Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Нывгӕнӕг мӕ фӕнды рауайон» — Гаглойты Никъа иунӕг ахуырдзау Гаглойтыхъӕуӕй/Видео/
Тъанайы доны былтыл ком уынгӕг вӕййы. Фӕндаг дӕр донмӕ ӕввахс цӕуы. Хохрӕбын та бӕлӕсты бын цӕуы фӕндаг.

Бӕлӕсты ӕмбӕхст базилӕны 11 аздзыд лӕппу стыр дурыл бадтис. Иу бакастӕй комы ӕцӕгӕлон хӕдтулгӕйы фенд ӕм дис нӕ фӕкаст. Уый дӕр не 'нхъӕлдта исчи сӕ хъӕумӕ цӕудзӕнис, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй ма йӕ фосы дзуг нӕ дӕр ныууагъта, кӕцы уым ӕввахс хызтис.
Хӕдтулгӕ иунӕг къахдзон хиды цур баурӕдтам, кӕцы Тъанайы доныл у арӕзт ӕмӕ нӕ Гаглойтыхъӕуы рдӕм кӕны.

Хъӕуы 87 аздзыд Гаглойты Лёва, йӕ цардымбал ӕмӕ се 'ртӕ цот сӕ бинонтимӕ цӕрынц, иуылдӕр 3 хӕдзарӕй.

— Уо фӕлӕ, фыствӕйнаг(трафарет) кӕм лӕууы, уырдыгӕй ноджы стыр фӕндагыл рацыдыстӕм ӕмӕ уыцы сых куыд хуыйны?
— Фыццаг уыл цы сых сӕмбӕлдис, уый Хӕбӕлаты хъӕу у. Цъӕритты сых дӕр ӕц хонынц, фӕлӕ мах ӕй афтӕ хуыдтам. Гаглойты хъӕу мӕнӕ ай у, еныр кӕм стут сымах, уый.» — загъта нын Гаглойты Лёва
— Уӕдӕ Гаглойты хъӕу кӕцӕй райдайы?- бафарстам ӕй мах дӕр.
— Хид дыл сӕмбӕлдис нӕ? Цалынмӕ уыцы хиды онг ӕссӕуат, уым иу хӕдзар ауыдтат нӕ? Уым цӕры мӕ лӕппу. Стӕй уыдоны цур цы хӕдзар лӕууы, уым быдырӕй ссӕугӕ бинонтӕ цӕрынц. Зымӕджы-иу фӕстӕмӕ быдырмӕ цӕуынц.»

Лёвайы фырт Тарелы бинонтӕ иуӕй-иу фыццаг уыдысты, кӕдонмӕ 2013 азы рухс бакодтой. Уӕдмӕ бирӕ азты дӕргъы хъӕу ӕнӕрухсӕй уыд. Уӕды районы сӕрдар Давит Ониашвили Тарелы хӕдзармӕ уацхӕссджытӕ дӕр бакодта. Гаглойтӕм ацы хабары тыххӕй стыр бӕрӕгбон уыд. 10 азы размӕ фынджы хистӕрӕй Гаглойты Лёва бадтис:



— Дӕу хъуыды кӕнын, йеуӕд дӕр ӕссыдтӕ, афтӕ нӕу? — загъта нын Лёва.

Доны былӕй Никъа дӕр ӕссыд. Дадайӕн загъта — стъуртӕ, дам, сындӕггай ацырдӕм, хӕдзары рдӕм, дам, фӕцӕуынц.
— Ныр уал уой афтӕ, хизой — загъта йын дада.

Лёва ӕмӕ йӕ цардымбал Мӕхъион нӕ фыццаг рафӕрстытӕ кодтой, кӕцон уыдыстӕм, цы мыггагӕй ӕмӕ а.д. Стӕй нын радзырдтой, райсомӕй кусгӕ кӕй кӕнынц цӕхӕрадоны ӕмӕ къартоф исынц.

«Ӕнӕхъӕн цард кусгӕ кӕнӕм, фыдӕбон кӕнӕм. 17 аз мыл цыдис, ардӕм куы рацыдтӕн чындзы. Ӕз Гудзаретӕй дӕн, Хинтъуры хъӕуӕй. Куы смой кодтон, ам сӕм ницы уыдис. Сидзӕртӕ уыдысты нӕ лӕг ӕмӕ нӕ тиутӕ. Идӕдз усӕн цы йӕ бон уыд? Ӕнӕхъӕн цард афтӕ фӕфыдӕбон кодтон ӕмӕ цард ссардтон… уый тыххӕй ӕргуыбыр дӕн афтӕ!» — дзуры нын Мӕхъиты Еленӕ.

Еленӕйӕн йӕ цӕссыгтӕ ракалдысты ӕмӕ бандоныл ӕрбадт…
— Ӕмӕ цал азы кусгӕ кӕнут ам? — бафарстам Еленӕйы.
— 66 аз ам дӕн. Уым кӕй ныууагътон Гудзареты, уыдон дӕр алыгъдысты уырдыгӕй. 9 хъӕу уыдис уым ӕмӕ иу лӕджы дӕр нӕ ныууагътой, асырдтой сӕ иуылдӕр, алыгъдысты. Мӕхицӕттӕ дӕр алыгъдысты» — загъта нын Еленӕ.
— Ӕри, бандон уын рахӕссдзынӕн ӕмӕ кӕд уӕм исты цымыдис кӕсы, уӕд уын Лёва радзурдзӕнис.» — загъта Еленӕ ӕмӕ ныхасы адарддӕр кӕнын йӕ бон нал ӕсси. Лёва ӕнӕуый дӕр-иу нӕм ӕрбаиу уыдис нӕ ныхасы ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, йӕхӕдӕг дӕр куы радзырдтаид йӕ хъӕуы тыххӕй.
— Ноджы ухуызӕн ӕвзонг куы уыдаин, ууыл хъуыды кӕнын, кӕрдын куы уарзтон, фос, фыс… Ох, фыс тынг хорз у. Йӕ фӕхъхъӕу фестон фысӕн. Уыйас фыс нӕ уыдис, скъола ныууагътон ӕмӕ фыййауӕй цыдтӕн.» — дзуры Лёва.

Никъа иу ран нӕ лӕууыдис — ацон ӕмӕ, дам, стъуртӕм ныллидзон. – загъта. Фос дӕр хъӕумӕ ӕввахс уыдысты.



«Скъолайӕ куы ссӕуын, ныр уал хӕрын, стӕй фосмӕ хъуамӕ фӕкӕсон, стӕй хӕдзарон куыстытӕ ныффыссон. Ирхӕфсӕн ницы нӕй. Пурти мӕм нырид иу аз нал ис. Мӕ фыдыфсымӕры лӕппумӕ-иу ныццӕуын, фӕлӕ уый мӕнӕй хистӕрдӕр у, 18 аз ыл цӕуы. Скъолайы мын 2 къласаг ис.» — загъта нын Никъа.

Никъайы фӕнды, цӕмӕй нывгӕнӕг ӕсуа. Арӕх ныв кӕны хӕдзар, кӕрт, хъӕу ӕмӕ цӕрӕгӕйтты. Махӕн дӕр сныв кодта пуртихъазӕг лӕппу.
Дыггаг бон Бошуры скъоламӕ бацыдыстӕм, кӕм 42 ахуырдзау ахуыр кӕны. Уыдонӕй 16 ахуырдзау Бобнеуӕй цӕуы, 15 — Леуитъана ӕмӕ Уӕллаг Бошурӕй. Иу ахуырдзау та Гаглойты хъӕуӕй.

Гуры ресурсцентры къухдӕриуӕггӕнӕг Нана Тъермакъозашвили дзуры ӕмӕ скъола ӕмӕ хъӕуы инфраструктурӕ цадӕггай размӕ цӕуы, цӕй руаджы дӕр комы фӕсивӕдӕн фадат разындзӕнис сӕ хъӕуты куы баззайой.
«Скъолайӕн тынг дзӕбӕх педколлектив ис ӕмӕ уыдоны барты фӕлгӕтты алыцыдӕр сараздзысты ахуырдзауттӕн» — загъта нын ресурсцентры къухдӕриуӕггӕнӕг.

Дӕллаг Бошуры скъолайы кӕрты фӕзуат нӕ федтам, фӕлӕ скъолайы минӕвар нын куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕн мидӕгӕй ис стыруат. Агъуысты ӕддӕгуаты та теннисы фынг федтам, цӕуыл сывӕллӕттӕ хъазгӕ кӕнынц. Мини стадион хъӕумӕ бахизӕны, скъолайӕ дард у. Уыцы сывӕллӕтты та, кӕцытӕ дард хъӕутӕй цӕуынц, 7-ӕм урочы фӕстӕ, 14:00 сахатыл микроавтобусӕй кӕнынц сӕ хӕдзӕрттӕм.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.