Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Натъо Хуриты æмæ Эко-клуб
Натъо Хурошвили (Хуриты) Хуруæлæты хъæуы скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг у, кæцы йæ ахуырдзæуттимæ иумæ тынг бирæ фæкуыста, цæмæй оккупацион хаххы цур æвæрд скъола «эко-скъолайы» хицау суыдаид.

6-æм къласон Асаты Нуца эко-клубы уæнг у æмæ æмбæлттимæ иумæ фембæлдис Свецийы минæвæрттыл, кæм ын фенын кодтой йæ скъола æцæг кæй уыдис эко-скъолайы статусы аргъ.

«Махæн уыдис дыггагон дзауматты моделты равдыст. Уыдис нын æндæр æмæ æндæр дзауматтæй хуыд къабатæ, полиефилены целофантæ, æнгуыртæ, уидгуытæ æмæ бутылы сæртæ.» - дзуры Асаты Нуца.

Мариам Берианидзе нын куыд дзуры, уымæ гæсгæ, алцæмæй æхсызгондæр уыдис къабаты хуыйны процесс.

«Алыцыдæр нæхи къухтæй сарæзтам æз æмæ Лизи. Бирæ фæкуыстам, цæмæй алыцыдæр рацыдаид дзæбæх.» - загъта Мариам æмæ ноджы банысан кодта, зæгъгæ, ахæм аивадон куыст йæхи æмæ Лизийы зæрдæтæм тынг фæцыдис.

«Нырид дыууæ азы ацы проекты стæм æмæ ныридæгæн тынг бирæ цыдæр сарæзтам. Мах æрмæст модæты равдыст нæ фæлæ сыгъдæг кæныны акци дæр сарæзтам.» - дзуры нын 13 аздзыд Лизи Пицхелаури.

Эко-клубы уæнг æмæ æрдзы æмбал Нодар Котелашвили нын амоны, зæгъгæ, куыд хъуамæ кæнæм, цæмæй æрдзмæ ма бахауой æгæр æвзæр байзæдтæгтæ.

«Ацы проекты фæлгæтты мах сарæзтам къласты ерыс. Картонæй сарæзтам чырынтæ, кæм хъуамæ æртымбыл кодтайккам пластмассæйы бутылы сæртæ æмæ ахастайккам «ТЕНЕ»-мæ, кæм дæр дыггагон дзаумæтты сног кæнын цæуы.» - дзуры Нодар Котелашвили

Свецийы Æхсæнадæмон Тынгады Æмкуыстады (SIDA) къухдариуæггæнæг Ерик Илес Хуруæлæты гомадæмон скъолайæн кæрдæгхуыз эко тырыса балæвардта, æмæ уый нысан кæны уый æмæ скъолайы эко-клуб раст фæкуыста уый тыххæй, цæмæй йæхи проекттæй æндæртæн фенын кодтайккой æрдзы хъахъхъæнын нысаниуæгджын кæй у, уый.

“Свецийы 1100 скъола у кæрдæгхуыз тырысайæ схорзæхджын æмæ амондджын дæн, Гуырдзыстоны дæр куы схорзæхджын кæнæм, цы фыццаг хатт æрцыдис, æмæ уый æцæг стыр бон у,” - дзуры Свецийы Æхсæнадæмон Тынгады Æмкуыстады къухдариуæггæнæг Ерик Иелс.

Гуры ресурсцентры къухдариуæггæнæг Нана Тъермакъозашвили куыд дзуры, уымæ гæсгæ кæрдæгхуыз тырыса æрмæст хорзæх нæ, фæлæ стыр бæрн дæр у, уымæн æмæ эко-скъолайы статусæн хъахъхъæнын хъæуы

«Бæлвырдæй зонын æмæ ахуырдзæуттæ тынг цымыдисгонд æмæ мотивацигонд сты. Бирæ фæкуыстой ацы статусы тыххæй æмæ сомбонæн дæр тынг бирæ нывæзтытæ сын ис.” - дзуры Нана Тъермакъозашвили.

Уый дæр банысан кæнын хъæуы æмæ эко-клубы минæвæрттæ скъолайы кæрты сæхæдæг цы чысыл эко-къуым сарæзтой, уый, кæм ныффыстой баннертыл “ма ракал бæлас!” “ма чъизи кæн!” “уарз æрдзы!”, цы нын фенын кæны, зæгъгæ, куыд æнцон у мах дæр нæхæдæг куы саразæм экологиконæй сыгъдæг алфамбылай.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.