Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Тъамийы хохыл мит æруарыд – адæймæгтæ Мгъебрианийæ æмæ Окианийæ
Фæндаг Тъанийы комæй цæуы, кæцы Бошуры æмæ Ормоцийæ райдайы. Дыууæ цæугæдоны – Тъанийы æмæ Тедзмийы кæмтты дондихгæнæг егъау хохыл ахызты фæстæ, разындзæн урс хæхтæ, кæцыйы Тъамийы хох хонынц.

Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы Цъалкъайы муниципалитет.

Тъамийы хæхты рæбыны ис Мгъебрианы хъæу. Йæ алыварс та иттæг бирæ хъæуы хæдзары хæлддзæгтæ ис – Сахорце, Окиани, Квемо (Дæллаг) Мгъебриани. Хæдзары хæлддзæгтæ цæугæдон Тедзмийы былгæроныл сты пырхытæ. Тъами – цад у, иттæг рæсугъд бынат Шида Картлийы. Масштабæй къаннæг, Батъеты цадимæ абаргæйæ, фæлæ иттæг зæрдæмæдзæугæ.

Чысыл Цъереты хæдзары хæлддзæгтыл ахызты фæстæ иу чысыл аулæфыдыстæм. Фæрсырдыгæй нæм Чъанчъахы хæхтæ кастысты.

Иттæг стыр кæй уыд Тедзмийы ком, уый ноджы иухатт бæлвырдæй федтам. Нæ размæ тыгъд хæхты, быдырты æмæ хъæдты фоныл нæм цæугæдон Мткъуары ком ницыуал фæкаст. Кæсæм митæй урс адаргæ Тъамийы хохмæ æмæ хъуыды кæнæм, ноджы ма нæ цас дæрддзæг хъæуы ауайын уырдæм бацæуынæн, цыран адæймæгтæ цæрынц.



Хæдтулгæйы скъæрæг карелаг у, фæлтæрд Дзамайы комы фæндæгтыл, æниу фыццаг хатт уыд Тедзмийы комы. Куы базыдта, æмæ журналисттæ стæм, уæд нæ бафарста: - «Сымах, дам, систат хоты? Сымах, дам, уыдыстут, Фаризеттæм? Сымах, дам, уыдыстут, Тъхъемлованы? Цæуылнæ мыл никуы фембæлдыстæм нырмæ?» - Фæрсы нæ дисгæнгæ. Мах та ууыл фæдис кодтам, æмæ йын нæ алы репортаж дæр зындгонд кæй уыд, уæлдайдæр Дзамайы комыл бацæттæгонд.

Мысæм æмæ ныхас кæнæм алы хъайтарыл, ныры уавæрыл. Иуæй-иутæ удæгасдæр нал сты. Ныхас кæнæм ууыл, цæмæн сæ фæнды адæймæгты хохы цæрын æмæ быдырæй ралидзын. «Мæнæ йæ куы уынут, уæхæдæг æмæ адæмы сæхи дардмæ айсын фæнды; хохы сæ фæнды уæвын æмæ сæ сымах ам дæр æнцад нæ уадзут» - загъта нын хъазæн ныхасæй уый, æниу йæхи дæр тынг цымыдис кодта, цы уавæр уыд Тъамийы хохы рæбыны.

«Цымæ ныл чи фембæлдзæн, кæнæ куыд? Рауайдзæн нын æмахастдзинад уыдонимæ æви нæ. Кæнæ базондзыстæм, куыд цæрынц æви нæ æмæ а.д. уый нын уыд хъуыдыйаг. Сихорафонæй ахызт æмæ нырма нæ бахæццæ стæм Мгъебрианмæ. Нырма иу хохыл æрзылдыстæм, стæй иннæ хохыл æмæ афтæ адарддæр цалдæр сахат. Хъæды фæндагыл цуангæнджыты мемориалон къуымы фæрсты æруадыстæм, бамбæрстам æй, æмæ ныр æввахс кæй уыдыстæм хъæумæ. Ахызтыстæм хъæдæй æмæ балæууыдыстæм Къликъыдзуары /Къликъедзуары/, рагон кувæндоны. Нæ раз ногмитуард митæйдзаг хæхтæ разынд.

Къликъыдзуарæй фæндаг æндæр æмæ æндæр æрдæмадæй цæуы. Фæндаг бацамонæн нысан ныл никуы амбæлд. Æмæ уый тыххæй, фæндагыл раст ацæуынæн нырма иу æрдæмадыл араст стæм, фæлæ хъæдмæ бахаудыстæм. Стæй иннæ æрæдмадæй, комкоммæ дæлæмæ рацыдыстæм, фæлæ дзы хид никуы зынд.



Стæй скæсæнырдæм араст стæм хæлд фæндагыл. Фæстагмæ, митæй æмбæрзт хæдзæрттæ разындысты. Растдæр зæгъгæйæ, хæдзæрттæ нæдæр зындысты, фæлæ лæмбынæгæй нæ хъус куы æрдардтам, уæд фæхатыдыстæм хъæу кæй уыдис.

Иу ногарæзт иу уæладзыгон хæдзарæй нæлгоймаг рахызтис æмæ нын къухæй ацамыдта фæндаджы æрдæмад. Рахъæр нæм кодта – «Ацырдæм, рацæут, зæгъгæ». Фаллаг фарс эхойау азæлыд йæ хъæлæс.

Бацыдыстæм хъæумæ. Аивгъуыдтам ацы хæдзарæй, æппæты фыццаг æй дачæ æнхъæлдтам. Фæндагыл нæлгоймаг федтам. Аныхæстæ кодтам йемæ. Фермер разынд, Гуры муниципалитеты хъæутæй сæ иуæй æрцæугæ.

«Ардыгон чи у, уый Джубо у, фæлæ Окианы цæры. Мæнмæ гæсгæ, æрдæбон ам уыдис, ам змæлыдис, Сахорцейы ‘рдæм трактор кусы фæндагыл æмæ æнæмæнг уым уыдзæн», - загъта нын фермер.

Джубо æнæмæнгæй хъуамæ федтаиккам – аскъуыддзаг кодтам. Ноджыма чи цæры ам? – бафарстам, фыццаг кæуыл фембæлдыстæм уый.

«Тъариелы нæ федтат? Уый хæдзары рæзты рахызтыстут».

«Тъариел чи у, улæфынмæ æрцыд ардæм? Мах фылдæр бынæттон цæрæг хъæуы, фенæм».

«Ам иу хæдзар цæры. Мад æмæ йæ хъæбултæ сты. Ардыгон не сты. Фæлæ рагæй сты ам», - загъта нын уый æмæ мах дæр рацыдыстæм уыцы хæдзарырдæм.

Хæдзары 40 азмæ кары сылгоймаг баййæфтам. Загъта нын, цæмæй атъенаг кæй у. Йæ ныййарджытæ фос хызтой, фыййау цыдысты æмæ раджы ссыдысты ардæм Атъенæй Мгъебрианы хъæумæ кусынмæ. Уый фыййау бинонты ‘хсæн схъомыл. Йæ ныййарджыты фæзианы фæстæ, ныр та йæхæдæг кусы фермæйы. Ис ын дыууæ хъæбул. Йæ сывæллæттæ Атъены ахуыр кæнынц, фæлæ фылдæр Мгъебрианы æрвитынц сæ рæстæг. Сабиты мад нын интервьюйыл нæй загъта – тынг, дам, æфсæрмы кæнын телевизоры разындæй. Уый дæр нын Тъариелмæ бацамыдта, уый дам фенут.

Æндæр амал нын нал баззад, фæстагмæ, ацыдыстæм Тъариелмæ, уый нын уæддæр зæгъдзæн, кæм ис Джубо.

Тъариелы хæдзары цурмæ куыддæр бахæццæ стæм, афтæ нæ федта уый æмæ нæм кæртæй нæ размæ рахызт. Тъариел нæ зонгæ разынд. Уый Стыр Леуахигомæй у лигъдон, цæры Верхуыты лигъдæтты цæрæнуаты, куыста Гуры гамгеобайы инфраструктурæйы куыстуаты æмæ ныр та - Мгъебрианы æрцардис.

«Иу аз уыдзæн ныр, ам куы дæн. Гуры алцыдæр ныууагътон æмæ рацыдтæн. Сарæзтон ацы чысыл хæдзар æмæ æдзухæй ам дæн», - загъта нын Тъариел æмæ нæ бахуыдта аив æмæ рæсугъд хæдзармæ.



Уый нын загъта, цæмæй бынæттонтæй зæгъæн ис æмæ ам ничиуал цæры, зæгъгæ. Фæлæ ис дыууæ адæймаг, кæцытæ рагæй цæрынц Мгъебрианы - зæгъæм, Кердихъошвили Джубо сабийы бонтæй фæстæмæ Окианы цæры. Æмæ Кокашвили Никъо, кæцы рацæугæ у Гаглоантубанийæ, Бошурæй ссыди.

Тъариел нын йæ хæдзар фенын кодта. Ног хæдзар æй чысыл æндæрхуызон фæндыд, фæлæ уыцы финансты уавæрмæ гæсгæ, кæцы йæм уыдис, бузныг у, æмæ ахæм аив, зæрдæмæдзæугæ кæй рауад ацы рæсугъд комы.

Йæ зæрдыл æрлæууыд Стыр Леуахигом, цыран райгуырдис æмæ схъомыл ис. Ныр сыл ноджы фылдæр хъуыды кæны уыцы цаутыл, кæцы æрцыд 1990-æм азты æмæ уый фæстæ 2008 азы.

«Цас фылдæр кармæ ахызтæн, фылдæр хъуыды кæнын уыцы ситуацийыл, кæцы æрцыд, цы рæдыдтытæ æрцыд уагъд", - дзуры Тъариел. Ныр фылдæр йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы момент, уæд нырма ноджы Стыр Леуахигомы Чъехы хъæуы цардис.

«Махмæ скъолæ-интернат уыдис, цыран хохбæстæй æрцæугæ ирон сабитæ ахуыр кодтой, афтæ-ма сидзæр сывæллæтæ дæр. Уыдонимæ иумæ хъомыл кодтам. Стæй схæццæ ситуаци, 1990-æм азты. Мæ сыхаджы дæр ма хъуыды кæнын, Елизаровты бинонтæ. Мах сын бафснайдтам сæ уаты дзуматæ (мебелы) æмæ сын æй стæй арвыстам. Еныр дæр æй нæ зонын кæм сты», - кой кæны Тъариел.



Фидæн? Куыд уæм кæсы бынæттонтæм Мгъебрианы фидæн? Цыран афтæ-ма этникон ирæттæ цардысты æмæ уыдон дæр Цæгат Ирмæ фæлыгъдысты.

«Ацы территори сырх зонæмæ хауы. Фæсарæйнæгтæ уыдысты ам, немæ ныхас кодтой. Иттæг хорз, бирæ проект, дам фæзындзæн бынæттон цæрджытæн. Афтæ-ма, экономикæйы министрадæй дæр уыдысты ам, фæнды сæ, цæмæй ам минигэс арæзт æрцæуа Тедзамыл, цæмæй бынæттонтæн иудадзыгæй рухс уа», - дзуры нын Тъариел.

Кæд уыцы алцыппæт æрцæудзæн æмæ Мгъебриани размæ рацæудзæн, Тъариел уæддæр йæ хъуыды нæ аивдзæн Леуахигоммæ аздæхыны тыххæй: «Мæн æппындæр ницы бауромдзæн. Ныфс мæ ис, æмæ кæй аздæхдзыстæм нæхи комбæстæм. Уыцы бынат мын æппындæр ницы фæивдзæн», - дзуры фысым.

Тъариелы æххуысæй, Джубойыл æмæ Никъойыл дæр фембæлдыстæм. Фистæгæй уыдонмæ иумæ ацыдыстæм Окианмæ æмæ Квемо (дæллаг) Мгъебрианмæ.

Мгъебриани, Квемо (дæллаг) Мгъебриани æмæ Окиан кæрæдзимæ дзæвгар дард сты. Тилифон дæр дзы нæ кусы, рухс сын хуры батарейтæй ис.

Джубо æмæ Никъо Тъариелмæ арæх вæййынц: «Уый у махæн нæ дарæг», - загъта нын Джубо Тъариелæй.

Никъо та бæхыл цæуы. Уымæн дæр фос ис.

Куыд нын Джубо загъта, афтæмæй ардыгæттæ сæйрагæйдæр фосмæ зилынц, фæлæ сæрды та, хос кæрдынц. «Æндæр куыст нын ницы ис», - зæгъы Никъо. Нырма Квемо (дæллаг) Мгъебрианы уыдыстæм, стæй – Окианмæ рацыдыстæм.

Окианы дыууæ аив æмæ стыр хæдзар лæууы. Ам арæх улæфынц цуаны, стæры цæуджытæ, кæцытæ Тъамийы цадырдæм цæуынц. Ацы дыууæ хæдзар уыдысты Хабалашвилиты. Хæдзæрттæй сæ иуы хицау 30 азы размæ, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы, æбæрæгсæфт фæкодта, æрбатары. Йæ фæд ын никуы ссардтой. Хъæуы ныууагъта уый фæстæ йе ‘фсымæр дæр.

1990-æм азты ацы хæдзæрттæм йæ хъус дардта бобнеуаг Кердихъошвили Робе. Куыд Джубо нын загъта, афтæмæй Робейы фæрцы аирвæзтысты ацы хæдзæртæ ныппырхæй æмæ скуынæг кæнынæй.

Джубо кой кæны, цæмæй уымæн дæр йæ фыд фыййау кæй уыдис:

«Мæ фыд ам уыдис фыййауæй. Сабибонтæй æз дæр ам дæн. Йæ къах рыстис мæ фыдæн æмæ иу ын æххуыс кодтон. Мæ бинонтæ дæлейæ сты. Мæ сабитæ дæр ам схъомыл сты. Ныр уыдон дæр дæлейæ сты. Дыууæ чызг мын ис. Чысылтæ куы уыдысты, уæд рацыдысты æмæ бæхы дыгътой. Куы сæ федтон чысыл ма бахъуыд мæ зæрдæ аскъуыдаид. Бæх йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта», - кой кæны Джубо, æмæ йæ иу къухæй йæ къахыл хæцы. Уымæн операци хъæуы, фæлæ йæ нæ зоны кæд ын фæуыдзæн рæстæг йæ къахæн операцийы скæнын.

Куыддæр Окианийæ фæстæмæ, Гурырдæм рацæуынмæ хъавыдыстæм, афтæ къулыл ахæм мидисы фыстытæ федтам: «2023 аз, 6 июнь, Окианы мит æруарыд», ноджы «2001 аз, 4 июнь, Тъамийы хохыл мит æруарыд» ... Дыккаг боны æгас Гуырдзыстоны мит æруарыд. Тъамийы хохы рæбыны райдыдта дæргъвæтин æмæ уазал зымæ

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.