Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Батъиури – Бестауты хъæу


Батъиурийы хъæу, кæцы Бестауашвилиты (Бестауты) хъæу уыдис, абон дзы æрмæст иу адæймаг – Пилишвили (Плиты) Дурмишхан цæры, уый ацы хъæуы сиахс у.

Дуби – афтæ йæ зонынц Пилишвили (Плиты) Дурмишханы Гъуананы комы (цæугæдон Дзамайы рахиз баиугонд).

Дуби рацæугæ у Трехуийы хъæуæй, цыран æрмæст сауджынтæ сты. Трехуийы æмæ Батъиурийы хъæуты кæрæдзийæ иу стыр хох хицæн кæны.

«Ам, ацы хъæды куыстон ме ‘взонг бонты æмæ мæ кæрдзыны къæбæр хъæды куыстæй ардтон. Фæлæ ныр базæронд дæн, 68 азы мыл цæуы... Стæй ам цардис иу сылгоймаг Бестауты Фартуша, зæгъгæ, ничи йын уыдис æмæ ацы сылгоймагæн æххуыс кодтон – хастон ын продукттæ, æмæ йæм зылдтæн. Стæй мын афтæ загъта: - «Цы бынæттæ мын ис уыдон, дам, дын ратдзынæн æмæ дам, мæ баныгæн», еныр æнæуи уыйас ницы уадиссаг бынæттæ сты, фæлæ сразы дæн æмæ мын куыд загъта, афтæ йын йæ фæндон сæххæст кодтон. Фæдзæхст мын радта йæ бынты тыххæй, нотариусы документ æмæ иу-дыууын азы онг ам цæргæйæ баззадтæн æмæ баззадтæн ам иунæгæй», - зæгъы Пилишвили (Плиты) Дурмишхан.



Пилишвили (Плиты) Дурмишхан сæйрагæйдæр хъæддзаутыл æмбæлы. Стыр уæзласæн машинæтæ уымæн йæ хæдзары цурты хъуамæ ацæуой æмæ рацæуой. Бон цухæй, æмæ йæ стæй сезонгай дæр уыдонимæ бахъæуы фембæлын. Карелы æрмæст пенсийы æмæ продуктты æлхæнынмæ ныццæуы:

«Фос дарын, хуытæ мын бирæ уыди. Хуыты фермæ дæр мын уыди, 92 хуыйæ фылдæр дардтон, фæлæ цыдæр африкæйаг хуыниз фæзынди æмæ сæ æвиппайды æрбаскъуыдта, стыр зианы ныххаудтæн. Ныртæккæ иу-дæсы онг фос дарын æмæ уыдонмæ зилын, уæдæ ам æндæр цы хъуамæ бакусай?! Ам бынæй цы быдыртæ ис, мæнмæ хауынц. Æз ам фыст дæн æмæ официалонæй мæныл фыст сты. Ам цæрын æмæ мын гектар æмæ 80 сæдæйæм радтой, æнæуи та мæм æмбæлы 5 гектар, куыд хъæуы цæрæгæн, æмбæлы мæм 5 гектар æмæ мын нæ дæттынц. Ацы фондз гектары мын не ‘ххæст кæнынц, куы цы аххосаг æрымысынц, куы цы аххосаг... Еныр хъуамæ бахæссон тæрхондонмæ хъаст. Æмбæлы мæм, нæ мæм æмбæлы? Цæуылнæ мын дæттынц, цæмæннæ мын æй оформит кæнынц? Æз ам иунæгæй цæрын мæхицæн, æдылы дæн, æви зæндджын – мæхицæн цæрын, никæй хъыг дарын. Ацæуын мæ пенсийы рæстæджы, райсын пенсийы æмæ дзы продукттæ балхæнын, ссæуын æмæ цæрын мæхицæн иунæгæй», - зæгъы Дуби

Ацы этапыл æппæтæй тынгдæр нуазыны доныл тыхсы. Суадон хъæуæй дæрддзæф у, æмæ уый тыххæй, нуазынæн цæугæдоны донæй пайда кæны:



«Еныр, адæймаджы бирæ цыдæртæ хъæуы, кæйфæнды дæр бафæрс, алчи дæр цыдæр цух у, цыдæр æй хъæуы, фæлæ кæмæй цы хъуамæ ракурай. Куыд иунæг-иу цæрæгæн ныртæккæ бирæ æххуыстæ ис, фæлæ дзы æз ницы уынын, - зæгъ-ма, цы дзы уынын? Еныр нæ ам цы хъæуы? - дон, ставд трубæйы цыдис, уæртæ хъæдгæрон ис дон, фæлæ иу аз сыджытзæй рацыди æмæ дон æрбайсæфт. Ныр куыд арахъхъ мизы афтæ цæуы уыцы дон дæр. Дон нæй хъæумæ ‘ввахс, цæмæй бацæуай æмæ дон рахæссай. Зæгъынц – æрцæудзыстæм, дам. Фæлæ чи хъуамæ æрцæуа ардæм? – фæндаг ам нæй, рухс ам нæй, дон ам нæй. Цы хъæуы дон нæй, уырдæм чи æрбацæудзæн? «Хъæутæм, дам, хъуамæ æркæсæм», зæгъынц закъонмæ гæсгæ – «Хъæутæм, дам, хъуамæ æркæсæм», уæд хъæутæн хъуамæ алцыдæр саразай, нырма хъуамæ фыццаг фæндаг саразай, цæмæй адæймаг ацæуа – æрбацæуа; дон хъуамæ саразай, стæй хъуамæ рухс саразай æмæ уый фæстæ хъæуты адæм цæрдзысты, уæдæ цы кæндзысты? Ардæм чи хъуамæ æрбацæуа? Бынæй Имерхеуы хъæуы кæрæдзи хæрынц хæдзæрттыл æмæ зæххытыл æмæ ардæм та æппындæр ничи нæ цæуы, куыд хъуамæ æрбацæуа?», - катайгæнгæ зæгъы нæ фысым.

Дуби нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ, хъæуы æцæгæйдæр Бестауашвилитæ (Бестаутæ) цардысты. Хъæу сæйрагæйдæр 1991 азы сафтид, гуырдзиаг-ирон конфликт йæ тæккæ тæмæны куы уыдис. Цæрджытæ Цæгат Ирмæ фæлыгъдысты:



«Ам фылдæр хайæ Бестаутæ цардысты иуылдæр, ам змæстытæ тынг бахъыг дардтой адæмы æмæ алыгъдысты, уый фæстæ пълан кодтой, ома фæстæмæ æрыздæхой, фæлæ ацы рæстæджы фæстæмæ чи хъуамæ æрцæуа, æндæра амæй хуыздæр æмæ фидардæр хъæу ам нæ уыдис, æвæццæгæн ай хуызæн хъæу Гуырдзыстоны никæцыран уыдис. Хъæздыгдзинадæй дæр хъæздыг цардысты. Ардæм-иу уазæг куы æрцыдис, уæд-иу æй иу хæдзарæй иннæ хæдзармæ рахон-бахон кодтой цæл кæнынмæ. Хæбизджынтæ-иу скодтой æмæ уазæг цы хæдзары уыдис, уырдæм-иу сæ хастой. Кæрæдзийы уарзтой, кæрæдзийæн лæггад кодтой, ахæм хъæу æндæр никуы уыди, Батъиури – Бестаутæ. Бирæйæ цардысты ам, фæлæ фылдæр Бестаутæ уыдысты... Бестауты хъæу у ай, тынг адджын хъæу уыдис. Ныртæккæ дæр тилифонæй куы фæныхас кæнын семæ, уæд дзы бирæ кæуын райдайы, - ныр, дам, уым дæ цуры куы фестиккам», - афтæ тынг уарзтой ам. Афтæ у, чи кæм райгуыры, уый уарзы, кæй зæгъын æй хъæуы. Тынг сæ бахъыг дардтой», - зæгъы Пилишвили (Плиты) Дурмишхан.

Хъæуы иунæг-иу бынæттон цæрæг зæгъы, цæмæй азты дæргъы бирæтæ хъуыды кодтой хъæумæ æрыздæхыныл, фæлæ сын нæ бантысти:

«Куы æрцæуой, цæмæй хъуамæ цæрой? Фос дарын сæ нæ хъæуы? Уæле цыдæриддæр зæххы фадгуытæ æмæ быдыртæ уыд, иуылдæр æлхæд сты. Ныр Дзæуджыхъæуæй ардæм куы æрцæуа, уæд ам куыд хъуамæ цæра, фос хъуамæ скæна æмæ стæй кæрдæг кæм хъуамæ æркæрда, фосы кæм хъуамæ хиза? Ахæм змæст у æмæ мæ бон ницы зæгъын у...», - зæгъы уый.

Куыд рауад афтæ, æмæ ныр, уый Трехуийы нæ, фæлæ Батъиурийы цæры? Дурмишханы йæ царды бирæ деталтыл дзурын нæ бафæндыд, æниу нын уæддæр раргом кодта, цæмæй йын дзæвгар фаг знæт æвзонг бонтæ кæй уыдис:

«12 азы æз ахæстоны дæр бадтæн. Цалдæр азы Украинæйы дæр ацардтæн Ивановско-Антоновскы облæсты, бенделтимæ, уым мын цыдæр бизнес уыдис, хорз цардтæн. Стæй мæ мад, ома фæрынчын æмæ мæ æрсайдтой хæдзармæ. Æрцыдтæн. Стæй нуазын байдыдтон, нæ зонын цыдæр маст мын уыдис æмæ нуæзтыл бафтыдтæн, уый фæстæ ныууагътон нуæзт кæнын æмæ ардæм ралыгътæн. Бынæй хæдзæрттæ, уæд дзæбæх уыдысты, дæле иу хæдзар сарæзтон æмæ уым цардтæн. Æмæ-иу мæм ацы иунæг ус цыдис, хæринæгтæ-иу мын хаста. Стæй ардæм ссыдтæн æмæ иумæ цардыстæм. Райдыдтон хъæды куыст кæнын, æртæхидон машинæ балхæдтон æмæ дзы хъæды куыстон. Стæй мæ бон куы нæ уал уыдис, уæд æй ауæй кодтон æмæ ам баззадтæн цæргæйæ. Æнæуи ахуырæй дæр у, адæймаг алцæуылдæр фæцайдагъ вæййы. Хæдзары иунæгæй дæр, Карелы куы цардтæн, уæд иунæгæй мæ бон иу минут дæр нæ уыд, æдзухæй биржайы уыдтæн, лæппутимæ иумæ. Фæлæ ныр сахуыр дæн иунæгæй. Ахуырæй у алцыдæр – зын у, кæй зæгъын æй хъæуы зын у иунæгæй, ныр тæрсын, мæ зæрдæ риссы, дохтыртæ мæ Тбилисмæ афыстой. Фæлæ мæ фос кæмæн ныууадзон? Лæппутæй ам ничи ис, Уæрæсейы сты æмæ ахæм фыдæбæтты дæн ныр. Ауæй сæ кæнон, - æмæ сæ иу æлхæд ничи кæны, æнæуи та, дын фæнды иу уæд, фæнды цалдæр, цы уæлдай у? Нæй ахæм æлхæнæг æмæ сæ иумæ балхæна, цæмæй сæ ауæй кæнон æмæ æз дæр мæхимæ æркæсон. Алкæй дæр лæварæй хъæуы æмæ лæварæн чи цы дæтты?»


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.