Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Иу хъуджы хабар – Пъапъитъашвилитæ Къирбалы хъæуæй
Пъапъитъашвили Геронти æмæ Ирмайæн иу хъуг ис. Ацы иу хъуг уыдонæн проблемæтæ аразы. Хъуг хизыны тыххæй, Геронтийы уырыссаг æфсæдтонтæ цалдæр хатты æрцахстой. Хъуджы тыххæй та – социалон агентад уымæн баххуыс кæныныл нæйы расидт:

Пъапъитъашвили Геронти æмæ йе ‘мкъай Къирбалы хъæуы иунæгæй цæрынц. Йæ æнæниздзинады фæфыддæры тыххæй, Геронтийæн йæ бон нæу уæззау куыст кæнын. Нæдæр ын пенсийы кар ис. Уыдон бинонты дарæг иунæг-иу ставдкъах фос у, кæцы куыд йæхæдæг дзуры, афтæмæй боны мидæг æрмæст дыууæ литры æхсыр дæтты.

«Дон, хъæд, фосхизæнтæ, быдыр байстой нын сæ. Æндæраз мæ æрцахстой, фосы куы хызтон. Уæд мæ къух рысти æмæ мæ уым сæхимæ бакодтой. Æз æмæ мæ сыхаг уыдыстæм. Уый мæ хъæбулы æмбай у æмæ ралыгъд. Æз дæр алыгътæн, фæлæ мæ æрцахстой. Цхинвалмæ мæ нæ акодтой, æвæццæгæн мæ къух кæй рысти уый тыххæй. Раззаг бонты мын æй гал фæриссын кодта. Уыцыран мæ трафареты цур сбадын кодтой. Куы аныхæстæ кодтам, уæд мын стæй загътой, ауаддзыстæм, дам, дæ, ма дам, тæрс. Æцæгæйдæр мæ рауагътой», - зæгъы Пъапъитъашвили Геронти.

Пъапъитъашвилиты бинонтæм «Гиоргобайы» бæрæгбоныл фæуазæг стæм. Уыцы рæстæджы, æнæхъæн хъæу хъæуы уæлмæрды территорийыл æвæрд аргъуанмæ цыдысты æмæ бæрæгбоны нысан кодтой, Геронти йе нæниздзинадмæ гæсгæ аргъуанмæ ссæуын йæ бон не сси. Стæй уыцы бон æвзæр боныгъæд дæр уыд:



«Алыхатт дæр иу афтæ дзырдтой, цæмæй Гиоргобайы къæвда æруадзæн. Æмæ, æцæгдæр афтæ у, æрвылхатт къæвда вæййы», - афтæ райдыдта йæ ныхас къирбайлаг Пъапъитъашвили Геронти æмæ дардæй кæсы нывонд уасджытимæ сæ къухы, аргъуанырдæм цæуæг æмхъæуккæгтæм».

«Æз ацы азы не ‘ссыдтæн, мæ бон нæ баци. Æнæниздзинад мын къух нæ аразы. Æнæуи нæ хъæуы сæйраг бæрæгбон Ломисоба (Ломисы дзурыбон) у. Уырдæм ныр нал фæцæуæм. Уым ныр уырыссæгтæ сты. Чысыл-ма куы уыдтæн уæд, уыцыран стыр бæлæстæ лæууыд æмæ иу æхсæвы сбон кодтой Ломисайы дзуары, фæлæ ма нæ ныр уырдæм чи уадзы. Æрæмбырд-иу сты адæм, Ломисы дзуарыбоны, ссыдысты иу аргъуанмæ. Уым иу аргæвстой кусарт æмæ иу уым фæцæл кодтой куывынмæ æцæуджытæ иумæ. Стæй иу кæй куыд фæндыд, кæнæ иу рацыдаид æмæ хæдзары фæцæл кодтаид, кæнæ иу уым баззадид æмæ уым фæцæл кодаид. Æндæр хъæутæй дæр цыдысты. Дæллаг Цъалайæ æмæ уым æввахс хъæутæй дæр иу æрцыдысты», - мысы Пъапъитъашвили Геронти.



Геронтийы æмкъай, Ирма Цхинвалы районы, Цъунары хъæуæй у. 17 азы йыл цыд чындзы куы ацыд æмæ Къирбилы хъæумæ цæрынмæ куы рацыд. Дзуры, зæгъгæ хъæуы уый æнгæс бирæ этниконæй ирон сылгоймаг ис мойгонд.

«Афтæ схъомыл дæн, афтæ смой кодтон, афтæ мын райгуырд хъæбултæ, иууыл сабырдзинад уыдис, фæлæ хæсты фæстæ алцыппæт æхгæд æрцыд. Мæ цæгатимæ мын æмахастдзинад нал уыд. Мæ мад афтæ фæзиан, æмæ йæ 13 азы нæ федтон. Афтæ фæзиан сты мæ хæстæджытæ æмæ сæ никæй федон», - мæт кæны Ирма æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ хæсты рæстæджы бавзаргæ мæтмæ фыдцард дæр бафтыд. Йе ‘мкъайы æнæниздзинады фæфыддæры тыххæй, тыхфæлгъуыд у, бинонты иунæг-иу дарæг ставдкъах фос ауæй кæна.

«Цы диссаг у, мæ бинонтæн иу æххуыс? Æз сезоны рæстæджы быдырмæ фæцæуын кусынмæ, фæлæ ме мкъай нал кусы. Нæдæр нын пенси ис. Социалон æххуыс нын систой, фос нын кæй уыд, уый тыххæй. Ме мкъайæн хос кæнын хъæуы. Мæ куысты мызд цасæн сфаг уыдзæн? Кæройнаг уат æркæлыныввонг у, къултæ ныффæстытæ сты æмæ акъул. Цы бакæнæм? Куыд нæ бон цæуы , афтæ фыдæбон кæнæм, кусæм, фæллой кæнæм, фæлæ нын нæ фаг кæны. Боны 2 литр æхсыр мын фаг уыдзæн? Гурмæ цæмæй ацæуон, мæ къахыл цы скæнон нæй мын. Уый дæр нæ зонын горæты автобусы картæ кæм хъуамæ балхæнон æмæ дзы куыд хъуамæ спайда кæнон. Автобусмæ куы схизон æмæ мæ мын ивар куы рафыссой, уæд уый дæр мæ бон нæ бауыдзæн бафидын», - зæгъы Пъапъитъашвили Ирма.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.