Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Окросопели
Къудатъхъейы куы уыдыстæм, уым нын иу бынæттон цæрæг загъта, зæгъгæ, сывæллон куы уыдис, Окросопелийы скъоламæ цыд. Окросопелийы онг та 3-5 км-йы дарддзæг, дам, у.

Мах дæр уыцы фæндагыл араст æстæм. Кæцы фæндагыл дæр Къудатъхъейы сывæллæттæ 30 азы размæ 8 азон скъоламæ цыдысты.

Фæндаджы иу хай быдырыл цæуы, иннæ хай та – хъæдыл. Ахызтыстæм æдзæрæг Джагаратыхъæуыл. Ам бынæттон цæрджытæй ничиуал дзы ис, æрмæст иу адæймаг у, кæцыйæн дæр ферма ис арæзт. Фос æвæццæгæн хизынмæ уыдысты, бынатыл ныл нæ сæмбæлд.

Адарддæр кодтам нæ фæндаг æмæ разындис Сукиты хъæу. Ацы хъæуы 2 азы размæ уыдыстæм. Хъæумæ уæлейæ бахæстæг æстæм æмæ Чырыстийы номыл рагон аргъуан ауыдтам.

Уæдыккон репортажы уын радзырдтам, Сукиты хъæуы лæг æмæ ус, Бестауты Алёш æмæ Нанули Хачидзе кæй цардысты. Хъæуы ныл сæ фырт Бестауты Гела фембæлдис æмæ нын хъыгаг хабар дæр загъта – мæ фыд, дам, мын фарон амардис. Йæхæдæг Агарайы бинонтимæ иумæ цæры, фæлæ ацы фæстаг аз йæ мадимæ Сукиты цæры.



Бирæ рæстæг у быдыры дæр нæ уыддæн – загъта нын Гела. Балагъста кодта, цæмæй иу бæрæгбоны ацæуæм уым уазæгуаты.

Иугæр зымæджы райдиан у æмæ бон фæцыбыргонд у, адарддæр кодтам нæ фæндаг æмæ Окросопелийы хæрдыл дæр балæууыдыстæм. Ам дæр рагон аргъуаны хæлццæгтыл ахызтыстæм, кæцыдæр сыгъзæринхуыз ахоранæй ахуырст тулдзы бæлæсты у æмбæхст.

Къулты барæнæй базыдтам, рагон мидæнустон периоды кæй у арæзт, фæлæ хъуыды дæр нæ кодтам, Окросопелийы аргъуан Григол Хандзтелийы ахуыргæнинаджы арæзт куы уыдаид.

Окросопели хæхты хсан æвæрд хъæу у. Нывæц нын фенын кодта, ацы хъæуы фæстæ Хашуры муниципалитет куы уыдаид. Къудатъхъейæ Окросопелийы онг дарддзæг уымæй бирæ уыд, Къудатъхъейаг фысым куы æнхъæлдта.

Фактивонæй, етникон ирæттæй æрцæргæ хъæуты сывæллæттæ ацы фæндагыл, сæрмагондæй зымæджы зын уæвæрты цыдысты æмæ ахуыр кодтой.

Окросопелийы скæсæн фарсæй бацыдыстæм. Хъæумæ 3 фæндаг цæуы – æртæдæр æндæр сыхтæм. Дардæй бирæ хæдзар зыны, фæлæ куыд базыдтам, æрмæст 5 хæдзар цæры.

Сæрæй Богъишвилиты(Богъиты) кæртмæ быцыдыстæм. Æвзонг лæг нын куыд загъта, уымæ гæсгæ – ацы хъæуы тыххæй алкæмæй хуыздæр дæр раздæры ахуыргæнджытæ радзырдтайккой, кæцытæ дæр фарсон хæдзары цæрынц.

Афтæ базонгæ стæм Цыбырты(Чибирашвили) Вовайыл æмæ йе ‘мкъай Гаглойты(Гаглошвили) Альвинайыл. Вовайыл нырид 80 аз цæуы. Уый ахуыргæнæгæй кусын Окросопелийы хъæуы райдыдта, стæй Сураммæ ацыдис.

Гаглойты Альвина дæр ахуыргæнæгон куыст Окросопелийы скъолайы райдыдта. Суинаг æмкъайыл дæр раст уым базонгæ ис. Стæй, Окросопелийы скъолайы сæхгæныны фæстæ, кусын Карелы 2-аг публикон скъолайы адарддæр кодта. 5 аз у, пенсион кары тыххæй кæй ныууагъта скъола. Ацытæккæ лæг æмæ ус хъæуы цæрынц.



Уыдон нын куыд загътой, уымæ гæсгæ – хъæуы 80-онг хæдзар цардис, 8 азон скъолайы дæр 80-онг сывæллон ахуыр кодта.

Хъæу сæйрагæй 1990-æм азты «ирон-гуырдзиаг конфликты» рæстæджы федзæрæг. Етникон ирæттæ Цæгат Ирмæ алыгъдысты. Сæ иу хай та Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр горæтты цæрынц.

Хъæуы баззайæгтæ куыд банысан кæнынц – æвзæр фæндаджы тыххæй бирæ проблемæты ныхмæ лæууынц:

«ацы фæндаг нын тынг хъыгдары. Хъæбултæ кусынц, стæм хатт æрцæуынц. Хъæбулы хъæбултæ дæр æрмæст 10 боны-иу куы фæрæзынц ам, стæй та цæуынц. Стæй та боныгъæдмæ кæсынц, цъыфы рæстæджы сæ бон ахизын нæ уыдзæн. Ахæм зæхх у æмæ цъыф куы уа, уæд хæдтулгæ бынмæ быры» - загъта нын Альвина.

Уый æрхъуыды кодта иу истори, се ‘мхъæуггон, Богъишвили(Богъиты) Циурийæн йæ къух куы фæцæф ис хырхæй. Тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæ хъæумæ не ссыд:
«хæдтулгæ не ссыд хæрдыл. Хæдтулгæ быры. Фæдзырдтой æххуысмæ. Махæн кæй онг дæр сси нæ бон, уый онг акодтам сылгоймаджы. Куыддæртæй æрхæццæ стæм уый онг. Тынг æвзæрæй хъуыды кæнын уыцы боны» - зæгъы Альвина.

Хъæумæ елоктроенерги 5 азы размæ бакодтой. Уæдмæ, 26 азы дæргъы сын рухс нæ уыдис. Нуазыны доны хæтæлттæ дæр нымонтаж кодтой, фæлæ нуазынæн нæ бæззы æмæ нæ дæр пайда кæнынц уымæй. Хъæуы суарæй та тынг цъус дон цæуы.
Æнæкæсгæйæ ууыл, хъæуы сын бирæ проблемæ кæй ис, ахуыргæнджытæ тынг бавзæрынц бæстæй цæугæ процесстæ – опозици æмæ позицийы хсан цы быцæудзинад ис, уый:

«мæн фæнды сабырдзинад куы уа бæстæйы. Телевизормæ цы кæсын, тынг æй бавзæрын» - дзуры Гаглойты Альвина.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.