Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Самгоры районы иу уынгыл, ирон поэты æмæ тæлмацгæнæджы Бестауты Георгийы ном сæвæрдтой
Aдвокат Бадри Манджавидзейы инициятивамæ гæсгæ Тбилисы, Самгоры районы иу уынгыл, ирон поэты æмæ тæлмацгæнæджы Бестауты Георгийы ном сæвæрдтой.

Бестауты Георгий Гуры районы гуырд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг уыд. Уый гуырдзиаг æвзагыл ратæлмац кодта Хетæггаты Къостайы æмдзæвгæтæ; ирон æвзагыл – «Стайыцармдæрæг» æмæ ноджы бирæ гуырдзиаг фыссæгты айвадон фыстытæ. Поэт иу рæстæг журнал «Ирыстоны» сæйраг редакторæй куыста Цхинвалы.
Йæхæдæг идейы автор куыд банысан кодта – «ныффæстиат хъуыддаг уыд йæ саргъ кæнын.»

Адвокат æмæ барты хъахъхъæнæг Бадри Манджавидзе 2019 азы декабры мæйы Цхинвалы уыдис æмæ бабæрæг кодта поэты ингæн. Цхинвалæй куы æрæздæхт, Тбилисы муниципалитеты уагдонмæ бахаста хъусинаг, цæмæй Тбилисы иу уынгыл сæвæрдтайккой ирон цытджын поэты ном. Уагдон ацы хъуыддаг фарон аскъуыдздзæг кодта æмæ Самгоры районы иу уынгыл Бестауты Георгий ном сæвæрдтой æмæ 2021 азы декабры ацы уынгыл разындысты уынджы æвдисæг баннертæ дæр.

«Ирон æмæ гуырдзиаг адæмттæн ныффæстиат, фæлæ арфæйаг хабар у, æрæгмæ хуыздæр у – куыд фæзæгъынц æмæ еныр Цхинвалы рад у! Æцæгæй æмбæлы ацы лæгæн йæ ном макуы уæд рохуаты, уыцы сахары дæр кæм архайдта йæ царды фæстаг азты.» - загъта Бадри Манджавидзе.
Поэт 1978-æм азы фæзиан, ныгæд у Цхинвалы уæлмæрды.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.