Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Иунæг æмæ бирæсывæллонджын мады цард æххуырст къотъеджы
Натадзе Теа Ахалгорæй лигъдон иунæг мад у. Уый Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты къотъеджы, 4 хъæбулимæ иумæ цæры. Уымæй фæстæмæ, бинонты цард куы ныппырх, йæ хъæбулты иунæгæй йæхæдæг хъомыл кæны.

Теа куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, уый цалдæр хатты фехъусын кодта бынæттон хицауадæн æххуысы тыххæй, фæлæ æнæхъуаджы.

"Дæн иунæг бирæсывæллонджын мад. Гамгеобайæн (Фæткдæттæг уагдонæн) фехъусын кодтон Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты, цыран ныртæккæ цæрын, мæ 4 хъæбулимæ иумæ. Куырдтон æххуырсты аргъы бафидынæн мын баххуыс кодтаиккой, фæлæ мын нæйы загътой, уый тыххæй æмæ сын нæй уыцы база, цæмæй мын æххуысты аргъы бафидой", - зæгъы Натадзе Теа.

Цъерованы æрцæрыны размæ, Теа Тбилисы цард. Амæ гæсгæйæ йæ хъæбултæ дæр уым ахуыр кодтой. Теа зæгъы, зæгъгæ, йын лигъдæтты цæрæнуаты сывæллæты скъолæйы срегистраци кæнын нæ бантыст. Æмæ ныр сывæллæтæ скъоламæ æндæр хъæумæ цæуынц.

"Стыр чызджытæ скъоламæ цæуынц фыццаг сменæйы. Тбилисы музыкалон ахуыргæнæндонмæ цыдысты. Иттæг хоз цæгъдынц фортопианойыл, фæлæ хъыгагæн нал мын ис уый фадат, цæмæй кæронмæ фæуой æхсæзазон. Ам нæдæр ис музыкалон скъолæ".

"Тбилисмæ ауадзын та вазыгджын у, финансон фæрæзæй сын мæ бон нæу æххуыс кæнын. Иунæг-иу, кæцы мæ райын кæны, уый у, æмæ Микаберидзе Майайы æххуысæй мæ хъæбултæ сты Патриархы натлиагондты къорды уæнгтæ, уый тыххæй æмæ æртыккаг æмæ цыппæрæм хъæбулы Патриарх снатлиа кодта. Къуырийы мидæг цалдæр хатты ацæуынц Тбилисмæ æмæ ахуыр кæнынц зарын гуырдзиаг адæмон зарджыты. Уый фæстæ æнæхъæн бон хæдзары, æртæ хъæлæсæй зарынц", - дзуры нын Натадзе Теа.

Уæззау материалон уавæры ма, уый дæр уæззау кæны, 2008 азы Теа æмæ йæ бинонты, уырыссаг оккупаци лигъдæттæй скодта. Теа нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ фыд лигъдондзинады рыстыл нæ фæцахуыр æмæ егъау стресы фоныл фæзиан.

"Мæ фыд фæзиан æртыккаг аз у ныр, уый тыххæй, æмæ ацы стыр рыст нæ уыди уымæн æнцон бафæразын. Раст у, фæстæмæ нæ ничиуал æрыздæхтаид уырдæм, фæлæ никуыд нæ ахуыр кодтой æмæ нæдæр сахуыр сты амы цардыл. Мæ мад дæр иттæг бирæ рыст æмæ маст баййæфта уый тыххæй, æмæ зын разынд уымæн дæр, Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты цæрын", - мæт кæны Натадзе Теа.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.