რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Тæссаг фæндаг ахуыргæнджытæн
Облишвили Алжуни ныр 47 азы Бердзенаулы хъæуы астæуккаг скъолæйы педагогæй кусы. Ацы стажы кармæ ввахс у Пцайы æмæ Бердзенаулы хъæуты хсæн, цæугæдон Проныл уæвæг фистæгæй ахизæн хид.

Уый зæгъы, зæгъгæ дам, ацы заманы дæргъы, хид 4 хатты цалцæггонд æрцыди. Фæстаг хатт та, 12 азы размæ. Ахуыры процессы рæстæджы, Облишвили Алжуни ацы хидыл зæгъæн ис æмæ алы бон дæр ацæуы. Уый тынг хорз зоны хидыл хизгæйæ кæцы хъæдын фæйнæг нæ бауромдзæн æмæ уыцы рæстæджы телтыл æрлæугæйæ ахизы хидыл.

Абон æртыккаг хатт ныссаст хиды фæйнæг Беруашвили Нели йыл куы фæцæйхызт. Чысыл ма бахъуыд ныххауа, хорз уыд æмæ иу къухæй телыл хæцыд, йæ иу къахæй та фидардæр фæйнæгыл лæууыд.

«Нæ проблемæимæ базонгæ кодтам гамгебелы. Æвзæрстыты агъоммæ уыд ам æмæ йын уæд загътам, хиды уавæры тыххæй. Уый нын ныфс бавæрдта, цæмæй хидæн ребилитаци сараздзысты. Æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм, æвæццæгæн зымæгмæ цалцæггонд æрцæудзæнис», – зæгъы Облишвили Алжуни. Беруашвили Нели нын загъта, цæмæй фембæлды фæстæ, гамгеобайæ æрцæугæ бæрнон гоймæгтæ бынатыл сæхи цæстæй федтой хиды уавæры.





Хорз боныгъæды цауы, муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Зазайы æнæдызæрдыгæй уырны, цæмæй гамгеоба зымæгмæ хъæдæй ног конструкциты смонтаж кæндзæн. Уый 21-æм октябры меры æвзæрстыты фæуæлахиз æмæ муниципалитеты дыккаг æмгъуыдæй. Ацы хатт, меры ранджы къухдариуæг кæндзæн. Карелы облæстон æвзарæнты къамисы сæрдар Карелы меры сакребулойæн нæма базонгæ кодта.

«Разæвзарæнты кампанийы рæстæджы мын загътой педагогтæ, цæмæй хид тæссаг уавæры кæй уыди. Мæхæдæг ныццыдтæн æмæ бынатыл федтон ситуацийы. Бацархайдзынæн, цæмæй ацы азы арæзт æрцæуа хиды реабилитаци», – зæгъы Гулиашвили Заза.



Пцайы æмæ Бердзенаулы хъæуты Проны цæугæдон хицæн кæны. Дыууæ хъæуы хсæн дæрддзæг, хидыл ахизгæйæ, 1 километрмæ ввахс уыдзæн. Сæйраг фæндаг Бердзенаулмæ дард у. Иннæ фæндагыл машинæтæ нырма Земо Шакшакетыл, стæй та Квемо Шакшакетыл ацæуынц.

«Уыцы фæндагыл дæрддзæг у 15-20 километры бæрц», – зæгъы Ломсадзе Амиран. Уый Пцайы хъæуы Проны цæугæдоны былгæрон цæры:
«Мæнæн ныр сымах цы уынут, уый ницы у. уалдзæджы тынг раивылы проны дон. Хъæуы онг бахæццæ вæййы. ацы бынатыл ын дæргъвæтин калапот ис æмæ хид дæр уый тыххæй дæргъвæтин у. Бердзенаулы хъæуы ис юстицийы хæдзары филиал æмæ æппæт цæрджытæ уырдæм фæцæуынц, кæй документ фæхъæуы, чи йæ пенсимæ фæцæуы æмæ а. д. æнæмæнгхъæугæ у ацы хиды саразын», – зæгъы Ломсадзе Амиран.

Ис æви нæ ахуыргæнджыты транспортыл кæныны фæрæздзинад хиды ребилитацимæ, уый фæдыл, муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Зазамæ дзуапп нæма ис. «Нæ дæр мын уый бар ис, æмæ æмбæстæгты дыууæрдæм цæуын ма уадзон. Мах ныридæгæн проектыл кусæм æмæ нæ ныфс ис, цæмæй афæдзы кæронмæ реабилитацицонд æрцæудзæнис», – загъта гамгебели.



Кобаладзе Марина Бердзенаулы хъæуæй памидортæ хæссы. Уый социалонæй æнæхъахъхъæд у æмæ памидор тонынмæ уыдис. Йæ куысмыздмæ йын цы памидор раттой уый хæдзармæ хъуамæ ведрæты æмæ асыччы ахастаит: «Катайтæ кодта, куы дам ныххауон уæд ма дам цы кæндзынæн». Йæ амондæн йæ хъæуккаг рацæйцыд, кæцы юстицийы министрады филиалæй «Æхсæнадон центрæй» рацыдис.







Ацы фæндагыл æдæппæт цыппар педагогы рацу-бацу кæны. Уыдонæй æртæ Бердзенаулы хъæуырдæм, иу та – Абисы астæуккаг скъолæмæ.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.