Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Хъарапина — иунӕгӕй ззад бинонтӕ
Хъахъхъӕнӕнӕй пъалицӕйы пикапимӕ иумӕ бахызтыстӕм хъӕумӕ. Зӕронд Ног аз лӕууыдис хӕдзары къӕсӕртыл. Иу гыццыл хӕрдыл ӕссыдыстӕм ӕмӕ нӕ хӕдтулгӕ куыройы цур баурӕдтам.

Хъӕуы лӕууыдис адзӕмад. Автобаныл цӕугӕ хӕдтулгӕты хъӕр цъус цӕуы хъӕумӕ. Бирӕ хӕдзар ӕхгӕд у. Ӕввахсӕй ӕрмӕст пъалицӕйы пикапы хъӕр хъуысы, архайы цӕмӕй уынынады тыгъдадӕй ма фесӕфӕм.

Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.

Кӕрдӕгхуыз баннер автобанӕй ӕввахсдӕр у хӕдзӕрттӕм. Баннеры фӕстӕ Орцъосаны хъӕу ис, кӕм ӕвӕрд у Уӕрӕсейы ӕфсаддон базӕ.



Куыроймӕ ӕввахс Тъехты Гиоргийы хӕдзар лӕууы. Уый иунӕгӕй фембӕлдис Ног азыл, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ ам не сты. Фырттӕ — Дзӕуджыхъӕуы, чызг та Орцъосаны цӕры. Уый йӕ чызг ӕмӕ чызджы хъӕбулты нырид 8 азы нӕ федта.

«Ам мӕ цард куыд у? Ног азыл рынчын лӕг иунӕгӕй ӕмбӕлын. Бон-изӕрӕй фосыл хъуамӕ зилон, еныр дӕр уырдӕм цыдтӕн.» — загъта нын Тъехы фырт ӕмӕ скъӕтмӕ араст.

Бакодта скъӕты дуар ӕмӕ уым сыгъдӕг нӕ уыдис, уый куы федта — ӕртӕккӕ, дам, мӕ пысулты раивдзынӕн ӕмӕ сын расыгъдӕг кӕндзынӕн, — загъта.

Фосӕн сӕйрагӕй хъӕмп хӕрын кӕны, кӕцы сӕрды мӕнӕуы фӕстӕ йын аззайы, фӕлӕ уый ӕркӕнын дӕр тынг стыр хӕрдзтимӕ у баст:

«Иу гектарыл кӕмдӕр 3,5 т ӕркодтон мӕнӕу, фӕлӕ 1 кг-ы 45 тетри фидынц, стӕй комбаин дӕр, трактор дӕр, фӕстиуӕгӕн дын ницы аззайы, ӕлхӕнгӕ дӕр нӕ кӕнынц» — загъта нын Гиорги.

Хъӕумӕ бахизӕны ис Гиоргийы 'фсымӕр Тъехты Уаликъойы мемориалон цырт, кӕцыйыл дӕр ис ӕмдзӕвгӕ Хъарапинайыл. Тъехты Уаликъо Цӕгат Ирыстоны фыссджыты цӕдисы цытджын уӕнг у. Уый хъӕуӕй раджы алыгъдис, 90-ӕм азты. Цыртыл фыст ис ноджы стыр фыдӕбӕстӕйон хӕсты хайад чи иста, уыцы хъайтӕрты нӕмттӕ дӕр.

Уазӕгты бинонтӕ



Хъӕуы цӕрынц Уазӕгтӕ дӕр. Тъехты сыхагӕй цӕры Уазӕгты Тина, ӕнӕгӕнӕнджын чызг. Тинайӕн нӕу йӕ бон цӕуын ӕмӕ дзурын, фӕлӕ къухыкуыстӕй арахстджын у.

Тинайы мад Циурийы ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ чызгыл 33 аз цӕуы ӕмӕ иуылдӕр афтӕ у. Циури Ахалцихейы районӕй у ӕмӕ Хъарапинамӕ чындзы рацыд.

«Абон у Ног аз, мӕнӕ бакӕсут мӕ хӕдзармӕ, исты йыл зыны? Мӕнӕн ӕддӕмӕ ацӕуын мӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мӕ чызгӕн епилепси ис ӕмӕ йыл кӕд ӕрцӕудзӕн уый рагацау нӕ зонын» — дзуры Циури Барамидзе.

Уый куыд дзуры уӕддӕр ныры рӕстӕджы ахӕм хъӕбул дын кӕй ис, нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ Тина ахӕм рӕсугъд фӕрдгуытӕ аразы, уый бирӕтӕ нӕ зонынц.

Тинайӕн тынг ӕхсызгон уыдис уацхӕссджыты кӕй федта йӕ хӕдзары.

Уый ацы куыст компьютерӕй сахуыр кодта. Ног цыдӕртӕ дӕр уырдыгӕй ахуыр кӕны.

Елойты бинонтӕ



Хъӕуы куы уыдыстӕм, иу хӕдзарӕй хъӕр хъуыстис. Мах дӕр сӕ дуар бакодтам ӕмӕ бамидӕг стӕм. Кӕрты иу лӕг куыста, зӕронд цыдӕртӕ сыхӕлдта ӕмӕ алыцыдӕр фӕйнӕрдӕм уыд калд. Ӕвиппайды йӕ базыдтам амайад кӕй цыдис.

«Цыдӕртӕ амайын ӕмӕ уый тыххӕй у афтӕ хӕццӕ алыцыдӕр. Ногӕй мӕ фӕнды цыдӕртӕ самайон. Пенсимӕ ахызтӕн ӕмӕ ӕррадон-горӕты цы кӕнон?» — загъта нын Елойты Авто

Уый 42 азы ӕхсидагӕй куыста ӕмӕ пенсимӕ 10 азы размӕ хъуамӕ ахызтаид, фӕлӕ ныры уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ пенсимӕ алчи 65 азы хизы.

Йӕ бинонтӕ горӕты цӕрынц, кусынц, фӕлӕ нын куыд загъта, иу лӕппу уӕддӕр емиграцимӕ ацыдис.

Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ куыд уыдзӕнис сомбон ацы хъӕуы?

Автойӕн ис ныфс ӕмӕ йӕ хӕдзары сывӕллӕттӕ цӕрдзысты. Уый тыххӕй амайы ӕмӕ аразы нӕуӕг бынӕттӕ, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕ дӕр ӕрыздӕхой сӕ райгуырӕн хъӕумӕ.

Елойы фырт нын куыд загъта — уый ацы хъӕуы райгуырд, ацы хӕдзары. Горӕты ӕмӕ рынчындоны нӕ, фӕлӕ ацы хӕдзары!
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.