Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Цалынмӕ ӕгас уыдзынӕн, хъӕу дӕр уыдзӕнис» — Джагараты хъӕу иу хӕдзарӕй.
Джагараты хъӕумӕ фӕндаг цалдӕр 'рдыгӕй цӕуы. Иу Дзамагомы Чъехыдзуары хъӕуӕй, иннӕтӕ та Къуарийы комӕй, сӕрмагондӕй, Самцъеурис ӕмӕ Сукиты хъӕутӕй. Джагараты хъӕу Дзамагом ӕмӕ Къуаригомы астӕу, рагъыл у ӕвӕрд.

Мах Чъехыдзуары фӕндаг равзарстам. Ӕстыр хӕрд нын уыд ссӕуинаг.

Фыццагӕй Къудатъхъейы хъӕуыл ахызтыстӕм. Ам дыууӕ азы размӕ уыдыстӕм, кӕм иу адӕймаг Гӕбӕраты Гиви цӕры. Йӕ хӕдзармӕ ӕввахс куы фӕцӕйцыдыстӕм, кӕртӕй куыдз ралыгъд. Гӕбӕрайы фырт йӕ хӕдзар ӕмӕ хъӕу нӕ ныууагъта…

«Фӕстӕмӕ фӕндагыл, дам, ӕй бабӕрӕг кӕнӕм» — афтӕ загътам.

Ӕввахсӕй 2-3 км-ы разындис хъӕу, ома уӕлмӕрдтӕ. Алы ингӕн дӕр къутӕрты бын баззад. Ӕнӕркастӕй къутӕртӕ бӕлӕстӕ фесты ныридӕгӕн.



Уӕлмӕрдӕй уырдыг у. Къуындӕг фӕндагыл хӕдтулгӕйӕ ацыдыстӕм, кӕцы бӕлӕсты астӕу дарддӕр кодта.

Хӕдзӕрттӕ кӕрӕдзийӕ дард сты. Иутӕн афтид къултӕ баззадис, иннӕмӕн та ӕнӕркастӕй ныппырх ис йӕ цар.

Фӕстагмӕ иу кӕртмӕ бацыдыстӕм. Ам хӕдзарон мӕргътӕ зылдысты. Кӕрты разӕй трактор дӕр лӕууыдис. Куы бахӕстӕг стӕм, хъазтӕ хъыллист кӕнын райдыдтой, кӕртӕй куыйтӕ — райын, хуытӕ дӕр сын хъӕлӕс радтой… уыцы кӕртӕй иу ус рахызтис. Стӕй куыд разындис, ацы хъӕуы ӕрмӕст ацы иунӕг хӕдзар цӕры:

«Нӕ лӕг сыхагмӕ ацыдис, ацӕудзынӕн ӕмӕ йӕм фӕхъӕр кӕндзынӕн» — загъта нын нӕ фысым.

«Кӕд ӕрмӕст сымах цӕрут ацы хъӕуы, уӕд уын сыхаг кӕцӕй ис?» — бафарстам мах.

«Сыхаг хонӕм, фӕлӕ афтӕмӕй нӕ сыхаг хъӕу Къудатъхъемӕ ацыдис» — загъта нын фысым ӕмӕ араст ис сыхаг хъӕумӕ.



Уыцы хъӕумӕ минимум 2 км у ӕмӕ сыхаг хъӕумӕ хӕдтулгӕйӕ ацыдыстӕм.

Джагараты хъӕуы цӕрӕг хӕдзар Зауыр Гвелесианийы бинонты у. Зауыр ацы хӕдзар 2000-ӕм азы Бекъойтӕй балхӕдта. Уымӕй базыдтам ӕмӕ хъӕуы 22 хӕдзар кӕй цардис, иуылдӕр ирӕттӕй.

Хъӕуы цӕрджыты иу хайӕн хӕдзарон зӕххы фадгуытӕ комунистты рӕстӕджы Агарайы ӕмӕ Ахалсопелы радтой. Хӕххон хъӕу алчи нӕ ныууагъта. Хъӕу иуылдӕр 1990-ӕм азты конфликты рӕстӕджы ныууагътой.

Зауыр йе 'взонгӕй Ахалсопелы хӕдзарады куыста бухгалтерӕй. 2000-ӕм азы пенсимӕ ахызт ӕмӕ куыст дӕр ын нал уыдис. Аскъуыддзӕг кодта ӕмӕ хӕдзар Джагараты хъӕуы балхӕдта.

«Ацы хъӕу уымӕн равзарстон ӕмӕ Бредзайы сӕрвӕттӕ нӕй. Кӕд уым 2-3 стъуры фӕдардзынӕ, ам фӕдардзынӕ 20-30 стъуры»

«Ай Кокойты хӕдзар уыдис, Мишайы. Бригадирӕй куыста Ахалсопелы хӕдзарады. Цӕмӕн алыгъдысты ӕмӕ бахъыгдардтой. Ахӕм хӕццӕ рӕстӕг уыд, куыдз йӕ хицауы нал базыдтаид « — афтӕ ныхӕстӕгӕнгӕй фӕцӕуӕм Джагараты хъӕуы фӕндагыл.
Гыццыл хъӕуыл зилын тагъд фестам ӕмӕ стӕй нӕ Зауыр йӕ хӕдзармӕ акодта.

«Ам ӕз дӕн ӕмӕ ме 'мкъай. Ноджы гыццыл лӕппу Леуан. Хистӕр дӕр-иу ӕссӕуы, ӕххуыс мын кӕны тракторӕй.»

Зауыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ уый ӕмӕ йе 'мкъай ӕгас уыдзысты, уӕдмӕ ацы хъӕу дӕр уыдзӕнис, уымӕн ӕмӕ ацы хъӕуимӕ бирӕ адджын бастдзинӕдтӕ ис:

«Иумӕ куы бацыдтаин, иннӕмӕ хъыг кастис. Ахӕм хъарм адӕм цардысты, ирӕттӕ. Мах фӕстӕ кӕд нӕ хъӕбултӕ фӕкӕсдзысты, уӕд уыдзӕнис хъӕу дӕр, кӕннод та ӕмӕ гъа…» — дзуры Зауыр Гвелесиани
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.