Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Лазаре æмæ никозаг сывæллæттæ
Лазаре Къомахидзе Никозмæ фыццаг 2008 азы 8 майрæмы мæйы бахауд. Ай уыцы бон, Уæрæсейы арми Гуырдзыстонмæ куы æрбабырста æмæ хæст куы райдыдта. Дзуры æмæ Никозмæ Бордзомæй ацыд, цæмæй фыд Исайаы, Никоз æмæ Цхинвалы епархийы раздзоджы фарсмæ лæууыдаид.

«Бордзомæй ацыддæн Никозмæ. Нырма Гурмæ ныццыддæн. Загътой мны, транспорт, дам, нæ цæуы. Стæй мын иу лæг афтæ, цъус фæстæ хæдтулгæ, дам, ацæудзæн Никозмæ. Рараст дæн ацы хæдтулгæйæ Никозмæ, фæлæ кæронмæ не ссыдис. Фæндаг уыдис æхгæд, танктæ сæхгæдтой фæндаг. Уæд ма ноджы не ‘фсад лæууыдис. Æз къахæй рацыддæн хъæуы йонг» - йæ зæрдыл лæууын кæны Лазаре.

Уырыссаг авиаци хъæу ныббомбæ кодта. 11 майрæмы мæйы Никоз ныууагътой, басыгъдис Никозы епархийы резиденци дæр. Фыд Исайа æмæ Лазаре Ахалгуры районмæ ацыдысты, кæм цыдæр периоды дæргъы цардысты, стæй нæуæгæй Никозмæ рæздæхтысты.
Уый фæстæ Никоз Лазарейæн иуæй-иу хуыздæр бынатæй фестад.

«Царддæн монастиры æмæ ардыгæй бахæстæг дæн Никозы цæрæг сывæллæтимæ. Сыгъдæг фыдæн ис хуыцаубонон æскъола. Ацы скъолаимæ дæр мын уыдис æмахаст, куыстон дзы ацы скъолайы.» - дзуры Лазаре.



2015 азы хуыцаубонон æскъолайы кæрты къæдзæхмæцæуджыты клуб сфæлдыста, фæлæ къæдзæхыл бырыны къул гом тыгъдады сарæзта:
«2017 азæй тох кодтам, цæмæй исты гыццыл стыруат сарæзтайккам, кæнæ агъуыст ссардтайккам кæм гæнæн уыдаид кæнæ тыгъдады, кæнæ та къулты ацаразын» - дзуры Лазаре Къомахидзе.

Лазаре ныр Тбилисы цæры. 17 аз ыл цыдис, удон семинаримæ куы бадæтта. Стæй, цыдæр период, моладзаны цардыл балæууыдис. Йæ ныхæстæм гæсгæ, адæймагæн моладзанон царды фæлтæрддзинад нысаниуæгджын у. ацы азтæ йын бирæ цыдæр бафтыдтой, райста цæрды фæлтæрддзинад:
«Алцыппæтмæ дæр æнæбакæсгæ, мæхи мидæг уæддæр адæмон цард фæуæлахиз, фæлæ мæнмæ гæсгæ, моладзанон цард мын бирæ цыдæр радта» - дзуры Лазаре.

Никозы уæвыны рæстæджы райдыдта сывæллæтты бæллиццты сæххæст кæнын. Йæ зæрдыл лæууын кæны, Дзеджы сывæллондоны цæргæйæ, кæм йæ мад куыста, ахуыр кодта кæдзæхыл бырын:

«Мæ мад куыста Дзеджы сабидоны. Мæнæ мын цæй тыххæй ис ацы спорты стыр уарзондзинад. Мах дæр уым хъомыл кодтам хъæбултæ, хотæ æмæ æфсымæртæ. Уым уыди иу æвзонг ахуыргæнæг, къорд чи æртымбыл кодта, уый. Райдыдта мах цæттæ кæнын. Тагъд та акодта нæ ерысмæ æмæ йеуæд, мæхæдæгæй, мæ царды фæзындис нысан, цы тынг нысаниуæгджын рауадис мæнæн, зæгъгæ, исты æнтыст райсын адæймагæн йæ бон уыд æмæ мæ нысан дæр абон, ацы сывæллæттимæ уый у æмæ исты сын сахуыр кæнон æмæ сывæллæттæ уой ахæм, басæттыныл куы нæ сахуыр уыдзысты. Алыхатт дæр хъуамæ тох кæной ацы царды, цæмæй исты æнтыстдзинад райсой.» - дзуры Лазаре Къомахидзе.



Лазаре нын æмбарын кæны, цæмæн у нысаниуæгджын сывæллæттæн къæдзæхыл бырын:

«Абсолютонæй алы хæцъæф æмæ хъуымац исы хайад бырыны рæстæджы. Æрмæст физиконæй нæ, фæлæ зондæй дæр, менталонæй тынг æххуыс кæны. Ай у ныхмæлæууддзинæдтыл ахизыны фадат æмæ абсолютонæй алы сывæллонæн хъæугæ у, цæмæй исты зындзинадыл фæтых уа. Ай у мæ хъуыды. Ай æппæтдунейон медицинæ дзуры, зæгъгæ, кæдзæхтыл бырын иуæй-иу хуыздæр спорты мыккагыл нымад у, кæцы сывæллоны размæдзыд тынг кæны. Абон сын нырид аутистон спектры сывæллæттæ ис ацы æрдæмады æмæ сын тынг хорз фæстиуджытæ ис. Æнæцæстырухс сывæллæттæ дæр фæлтæрынц æмæ ерыстæм цæуынц.» - дзуры педагог.

Абон Дæллаг Никозы ног стыруаты аразынц тыгъдад. Агъуыст сын мери балæвардта. Дуар æмæ рудзынг «Гом æхсæнады» æххуыссæй бавæрдтой. Сывæллæттæ цин кæнынц, æвзæр боныгъæды дæр сæ бон куы уыдзæнис фæлтæрын кæнын.

Сæрæй райдыдтам фонд «Орбелиани метъи»-йы æххуысæй. Платформæйыл æрæвæрд æрцыдис нæ проект æмæ адæмы æххуысæй 5000 лари æрбамбырд кодтам. Стæй фонд нын ноджы 5000 лари радта. Ай уыдис фыццаг инвентар цæмæй балхæдтам, цыдæр хъæугæ æрмæджытæ балхæдтам. Уый фæстæ «Гом æхсæнад» дæр фарсмæ æрбалæууыдис æмæ уыдоны æххуысæй дуар-рудзынг сарæзтам. Фæстаг ма Никъа Руруайы фонд нын æрбалæууыдис нæ фарсмæ. Астæрд уыдис ныккæнинаг» - дзуры Лазаре, фæлæ банысан кæны æмæ ноджы бирæ цыдæр у саразинаг, сæрмагондæй къултæ сты сæрдинаг.

«къæпхæнгай, сындæггай архайæм ацы агъуыстыл исты бафтæуæм, бацалцæг æй кæнæм. Фæлæ саразинаг ноджы бирæ цыдæр у. Хуылыдз стъæлфытæ сты саразинаг. Æддейæ сæрдинаг у къул. Мæнæ куыд къæвдайы рæстæджы, афтæмæй уазал боныгъæдты дæр нын фæлтæрынты бауромын æрцыдис. Уалдзæгæй фæззæгмæ цы фæстиуæг æвæрдтам, зымæджы-иу иуылдæр бынысæфт кодта æмæ мæнæ ацы дуар æмæ рудзынджы авæрын нын радта фадат, сындæггай райдыдтам къулты ацаразын.» - дзуры Лазаре.

Никозы къæдзæхыл бырджыты къордмæ алаз дæр ног уæнгтæ цæуынц. Ныр алкæй «рагондæртæ» сты Лукъа æмæ Мариам.

«Лукъа æмæ Мариам ацы клуб куы сæрæзт ис, уый фæстæ ам æсты. Лукъа уыдис иуыл æнæрахст сывæллæттæй сæ иу æмæ сæ æдыхдæр, фæлæ йæ куысты фæрцы абон Гуырдзыстоны чемпион дæр у, бирæхæттыты призер дæр æмæ йæхæдæг дæр фæлтæрын кæны сомбоны фæлтæрты.» - загъта нын Лазаре Къомахидзе

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.