Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Мæхи æмæ дæхи хæдзар – Сахъавре /Хъуариджын/
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис. Уыимæ иумæ хъæумæ балц стыр рæстæг нывæзт кодтам æмæ-иу рагацау боныгъæды прогноз дæр рабæлвырд кодтам. Раззаг æхсæв тæрккъæвда уарыд. Хъуариджынмæ райсомæй хъуамæ ацыдайккам, фæлæ ууыл нæ тарстыстæм, уымæн æмæ не "скъæрæг чи у, уый ацы кæмтты арæх вæййы æмæ куыд æндæр "оффроуд къорды" уæнгтæ, уый дæр уарзы мит æмæ къæвдайы цæуын.

"Гъе афтæ, боныгъæд дæр нæ бауагъта" - загъта нын Тамар, Тбилисæй Гурмæ куы æрцыд йæ хоимæ. Райсомæй дымгæ дæр мигъты фæйнæрдæм акалдта æмæ мах дæр балæууыдыстæм Хъуариджыны фæндагыл, Тедзамгоммæ.

"Тынг мæ фæнды уын фенын кæнон уыцы аив алфæмбылай. Фæнды мæ, мæ цардæй баззайгæ азты арæх-иу ссæуон уырдæм" – дзуры Тамар.



Хъуариджыны хъæу Триалеты рагъы цæгатварсырдыгæй суангыл у æвæрд. Фæндаг æм Ховлейы хъæуæй цæуы. Ам 1990-æм азты агъоммæ ирæттæ цардысты.

Архивы æвæрд зонæнтæм гæсгæ 1985-1990-æм азты хъæуы 98 адæймаг цардис, цардысты дзы: Хæбæлатæ, Гуырцъытæ, Абайтæ, Бестаутæ, Козатæ, Сагкатæ, Дзукъатæ, Бикойтæ, Болататæ, Гæбæратæ, Гæззатæ, Куыдзетæ, Гаглойтæ, Музатæ, Хъæцлæутæ, Хъуылымбегтæ, Фарниатæ æмæ иу адæймаг – Читъайа.



"Цæмæн хуыйны Хъуариджын(Сахъавре гуырдз.)" – бафарста скъæрæг, кæцы ацы фæндаг дзыхæй зоны:

"Ам-иу арæзтой хъуари" – дзуапп ын радта Тамар.

Ховлейæ куы рахызтыстæм иу къуылдымыл скъæрæг фæндагæй ахызти зæронд фæндагмæ, кæм куыд къæдзæхты астæу дуар афтæ уыд. Тамар нын стæй фенын кодта зæронд къам, кæм уыцы къæдзæхдуар уыд раджы, йæ фыд æвгæнæн хæдтулгæйыл куы куыста.

Цалдæр километры фæстæ разындис нæзы хъæд цалдæр дæсой гектарыл конд. Тамар нын куыд загъта, уымæ гæсгæ – раджы ам хъæды куыстуат уыд, кæм-иу ссагътой бæлæстæ ацы ран. Тамар æмæ йе "фсымæр дæр дзы байстой хайад уыцы хъуыддаджы æмæ ацы хъæд абоны онг "Сосойы хъæд" хонынц, ома Тамары æфсымæры номыл хъæд.



Стæй та разындис хъæу. Хъæу нæ, фæлæ хъæууат. Ахæм егъау хъæуы хæлдтытæ мах фыццаг хатт федтам.

"Ацы бынат хуыдтой Париз. Ам алы уæвар дæр уыд адæймагæн – скъола, чиныгдон, клуб... ахæм тыхджын хъæу уыд æмæ ардæм улæфынмæ дæр-иу ссыдысты. Комунистты рæстæджы ногдзауты лагер дæр хъуамæ сарæзтайккой. Ардыгæй Дидтауы хъæумæ , бæндæндзог дæр хъуамæ сарæзтайккой, фæлæ уынут мæнæ, цы рцыдис" – дзуры Тамар.

1990-æм азты гуырдзыйаг-ирон конфликты рæстæджы хъæуæй ирæтты асырдтой æмæ тыхæй Дзæуджыхъæумæ фæлыгъдысты мæгуыр адæм. Тамар нæ фыццаг йæ хæдзармæ бакодта, кæм ныр фермертæ цæрынц. Нели æмæ Фатимæ 30 аз ам цæрынц æмæ фермерон куыстытæ кæнынц. Уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийы куы ауыдтой, уæд бацин кодтой кæрæдзийыл æмæ хъæбыстæ кодтой. "Адон мын февæрдтой мæ хæдзар, æндæра ныппырх уыдаид" – зæгъы Тамар.

Нели Хъурашвили (йæхи мыггаг Годжыцатæй у) Ховлейы хъæуæй ссыд Хъуариджынмæ. Советон Цæдисы рæстæджы уый Къаспы мыдыбындздарджыты иудзинады куыста æмæ 1999-æм азы сфæнд кодта ацы хъæуы райдыдтаид мыдыбындзыты дарын.

Хъæуы ныл ноджы Гуырцъыты Фатимæ сæмбæлдис. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ лæгæн рæуджыты низ уыд æмæ 30 азы размæ уый æркодта ардæм. "Дохтыртæ мын загътой – сыгъдæг уæлдаф, дам, æй хъæуы" æмæ йæ æркодта Хъуариджынмæ, нæзы хъæдмæ, кæм йæ лæг ноджы 11 аз фæцардис.

Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ хъæуы 5 сылгоймаг фермер цæры, кæдон сæхи бинонтимæ цæрынц ам æмæ кусынц сæ фермæты.

Стæй хæдзæртты хæлдтытæ федтам, кæм раджы хъæу уыдис. Цалынмæ рацыдайккам, Тамар ноджы бузныджы ныхæстæ загъта Нелийы бинонтæн, цæмæй уый йæ хæдзар февæрдтой æмæ сын дзырд радта, зæгъгæ, уыдон ацы хæдзары баззайдзысты цæргæйæ.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.