Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Ирон кафты солист — Гела Тегадзе
15 аздзыд Гела Тегадзе Гуры хореографикон ансамбль "Асас Песвеби"-йы солист у. Йӕхӕдӕг куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ, кафт йӕ царды ӕнӕхицӕнгонд хай у ӕмӕ йӕ баллиц у гуырдзыйаг националон балет "Сухишвилиты" кафӕг суа.

Кафты йеддӕмӕ ӕндӕр нысӕнттӕ дӕр ӕм ис. Хъуыды кӕны ӕмӕ скъола куы фӕуа, уӕд физикӕ-математикӕйы ахуыргӕнӕг суыдзӕн. Цӕй тыххӕй дӕр тынг бирӕ кусы. Куы фӕллайы, уӕд цӕрӕгӕйттимӕ ныхас кӕны. Дзуры ӕмӕ уымӕн ай хуыздӕриддӕр терапи у.



"Фынӕй кӕнын нӕ уарзын. Райсомӕй тынг раджы-иу стын. Фӕлтӕрын, стӕй мӕ цӕрӕгӕйттӕм кӕсын. Тынг бирӕ цӕрӕгой мын ис, мӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ сты. Хъыгагӕн ахӕм адӕймаг не 'ссардтон, кӕй мӕ хуыздӕр ӕмбал схондзынӕн. Мӕ цӕрӕгӕйтты мын сраст ис. Уыдонӕн-иу алыцыдӕр радзырын." — дзуры нын Гела Тегадзе.

Гела Гуры муниципалитет Суенеты хъӕуы цӕры. Йӕ сабибонтӕ дӕр ацы хъӕуы арвыста. Дзуры ӕмӕ гыццылӕй актион ӕмӕ цымыдисджын у.



"Кафты йеддӕмӕ цымыдис мӕм кастис ныв кӕнын ӕмӕ музикӕ. Ноджы мӕм алыхатт дӕр цымыдис кастис — галактикӕ. Уымӕн ӕмӕ тынг цымыдисон цыдӕр у ӕмӕ алыхатт дӕр агуырдтон ног информаци дунейы тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы мӕ уарзон ахуыры дзауматӕ сты физикӕ ӕмӕ математикӕ. Нырид 10-ӕм къласмӕ ахызтӕн ӕмӕ 9-ӕм кълас дӕстыл фӕдӕн. Фӕнды мӕ сыгъзӕрин медал сисон" — дзуры Гела Тегадзе.

Гела Тегадзе куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ кафт ын ницы рох кӕны, уымӕн ӕмӕ куы кафы, уӕд ацы дунейы нӕ вӕййы. Уымӕн иунӕг рухс стъӕлф гуырдзыйаг кафтытӕ сты.



"Музикӕйы хъӕлӕс мӕм куы ӕрбайхъуысы ӕмӕ хъустӕй мӕ организммӕ цӕуынц ацы зӕлтӕ, ацы дунейӕ ахицӕн вӕййын. Ирон кафты солойы кафын. Тынг зын кафт у, гуырыконд хъуамӕ контроль кӕнай, къахфындз нысаниуӕгджын у, сӕр, ракаст. Кафты рӕстӕджы чызгӕй дӕ цӕст ма хъуамӕ айсай. Иу дзырдӕй цымыдисон кафт у. Фыццаг хатт куы акафыдтӕн ирон кафт, уыцы бон никуы ферох кӕндзынӕн" — йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны Гела Тегадзе.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.