რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур æрцахст Къудухты Леуан йæ нанайы уынынмæ Ахалгорырдæм фæцæйцыд
Къаспы цæрæг, 31 аздзыд Къудухты Леуаны, знон, 31-æм июлы, дэ-факто
Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Эргнеты постыл Гуырдзыстоны полицæмæ
раттой.
Цхинвалы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, Къудухты Леуан а. х. арæныл рахизыны тыххæй, иваргонд æрцыд, 2000 сомы бæрцæй. Суммæ йæ фыдыфсымæр бафыста, кæцы специалонæй, йе ‘фсымæры хъæбулы ссæрибаркæныны тыххæй, Владикавказæй Цхинвалмæ æрцыди.
«Йæ нанайы уынынмæ фæцæйцыди Ахалгормæ», – зæгъы Дабрундашвили Майа, Къудухты Леуаны мад, – «æппæт йæ сабибонтæ уым арвыста æмæ йæ æрфæндыд ме фсины фенын. Стæй чысыл нуæзтджын дæр уыди æмæ уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодта, афтæ уæндонæй ахызын иннæ фарсмæ», - зыгъта нын Дабрундашвили Майа.
Изоляторæй ссæрибары фæстæ Къудухты Леуанæн уæддæр йæ бон нæ баци йæ нанайы фенын. Уалдзæгæй фæстæмæ кæрæдзийы нал федтой:
«Мæ нана ныртæккæ уым иунæгæй цæры. Уалдзæджы ацыди Ахалгормæ, цæмæй хæдзармæ æркæса. Иннæ рæстæджыты махмæ вæййы Къаспы. Ацы зымæджы цъус æнæфæразон уыди æмæ, йæм сæйрагæйдæр, мæ фырт зылдис хæдзары», - зæгъы Дабрундашвили Майа.
28-æм июлы Къудухты Леуан Ламисхъаны бæрæгбоны уыдис. Ивлисобайы бæрæгбоныл æввахс хиуæттимæ æмæ йе мгæрттимæ фæцæл кодта. Изæрырдæм йæ нанайы бабæрæг кæнын аскъуыддзаг кодта, фистæгæй Твауриты хъæуырдæм ацыди æмæ Ахмаджы цур дихгæнæг хаххæй ахызти.
Дихгæнæг хаххы цур уымæй Уæрæсейы æмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны æмбæстоны бæлвырдгæнæг гæххæтт æркуырдтой, кæцы йæм нæ разынди. Æмæ уый фæци йе рцахсыны аххосаг.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები