Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Ахалгуры фæзиан 70 аздзыд нæлгоймаг, æрфæстиат медицинон æххуысы тыххæй
Де-факто Хуссар Ирыстоны хицауады æрфæстиат реакцийæн Ахалгуры районы ноджы иу цæрæг фæамæттаг. 70 аздзыд Тенгиз Мартъиашвили, Ахалгуры районы Мартъианы хъæуы цæрæг, хæлцагон интоксикацийы диагнозæй – нырма Ахалгуры, æмæ стæй Цхинвалы рынчындонмæ акодтой. Куыддæр æмбæстагон активист Тамарæ Меарахъишвили «Эхо Кавказамæ» лæвæрд интервьюйы дзуры:

«Тенгиз Мартъиашвили, 70 аздзыд, дард Мартъианы хъæуы цæрæг, уым фыццаг медицинон æххуысы пункт дæр дзы нæй. Лæг тыхджын уыдис. Йæ чызг Мегиимæ иумæ фосдарды куыст кодта. Фыд æвзæр куы ссис, чызг бирæ хатты фæсидтис тагъд æххуысмæ, стæй районон рынчындонмæ акодта, цæмæй Тбилисмæ акæныны бар систаид, фæлæ зæронд лæджы нæ ауагътой, хæлцагон интоксикаци йын æсбæлвырд кодтой æмæ уыцы дыууæ бон хуыссыдис Ахалгуры рынчындоны. Уый фæстæ та акодтой Цхинвалмæ, уым цыппар бон арвыста. Меги Тбилисмæ ауадзын куырдта. Фæстагмæ та «Сырх дзуары» æххуысæй ацæуыны бар радтой. Пациенты Мцхетæйы клиникæмæ бакодтой, æмæ мæгуыр зæронд иу боны фæзиан. Куыддæр дзы разынд, ныффæстиат уыд ныридæгæн. Уый фæстæ иу хъæлæба кæнынц, ацы хабары хайадисджытæ – дохтыртæ æмæ Ахалгуйраг чиновниктæ, кæрæдзийы аххос æмæ рæстдзинады агурынц.»

Уыцы факт дæр фæнысан кæнинаг у, ацы цау фыццаг куы нæ æрцыдис. Гуырдзыстонæй контролгонд территоримæ пациентты госпитализаци æнæформалæй ног къухдариуæгады æрлæууынæй райдыдта:

«19-æм хурхæтæнæй районы нын ног къухдариуæгад ис. Нæ йæ фехъуыстон кæд ахæм скъуыдздзаг рахастой, æмæ районон рынчындонæн бардзырдтæ радтой, фæлæ сæ æрцæуыны фæстæ Тбилисмæ уæззау рынчынты госпитализаци дæр дзы фæурадтой. Уыдоны ныннысан кæныны фæстæ нын æртæ цау уыдис, уæззау рынчынты хæстæджытæ куы куырдтой Тбилисмæ сæ уадзын хоскæнынмæ, фæлæ сæ æсдауд кодтой. Иу цау та трагедийæ фæцис – лæг фæзиан.» - банысан кодта Тамарæ Меарахъишвили.

Мардгоймаджы хосгæнæг дохтыртæ банысан кодтой æмæ анализтæм гæсгæ Тенгиз Мартъиашвилийæн Хъырым-Къонгойы геморрагикон тæвднизы сепсисæй фæзиан. Низ хоскæнын æмæ пациенты аирвазын сæ бон уыд, фæлæ йæ хъæугæ зынаргъ рæстæг фесæфт. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, клиникæйы куы бахауд, ныридæгæн æнæмадзал уавæры уыд.

Сæфт зынаргъ рæстæг уыцы æхсæз бон у, кæцыты дæргъы пациенты æсдауд кодтой Гуырдзыстонмæ госпитализацийыл. Ай куы нæ уыдаид, уæд ницы аххосæг Хуссар Ирыстоны хицауады ныхмæ нæ уыдаид!

Ацы цауыл йæ хъуыды загъта Цхинвайлаг æмбæстагон активист Цыхуырбаты Тимур, уый йæ фейсбук фарсыл фыссы:

« Тынг æмæ тынг фæдисон хъусинаг райхъуыст ног хицауадыл, сæ лæмæгъдзинады тыххæй( æхсæз боны аскъуыдздзаг кодтой фарста, кæцыйы аскъуыдздзаг кæнын дæр цалдæр сахаты уыд сæ бон) Фæстиуæгæн, Ленингоры районы фæстиат медицинон æххуысы тыххæй нæлгоймаг фæзиан. Аслам политикон амбициты уацар æссис адæймаджы цард. Гаглойты Алан серёзонæй хъуамæ фæхъуыды кæнæд, кæй аххосагæй æрцыдис ацы трагеди, æмæ тылиф кæнæд йæ фæлхатт кæнын. Æз мæхæдæг æстыр ныфсытæ æвæрын нæ ног хицауады.»
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.