Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Æхсæв дæр дзы нывæзт кæнын» - цард Гуердзинеты
«Цал хатт дæр дзы телефоны фыссæн райхалын, уыйас уæ номыр ауынын æмæ та-иу фæзæгъын: ех, ацы сывæллæттæ куы нал разындысты æмæ мæ æвæццæгæн ферох кодтой. Фæдзурон сæм? Нæ сæм фæдзурон? Фæлæ ногæй та-иу æрæвæрын ацы фыссæны фæстæмæ.» - дзуры Хæбæлаты Вера.

Уымæ раст пандемийы рæстæджы уыдыстæм æмæ бæрæг кодтам куыд æххуыс кодта бынæттон хицауад зæрæдты, кæцытæн сæ бон цæуын нæ уыдис.

Официалон зонæнтæм гæсгæ, Верайыл ныридæгæн 83 аз цæуы, фæлæ нысан кæны æмæ гæнæн ис йæ райгуырæн нымæцаг 2-3 азæй æрæгмæ ныффыстой, цæмæй йе ‘нæфон чындзы цæуын истæмæй сраст кодтайккой.

16 аз ыл цыди чындзы куы арвыстой. Цардис Дуцеты, стæй йе ‘мкъайимæ Тбилисмæ ацыд цæрынмæ. Йæ сывæллæттæ куы бахъомыл æсты, 1990-æм азты Гуердзинетмæ, йæ фыды хæдзармæ рæздæхтис.

Хъæумæ рæздæхты рæстæджы йæ фыдыус нæма æгас уыд, фæлæ ахæм агрессивон нал уыдис, куыд раджы. 1990-æм азты хæсты рæстæджы, йæ фыдыус Дзæуджыхъæумæ алыгъдис æмæ уым фæзиан.



Еныр Вера Гуердзинеты йæ фыды хæдзары иунæгæй цæры. Сывæллæттæ алыбонæй телефонæй йæм дзурынц. Уый зæрæдтæй иу у Гуердзинеты, кæцы хъуыды кæны 1990-æм азты агъоммæ хъæуы цы уавæр уыдис. Гуырдзыйаг-ирон конфликты рæстæджы Гуердзинеты етниконæй ирон цæрджытæ цардысты.

«Тбилисæй куы рцыддæн, уæд алырдыгæй хъæдкуыйтæ æмæ бирæгътæ хъеллау кодтой. Хæдзæрттæ иуыл афтид уыдысты.» - йæ зæрдыл лæууын кæны Вера.

Гуердзинеты хъæуы ирæттæй æрмæст Вера баззадис. Хæст, хæццæдзинад æмæ мæгуырдзинадмæ æнæбакæсгæ Вера йæ фыдæлтыккон хæдзар уæддæр нæ ныууагъта.

«Ам бирæ адæм цардысты, фæлæ хæсты рæстæджы алыгъдысты, æнæформæлтæ сæ асырдтой. Стæй æрцардысты ачъайрæгтæ æмæ мæ уд сæ фæхъхъæу фæуæд. Тынг дзæбæх адæм æсты. Сыхæн уыдон хуызæн адæм, нæ зонын… Тбилисы дæр царддæн, фæлæ адоны хуызæн адæмы никуы федтон. Тынг мæ аргъ кæнынц.» - дзуры Хæбæлон.

Гуердзинеты æввахсæй æввахсмæ 15-20 хæдзар цæры, кæцытæ сты эко-лигъдæттæ Ачъарайæ. Уыдон 1996 азæй разындысты. Хъæуы кой кæд ис абон, уый эко-лигъдæтты руаджы, æндæра уыдон куы нæ уыдайккой, уæд Гуердзинетыл дæр ахæм бон æрцыдаид, куыд Тæрсджын æмæ ацы комы æндæр афтид хъæутыл.



«Абон белæй скъахтон. Еныр та мын ай баззадис скъахинаг.» - цæхæрадоныл дзуры.

«Ам мын иуылдæр нартхор æмæ хъæдур уыдис тыд, фæлæ алцæмæндæр хицау хъæу. Кæд кусын нæ уарзыс хъæбул… хъуамæ змæлай. Мæнæ æрдæг ус дæн, фæлæ æхсæв дæр дзы нывæзт кæнын, дыггаг бон цы хъуамæ саразон. Ойы, уæдæ… мæхицæй не ‘ппæлын. Скъахтон, срывдтон. Еныр халсар байтаудзынæн, пъамыдор.» - дзуры нын Хæбæлаты Вера æмæ нын фенын кæны куыд уарзы цæхæрадоны рауай-бауай кæнын.

Йæ райгуырæн хъæу уарзон сылгоймагæн йæ сабибонтæ рыстæй æрлæууынц йæ зæрдæйыл æмæ никæцы сывæллонæн йæ зæрдæ нæ зæгъы уый, йæхæдæг цы бавзарста йæ царды мидæг.



«Мæхуызæн сывæллон ма схъомыл уæд. Æнамондæй, æфхæрд; мæгуыр сывæллон уыддæн, дзæгъæл, сидзæр, фыдыусы къухы. Мæ фыдыус мæ туг дойныйæ нуæзта. 16 аз дæр мыл нæ цыдис, арвыстой мæ чындзы. Чындзæсæв нын уыдс, уæдæ æнæ чындзæхсæв мæ фыд мæ куы амардтаид. Тынг карз фыд мын уыдис. Чындзæхсæв уаг æмæ æгъдау куыд домдта, афтæ скодтам æмæ ацыдыстæм стæй. Мæ лæг мæ ныр Дуцетмæ акодта, стæй Дуцетæй Тбилисмæ ацыдыстæм. Тбилисы кирайыл уыдыстæм æмæ уым цардыстæм. Афтæ, зындзинады. Стæй цъусгай-цъусгай нæ къахыл æслæууыдыстæм. Бирæ мæгуырдзинæдтæ федтон хъæбул, бирæ, фæлæ еныр мæ сывæллæттæ уой дзæбæх, æз мæнæ зæронд ус дæн.» - дзуры нын Хæбæлон.

Ирæттæй уагъд хъæуы, ачъайраг эко-лигъдæтты цалдæр хæдзар æрцардис. Уыдон фосдарды куыст кæнынц, фæлæ хъæуæн сæрвæтты проблемæ дзы ис, цæй тыххæй дæр ма цæрджытæн фос дарын зынæй зындæр вæййы.

Мераб Хозреванидзе æмæ йæ бинонтæ бирæ рæстæг у Гуердзинеты хъæуы куы æрцардысты. Уыдон дæр ачъайраг эко-лигъдæттæ сты. Мераб тынг тыхсы, хъæу фæсивæдæй кæй федзæрæг ис, ууыл, уымæн æмæ йæхæдæг куыд дзуры – хъæуы куысты фадат нæй.

«Никæй уал хъæуы хъæу. Уавæртæ дзы нæй, куыст дзы нæй æмæ уымæн. Иу мæнæ гыццыл цех у конд æмæ исты хуызы уæддæр кусынц цалдæр хæдзары бинонтæ. Хъуамæ нын уа нæхи хъуыддагад. Исты кæд æрзайдзæн æмæ йæ ауæй кæндзынæ, уый у сæйраг. Æндæр дзы ницы ис. Зын у адæмæн, тыхджын зын, фæлæ цы сараздзынæ…» - дзуры Мераб Хозреванидзе.

Мерабы радзырдмæ гæсгæ, йæ бинонтæ уæддæр сæйрагæй фосдардæй цæрынц, фæлæ хъæуы фос куы никæмæн ис, йæ дарын уымæн дæр фæзын ис.

«Сæрвæттæ уæлейæ сты, 7 километыры. Уырдæм сæ куы атæрон æмæ куы хизой, уый мæ бон нæу. Иу 10 гектар зæхх нын ис æлхæд, фæлæ хъæуы ныридæгæн фос нал ис. Æртæ сæр мын хъуццытæ ис æмæ тыхфæлгъуыдæй сæ хизынмæ тæрын. Афтæ сæ нæ ауадздзынæн. Ауадзон æмæ искæй тыдмæ хъуамæ бацæуой, кæнæ та искæмæн исты фехæлой æмæ сæ фæдыл зилын æз дæр, уæдæ цы бакæнон… ауæй кæнын дæр мæ бон нæу. Æндæр фадат дзы нæй. Кæд цæрыс, уæд афтæ хъуамæ фæцæрай, кæннод та ма хъуамæ дарай фос.» - тыхсы Мераб Хозреванидзе.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.