Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Абалакъи Гиви – 86 аздзыд фермер Гуры муниципалитетæй
Уыцы боны, мах куы бацыдыстæм, уæд æй æнкъадгомау баййæфтам. Йе ‘мкъай æнæфæразон уыд æмæ йæ зонд, йæ хъуыдытæ иуылдæр уыйæрдæм уыдысты. «Дохтырмæ йæ акодтой æмæ æз дæр хæдзары нал æрлæууыдтæн. Æниу, мæ ныфс ис æмæ æппæтдæр дзæбæх кæй уыдзæн», - йæ мидбылты нæм бахудти æмæ нын загъта, цæттæ кæй у, цæмæй нын йæ ивгъыд царды æмæ йæ абоны æнтыстыты тыххæй радзура.

«Дыууæ хатты вакцинаци дæр скодтон, æмæ мын нæдæр ницыхуыз карздзинад уыдис, нæдæр мæм корона æввахс æрбауæндыд æмæ йæм нæдæр æз цæуын æввахс, уымæн æмæ никуыдæм ацыдтæн», - загъта нын уый, куы йæ бафарстам, зæгъгæ, цы фæд ныууагъта ууыл пандеми:

«Уый тыххæй дæн ахæм зæрдæйы уагыл, æмæ ноджыдæр бирæ хъуыддæгтæ сараздзынæн», - загъта нæ фысым.

86 аздзыд Абалакъи Гиви Бербукъы хъæуы цæры. Ис ын ферма, дыргъдæттæ, мæнæуы хуымтæ, куырой. Муниципалитеты иуæй-иу æнтыстджын фермерыл нымад цæуы. Кой кæны, цæмæй уый æнæсаст зæххыл зын уавæрты бирæ фæкуыста.

«Хæринаг-иу куы æрбахастой кусæн бынатмæ, уæд-иу хæрынæн нæ бæззыд. Уæлдайдæр та-иу борщы уыдис бындзытæ. Æсуыгътон сæ-иу уидыгæй æмæ иу æй стæй адджынæн бахордтон. Зæгъæн ис æмæ 20 сахаты куыстон суткæйы мидæг. Фынæйы рæстæджы, комбайнертæ хъæмп сыгътой. Сыджыты хъарм кодтам, стæй-иу æй рахафтам æмæ йæ сыгъдæг кодтам сыгъдонæй æмæ йыл ног хъæмп æвæрдтам. Стæй йыл хъæццул (одеяло) æмбæрзтам æмæ афтæмæй фынæй кодтам. Æнæсаст зæххыл æхсæвы сахатты ахæм уазал уыд, æмæ тынг зын у уыцы уазалæн æнцонæй бафæразай. Комбайны гуыффæйы-иу ныууагътон мæнæуы, æмæ-иу уырдæм ныббырыдтæн æмæ афтæ фынæй кодтон».



«Иухатт, æвæццæгæн, сыджыт дзæбæх нæ рахафтон сыгъдонæй æмæ куы бафынæй дæн, уæд банкъардтон, цыдæр мæ риссы, дуды. Райхъал дæн, схæцыдтæн хъæццулыл æмæ йыл куыддæр уддзæф сымбæлди афтæ арт сцырын. Райхъал сæ кодтон иуылдæр, æндæра, чысыл-ма хъуыдис æмæ басыгъдаиккам. Уый фæстæ сæрæй рахафтон сыджыт æмæ та ногæй бафынæй кодтам. Ай, ахæм бонтæ арвыстон æнæсаст зæххыл», - кой кæны Абалакъи Гиви.

Сабибонты азтæ тынг уæззау уавæрты арвыста. Фыд дыккаг дунеон хæсты фæмард. Мад хъæбулты тыхст уавæрты хъомыл кодта – хæринагæй дæр цух æййæфтой æмæ дзаумайæ дæр.

«Мæнæн стыр ахъаз бакодта мæ фыдыфсымæр (мадыфсымæр), кæцы аудыдта махыл. Куы рахъомыл дæн, уæд ын æз æххуыс кодтон – бабадтæн-иу бæхыл æмæ-иу фосы раскъæрдтон. Афтæ райдыдта хъæууон хæдзарады мæ куыстдзинад».

Абон бирæ адæймаг зындзинадыл куы ныхас кæны, уæд уымæ уый æппындæр дис нæ кæсы:



«Куы райдайынц ныхас кæнын зындзинадыл, худæг мæм кæсы; худгæ сыл нæ кæнын, æнæуи мæм худæг кæсы. Зындзинад цы у, уый нæ федтой. Зындзинад уый уыди, æз чысыл куы уыдтæн уæд. Хæринаг нæ уыдис, дарæс нæ уыдис... радзурон æви йæ ма радзурон, уый дæр нæ зонын», - зæгъы Абалакъи Гиви.
Нырма ноджы 27 аздзыд уыди, коммунистты рæстæджы, Карелы районы Бреты хъæуы советон хæдзарад йе вджид бакодтой. Мысы, цæмæй бирæ партион кусæг йе снысанмæ уæд гуырысхойаг цæстæй кастис – нырма, дам, æвзонг у, зæгъгæ.

«Фæлæ, иу афæдзмæ æз равдыстон, цæмæй мæ бон кæй у ацы хæдзарадæн къухдариуæг кæнын. Тыллæг дæр хорз æрзайын кодтон æмæ хорзæхтæ дæр райстон», - мысы Абалакъи Гиви.

Уæдмæ та, Бербукъы хæдзарады механикæй куыста. Раст æй, уырдыгæй акодтой Бреты хæдзарадмæ. Раст, Бреты райсгæ æнтыстыты тыххæй, йæм хицауады бæрнонад хъусдард аздæхта.

«Разындтæн адæмы æмæ хицауады цæсты. Фæстиуæгæн уый, æмæ аккаг аргъ скодтой мæ гæнæндзинадæн. Фæскомцæдисы бакуыстон, уыдтæн районы фæскомцæдисон организацийы дыккаг нымæрдар (секретарь), стæй уыдтæн фыццаг нымæрдар, уый фæстæ сдæн партийы райкомы орнанизацион хайады гæс.

«Куысты аргъ зыдтон: зыдтон афтæ ноджы цы хъуыдис куыстæн. Стыр фæлтæрддзинад æнæсаст зæххыл куысты рæстæджы райстон. Уым комбайнер дæр уыдтæн, тракторист дæр уыдтæн æмæ афæдзы мидæг 2 тоннæ мæнæу дæр мын дæтттой. Тынг тыхст цард кодтам æмæ уый стыр æххуыс уыди нæ бинонтæн», - зæгъы Абалакъи Гиви.

Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ, Абалакъи Гиви хæдзарады райрæзын кæнын йæхи сæрмагонд зæххы хæйтты райдыдта. 1992-95 азты, Гуырдзыстоны æртыккаг æрхуынды парламенты уæнг дæр сси.



Æниу, фæстагмæ, уæддæр хъæуы хæдзарады райрæзты секторы баззад:

«Уæд, уыцы азты уыдтæн, æмæ мæ бон уыди хисæрмагонд хæдзарадæн къухдариуæг кодтаин. Райдыдтон пъамидоры тыллæг æркæнын, халсæртты тыллæг æркæнын. Тыллæг æркæнæг дæр мæхæдæг уыдтæн æмæ реализатор дæр... Донхорыг кæныны рæстæджы дон нæ фаг кодта, æхсæвыгæтты иу рауагътон дон дыргъдæттæм. Фæтæгены фонаримæ рацу-бацу кодтон æмæ афтæмæй уагътон дон. Æппæтæй сæйрагдæр уый уыдис, æмæ дырысæй зыдтон цас тыллæг хъуамæ райстаин æмæ йæ стæй реализацийы куыд хъуамæ ауагътаин. Ай та уый нысан кæны æмæ алцыппæт дæр раст хъуамæ спълан кодтаин», - зæгъы Абалакъи Гиви.

Абон уымæн йæ куысты æххуыс кæнынц йæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ. Ныфсы цæстæй кæсы сомбонмæ – ныридæгæн хъæбулы хъæбулты номæй.

«Тауын алыхуыз нæмыгонтæ, дыргъдоны зайы алыхуыз дыргътæ, халсæрттæ. Уæлдайджынæй реализаци кæнын продукцийы. Ацы аз нæ бахъуыдис ног техникæйы балхæнын æмæ цæхæрадоны донпырхгæнæн системæйы саразын. Бацыдтæн Базисбанкмæ æмæ хæс (кредит) райстон 4 азы æмгъуыдæй. Ацы аз мæ дзæвгар бæрцы суммæ хъæуы бахæссын банкмæ. Ис мын уый ресурс, цæмæй рæстæгыл бафидон кредиты. Нæ фермæйы фос дыгъд цæуы механиконæй. Не хсырыл тынг стыр домынад ис. Ацы хъуыддаджы хайад исынц хъæбулы хъæбултæ æмæ чындз. Уыдон зæрдиагæй æххæст кæнынц ацы хъуыддаг», - загъта нын Абалакъи Гиви

Йæ иннæ азы пълан у ахæм: 11 гектары бæсты, нартхор 6 гектарыл байтауа, донпырхгæнæн системæ спайда кæна æмæ уыйас тыллæг æрзайын кæна. Фæлæ расæрибаргонд бынатыл та хъæбæр хор байтауа.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.