Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
"Ӕз цӕмӕй фӕцух дӕн, фӕнды мӕ уый мӕ хъӕбулы хъӕбулӕн бантысӕд" — Наджибӕ Байрамова Леуитъанӕйӕ
Леуитъанӕйы хъӕу Тъанагомы у ӕвӕрд ӕмӕ фӕстаг цӕрӕгджын пункт у. Уӕллаг Бошурӕй йӕм хӕлд фӕндаг цӕуы, фӕлӕ Атъенӕй Бошурмӕ надвӕндаг цӕуы. Хорз фӕндаг Майрӕмы комы бахизӕнмӕ фӕуы.

Майрӕмы комӕй райдайынц хъӕутӕ: Тъусреу, Хъвелаантубани, Хӕбӕлаты хъӕу, Гаглойты хъӕу ӕмӕ уый фӕстӕ Леуитъанӕ.

Ацы хъӕу зындгонд уымӕ ӕввахс ӕвӕрд цадӕй дӕр, кӕцы ацы фӕстаг азты тынг популярон ссис. Ссӕуынц ӕм фенджытӕ, исынц нывтӕ ӕмӕ видеотӕ.



Леуитъанӕйы хъӕумӕ бахызӕны ныл иу ӕвгӕнӕн хӕдтулгӕ сӕмбӕлдис, уымӕй бинонтӕ сӕ хӕдзарон дзаумӕттӕ хастой

Куыд нын загътой, уымӕ гӕсгӕ — зымӕг кӕй рцӕуы, уый тыххӕй быдырмӕ цӕуынц, Карел ӕмӕ Тедоцъминдамӕ.

Хъӕуы азербайджайнӕгтӕ цӕрынц. Бирӕ азты дӕргъы ардыгон адӕм Карелмӕ ӕмӕ Гуры район Тедоцъминдайы хъӕумӕ лыгъдысты цӕрынмӕ. Сӕ фылдӕр уалдзӕджы-иу аздӕхтис фӕстӕмӕ ӕмӕ сӕ фос сӕрды хизӕнтӕм тардтой, зымӕджы та фӕстӕмӕ быдырмӕ.

Хъӕуы ӕдзухӕй кӕмдӕр 10 хӕдзар цӕры. Ахуырдзӕуттӕ дӕр уый бӕрц сты, 4 сывӕллон цӕуы хъӕуы райдайӕн скъоламӕ, иннӕ ахуырдзӕуттӕ та Дӕллаг Бошуры скъоламӕ.

Дӕллаг Бошуры скъолайы базонгӕ стӕм иу абитуриентимӕ, кӕцы Леуитъанӕйы хъӕуӕй цӕуы ардӕм сӕрмагонд микроавтобусӕй. Мах фӕндыди хорз базыдтайккам уый хабӕрттӕ ӕмӕ уый тыххӕй ссыдыстӕм Леуитъанӕмӕ, йӕ нана Наджибӕ Байрамовамӕ.

Куы сӕм ссыдыстӕм Наджибӕ зымӕгмӕ йӕхи цӕттӕ кодта. Фӕлӕ уӕддӕр нын радзырдта йӕхи хабӕрттӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ скъолайы хорз ахуыр кодта, фӕлӕ йын уӕддӕр нӕ бантыст ахуыр адарддӕр кӕнын ӕмӕ дзуры:



"Мӕнӕн цы нӕ бантыст ме 'взонгӕй, фӕнды мӕ уый мӕ хъӕбулы хъӕбултӕн бантысӕд"

Наджибӕ каст хъӕуы 4-азон скъола фӕцис:

"Мӕ ахуыргӕнӕг уыдис Кокайты Вано ӕмӕ мын-иу афтӕ дзырдта – адарддӕр, дам, кӕн ахуыр, кӕнӕ та, дам, ӕхсӕвы скъоламӕ бацу, фӕлӕ нӕ мын рауад." - зӕгъы Наджибӕ.

— Цы дӕ бахъыгдардта?
— Ӕмӕ гъа, ныййарджытӕ загътой — цӕуын, дам, ӕй бахъӕудзӕн. Ам та фӕндаг нӕ уыдис дзӕбӕх, адӕм тыхӕй цыдысты быдырмӕ…

Наджибӕ Байрамова 1956 азы райгуырдис. 20 аз ыд куы цыд фыццаг хъӕбул дӕр ын йеуӕд райгуырд ӕмӕ ахуыр кӕнын ӕрмӕст йӕ хъуыдыты баззадис.

"Куы сахуыр кодтаин, вӕд дохтыр уӕддӕр рауадаин. Дохтыр нын нӕй хъӕуты, ам рынчын адӕм цӕрынц ӕмӕ нӕ хъӕуы. Мӕнӕн нӕ бантыст, фӕлӕ мӕ хъӕбулы хъӕбултӕн уӕддӕр куы бантысид"

Хъӕуы сывӕллӕттӕн нӕ дӕр стадион ӕмӕ нӕ дӕр сквер нӕй. 4-азон скъола та хъӕуы ритуалты хӕдзары къӕбицы у ӕвӕрд.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.