რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Куртайы скъолæ дæсæм фæззæг æнæ ахуыргæнæн азы райдыдæй
Квривишвили Тинатин, ныр, Якоб Гогебашвилийы номыл сæрмагонд скъолæйы ахуыргæнæгæй кусы. 9 азы размæ, уый Стыр Леуахигомы Куртайы хъæуы астæуккаг скъолæйы директор уыдис. Дæсæм фæззæг у, ныр Куртайы астæуккаг скъолæйы ног ахуыры азы нæ бæрæг кæнынц. Скъолæйы территори ныртæккæ афтид у. Августы хæсты рæстæджы, йæ нырма фæдавтой, стæй йыл зынг бафтыдтой.

«Деталтæ хорз хъуыды кæнын. Гуырдзиаг кафтæй иу райдыдтам æмæ иу бæлуæтты уæлдæфы суадзыныл фæуд кодтам, биологийы ахуыргæнæгæн, мæ уарзондæр Чъулухадзе Меланойæн хъуамæ акафыдаид, ех, цас адджын мысинæгтæ мын баззад, æнæцæссыгæй сæ мæ бон нæу æрымысын. Скъолæйы дæгъæлтæ мын хызыны уыдысты иууылдæр, æз комы никуы уагътон, куыд фæнды æндыгъд уавæрдæр ма уыдаид, сывæллæтты иу ракодтон, фæлæ иу æз мæхæдæг уым баззадтæн комы, 8-æм августы изæры рацыдтæн, телеуынынадæй фехъусын кодтой нæ хæдтæхджытæ дам ратæх-батæх кæнынц, кæртмæ рахызтыстæм æз æмæ мæ сыхæгтæ, æмæ уыцы рæстæджы бомбæ растдæр мæ цæхæрадоны кæроны æрхаудта, хæдзарæн йæ рудзынджы æвгтæ æрызгъæлдысты, цæрдæг багæпп кодтон хæдзармæ, мæхи ныццавтон мæ хызыныл, дис уæм фæкæсдзæни, фæлæ æрмæстдæр къамтæ авæрдтон хызыны æмæ рафардæг дæн комæй, фæлæ мæ зæрдæ абон дæр уым ис», - зæгъы Квривишвили Тинатин.
Уый скъолæйы 1995 азæй куыста. Нырма гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та, директоры хæдивæг сси æддæкъласы æмæ æддæскъолæйы куысты къабазы. Паралеллонæй, Куртайы темы ахуырады профцæдисы сæрдар уыди æмæ хæсты агъоммæ, фæстаг иу афæдзы дæргъы, ахуыргæнæгæй куысты 30 азон стажимæ скъолæйы директор сси.

«Скъола мæнæн уыдис мæ дыккаг хæдзар, уым уыдис мæ царды мидис, мысын мæ комы, ме ‘скъолæйы, ахуыргæнджыты æмæ персоналы, бæстон æвæрдæй дарын скъолæйы дæгъæлтæ, кæдон мæм раздæры Куртайы скъолæйы директор Басишвили Елисо стыр уарзондзинадимæ ратта, уыдон мæнæн сты стыр хæзнайы хуызæн», - зæгъы Квривишвили Тинатин.

2008 азы, æнæхъæн сæрды уый йæ коллегæтимæ иумæ скъолæйы арвыстой. Уагъд цыд цалцæггæнæн куыстытæ, сцæттæ кодтой кълас – кабинетттæ, актон залы, сентябрæй хъуамæ байгом уыдаид продленкæйы къорд, сарæзтой чиныгдон йæхи кæсæн залимæ, ныссыгъдæг æмæ срæсугъд кодтой кæрты, дон дыккаг уæладзыгмæ суагътой, кæрты цъай скъахтой.

Куртайы скъолæйы, фæстаг хатт, 2008 азы 5-æм августы уыд. Æндыгъд уавæрмæ æнæгæсгæйæ, фыццаг сентябрмæ уæддæр цæттæ кодта, ног ахуыры азы грандиозонæй байгом кæнын.

Квривишвили Тинатин нын загъта, цæмæй хæсты фæстæ уый план кодта Куртайы скъолæйы номыл скъола бакæнын Тбилисы. Уыцы ахуыргæнджытимæ æмæ педагогтимæ, кæцытимæ рагацау баныхас кодта ацы идеæйы тыххæй, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, йын уæдырæстæджы ахуырады министрад уыцы барлæвæрд нæ ратта.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.