæйы цардтæн, мæ куысты тыххæй. Бацыдтæн уырдыгон клубмæ æмæ дзы дæргъвæтин тренировкæты фæрцы, иузæрдыгæй, Ирландийы æмбырдон командæйы хъазыдтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, сениорты ‘хсæн, 45 азæй уæлдæр, Ирландийы æмбырдон командæйы мын цалдæр фембæлды дæр уыдис. Раст, уæдæй фæстæмæ райдыдтон хъазын, куыд уарзаг (любитель) теннисист æмæ-иу турнирты истон хайад. Куы-иу æнтыстджынæй, куы æнæнтыстджынæй, фæлæ стыр æнтыстдзинад у уый дæр, æмæ теннисæй куы хъазыс, ай ныридæгæн æнтыстдзинад у», - зæгъы Кумелашвили Малхаз.

Куыддæр коронавирусы пандеми райдыдта, афтæ йын Европайы ницыуал куыст уыдис æмæ ныр Гуры муниципалитеты Квахурелы цæры:



«Куы æрцыдтæн хъæумæ, тынг мæ фæндыди, цæмæй мæ фæлтæрддзинад алæвæрдтаин æвзонг фæсивæдæн, мæ бæллицц уыдис, цæмæй сæ сахуыр кодтаин цыдæриддæр æз зонын уый, æз мæхæдæг уарзаг (любитель) дæн. Теннис ахæм спорт у, æмæ кæд райдыдтай, уæд æй нал ныууаддзынæ æмæ мæ бафæндыд, цæмæй æндæрты дæр сахуыр кæнон. Хъыгагæн, æз æрæгмæ, 40 азы кары райдыдтон хъазын. Зындзинæдтæ мын бирæ уыдис, фæлæ теннис бирæ вазыгджындæр у: иу уый у æмæ пуртийыл раст хъуамæ хæцын зонай, дыккаг та - хъуамæ йæ раст ныппарай æмæ а.д. Уæдæ афтæ ноджы фылдæр кусын хъæуы æмæ тренировкæ кæнын хъæуы ай тыххæй», - зæгъы нын тренер.

Клубы, кæцыйы Квахурелы хъæуы Гуры муниципалитеты сарæзта – «StoneHole» хуины, кæцы хъæуы номы комкоммæ тæлмац у.

Клубы 12 квахурелаг ис, уыдон сæйрагдæр сты хъомылтæ. Æрвылбон тренировкæтæ кæнынц, сабат æмæ хуыцаубонæй дарддæр. Хъомылтæ æмæ тренер хъæуы мини-спортфæзыл æрæмбырд вæййынц:

«Ацы фæзуат къортъытæн нæу арæзт, фæлæ быдыры зæхх тынг фæлмæн у æмæ тынг зын лидзæн у пуртийы фæстæ. Хъазынæн нæй специалон фæзуат, фæлæ нæ тынг фæнды хъазын, æмæ нæ ныфс ис, кæй нын уыдзæнис искæд къортъытæ, ацы хъæуæн æнæмæнг уыдзæни къортъытæ», - зæгъы Кумелашвили Малхаз.

Куыд рабæрæг кодтам, афтæмæй хъæуы фарсхæцыны программæйы фæлгæтты, 50 000 ларимæ ‘ввахс Квахурелы хъæуæн рахицæнгонд ис. Уагъд æрцыд æмбырд æмæ теннисы фæзуат аразыны фæдыл æрывæрд фарст хъæлæсты фылдæр райста:

Æмбырдыл æрывæрдтой фарст. Æртымбыл кодтой къухфысттæ æмæ райст уынаффæйы тыххæй фехъусын кодтой мерийæн. Ацы хатт, Квахурелы æнхъæлмæ кæсынц дзуаппмæ уый фæдыл, кæд расиддзысты тендер нырма проекты хаххнывыл, уый фæстæ та – инфраструктурæйы аразыны тыххæй.

Квахурелæгтæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй теннисы къортъ арæзт æрцæуа хъæуы астæу, раздæры сабидоны кæрты. Раздæры сабидоны бæстыхайы та, ныртæккæ хъæуы бæрнонады офис ис æмæ æфсæнвæндаджы вагзалмæ æввахс у.

«Ацы раекткæтæ æмæ пуртитæ, ноджы хыз дæр нын балæвар кодта гуйраг профессионал теннисист Ахалкъаци Къоба, уый нын сæ сфинанс кодта. Тренировкæ райсом 7 сахатыл райдайæм. Цалынмæ хорз боныхъæд уыдзæнис, уæдмæ адарддæр кæндзыстæм тренировкæты. Зымæджы нын уый фадат нал уыдзæнис. Ацыран спортфæзы быдыр теннисæн æбмæлгæ нæу, фæлæ нын æндæр гæнæн нæй», - зæгъы тренер.



Æцæгæйдæр, мини-спортфæзыл теннисæй хъазын зын у. Ацы этапыл фæсивæд теннисæй хъазыны дæсныйады ахуыр кæнынц:

«Тынг вазыгджын у теннисæй хъазын, сæрыстырæй мæ бон у зæгъын, цæмæй бирæ спортæй вазыгджындæр кæй у», - зæгъы Кумелашвили Малхаз.

Квахурелы мини-спртфæзыл теннисæй хъазджытæм райсом 7 сахатыл æрбацыдыстæм. Мируашвили Никъа уыдонæй сæ иу у, кæцыйы тынг фæнды, цæмæй ацы спорты сахуыр кæна. Куыд уарзаг (любитель) хъуыды кæны, цæмæй пандемийы рæстæджы, хæдзары æрвитгæ рæстæджы, рæстæгæй-рæстæгмæ, хъаздзæнис:

«Иуылдæр хæдзары уыдтæн æмæ фылдæр рæстæг компьютеры раз бадтæн. Нал мæ фæнды раздæхон «уырдæм». Фæнды мæ змæлын æмæ физикон фæлтæрынад», - зæгъы Никъа æмæ нын раргом кодта, цæмæй сæйрагæйдæр англисагæвзагон хъæзтытæм æмæ кинофильмтæм кæй кастис:

«Иуылдæр англисаг æвзагыл хъуыстон хъазтытæм дæр æмæ кинофильмтæм дæр, тынг фæцайдагъ дæр англисаг æвзагыл», - зæгъы Никъа.

Англисаг æвзаджы æндæвдад теннисæй хъазты рæстæджы дæр зынди. Тренер æмæ ахуырдзау кæрæдзиимæ англисагау ныхас кодтой. Гуырдзыстоны теннисы райрæзт йæ райдиан исы XIX æнусы кæронæй, куыддæр Англисы фирмæ «Forward and Salinas»-ы æ Джон Тъарсей Чъиатурæйы бынæттон цæрджыты ног хъазтимæ базонгæ кодта. Зынгæ теннисисты æмæ педагогы, Ян Хомеры ралæвæрдæй, теннисы хъазты уынынмæ Церетели Иракъли дæр уыдис йæ бинонтимæ иумæ. Чъиатурæйæ теннис ахёлиу нырма Тбилисы æмæ Батумы, фæстæдæр та – æндæр горæтты дæр.
1910 азы Тбилисы арæзт æрцыд теннисы фыццаг æхсæнад, кæцы дыууæ азы фæстæ йæ куыст рæстæгмæ æрурæдта, 1916 азы та йæ фæстæмæ сног кодта.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.