Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Левитъана
Левитъанайы хъæу Тъанайы комы цæугæдоны фæстаг хъæу у, цыран цæрджытæ цæры. Этникон азербайджайнæгтæй цæрæг хъæуæн йæ фылдæр хай ныридæгæн йæхи цæттæ кæны быдырмæ ацæуынмæ. Фос зымæгон хизæнтæм скъæрынц. Бынæттон цæрджытæ баххуырсынц куыд зымæгон, афтæ сæрдыгон хизæнуæтты дæр.

Ныртæккæ, хъæуы 60-ы онг цæрæг хæдзар ис. Уыдонæн сæ нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны: «Амалдзинад куы уаид, уæд алчидæр ам баззаид», - загътой нын левитъайнæгтæ.

Хъæуы алфæмбылай хизæнуæттæ уæйгонд сты. Приватизацийы фæстиуæгæн, зæххы хæйттæ сæйрагæйдæр уыцы гоймæгтæ балхæдтой, кæцытæ фос æппындæр нæ дарынц. Уый фæлтау, левитъайнæгтæ хизæнуæтты æххуырсынц (арендæйы исынц).

Æххуырсты ‘хца фидæм, куыд зымæджы, афтæ cæрды. Ай у фæстаг хъæу комы, ай фæстæ ис Цъалкъа. Æппæт хæрдзтæ махмæ хауынц – сæрды нæ фос ам сты æмæ фос-хизæнтæ баххуырсæм, зымæджы сæ быдырмæ аскъæрæм æмæ уым дæр æххуырсгæ бакæнæм; æххуырсæм ма фосы фермæтæ дæр», - зæгъы Байрамов Мамед.

Еминов Ибрагим Левитъанайы райгуырдис. Райдиан скъолæ хъæуы каст фæци, уый фæстæ – Карелы. Кой кæны, цæмæй хъæуы æвзонг фæсивæды 95% афтæ бакодта.



«Уæд ахæм ситуаци уыди. Куы фæуыдаис 4 къласы, уый фæстæ хъуамæ ацыдаис æндæр ранмæ. Нæ сыхаг хъæу Бошурамæ 10-15 км-ы у. Уырдæм фистæгæй чи фæцыдаид. Ныртæккæ ахуырдзауты микроавтобустæ ласынц. Мах рæстæджы афтæ нæ уыдис. Уый тыххæй, мæ акодтой Карелмæ æмæ уым каст фæдæн скъолæ. Гуырдзиаг æвзаг дæр уым сахуыр кодтон», - зæгъы Ибрагим.

Уый ныхасмæ гæсгæ, æндæр ранмæ ахуыр кæнынмæ ацæуыны фадат кæмæн нæ уыдис, уыдон хъæуы задысты. Афтæ уыдис хистæр фæлтæры заманы дæр, æмæ уый тыххæй бирæтæн гуырдзиаг æвзаг сахуыр кæнын нæ бантыст æмæ сын абон гуырдзиагау дзурын зын у:

Гуырдзиаг æвзаг нæ зонындзинад сын бирæ проблемæтæ кæны, уый нын Байрамов Мамед бамбарын кодта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ай расайдта ахæм цауты рæзынад, кæцы хъæуы цæрджыты æнæ хизæнуæттæй ныууагъта.



«Ам адæм уый не ‘мбæрстой, цы уæйгонд цыд æмæ цы нæ! Амæ гæсгæ, хъæуæн сæрмагонд хизæнуæттæ нæй. Хицауад хъуамæ ахъуыды кæна ацы фарстæйыл, æндæра тынг зынаргъ уайы фосдарынады рæзт», - зæгъы Байрамов Мамед.

Еминов Ибрагим нын дзуры, цæмæй хъæуы æнæмæнгхъæугæ кæй у стыр фермæты саразын:

«Адæм уæд æрлæудзысты хъæуы. Бынаты базилдзысты се стуртæм, сæ фыстæм. Тыхджын хъæу кæд уыдзæн, уæд тыхджын бæстæ уыдзæнис. Цас фылдæр лæмæгъ уыдзæн хъæу, уыйас бæстæ уыдзæн лæмæгъдæр. Бæстæйы фидардзинад хъæутæй цæуы. Куы афтид кæнынц хъæутæ æмæ стыр горæттæм куы цæуынц, нæ зайы картоф, нæй сын фос æмæ нæдæр дзидза ис. Уымæ гæсгæ, алцыппæт дæр зынаргъ кæны, алцыдæр кæрæдзийыл баст у рæхысау», - зæгъы Ибрагим.



Фосдарынæй дарддæр-ма, Ибрагимы ныхасмæ гæсгæ, Левитъана æппæты хуыздæр бынат у туризмæн. Туристæн иттæг хорз бынæттæ ис бабарæг кæнынæн.

«Туризм цæмæй райрæза, æнæмæнгхъæугæ у фæндаг. Фæндаг куы уыдзæн, адæм дæр нал ацæудзысты ардыгæй. Бирæ турист уыдзæнис æмæ хорз уыдзæн», - зæгъы Ибрагим.

Цалынмæ стурты æмæ фыстæ быдырмæ аскъæрой, уæдмæ уал хъуамæ зæххы хæйттæй тыллæг бафснайой. Ам сæйрагæйдæр, картоф зайы. Сонгулов Беглары ныхасмæ гæсгæ, хъæуы цæрджыты уæлдай тынгдæр фæндаджы проблемæ тыхсын кæны. Фæндаггаг Гурæй хъæуы онг 80 ларимæ ‘ввахс лæууы:

«Ссад цæмæй раласай Гурæй, 75 лари хъæуы. Фæндагыл та, 80 лари хъуамæ бахардз кæнай – ацæуын æмæ æрбацæуынæн. Ахъуыды-ма кæнут, цæйас хардз у», - зæгъы Сонгулов Беглар. Уый хъуыды кæны, цæмæй фыццаджыдæр хицауад фæндаджы проблемæ хъуамæ æрбæстон кæна.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.