რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Кнолевы цъайы йæ кусынæй рахицæн кодтой – полицæйы хайад доны хардз нæ фиды

Кнолевы хъæуы полицæйы хайады бахардзгонд доны хардзы хъæуы цæрджытæ нæ фидынц. 42 ларийы хæсы тыххæй, Энерго-про Джорджиа цъаймæ уагъд электроэнергийы рахицæн кодта.

Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, уый æртæ къуырийы размæ уыдис. Уыдонæн, уæлдай хæрдзты фидын сæ бон нæу, знон хъæумæ нæ визиты фæстæ, муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Заза нын абон загъта, цæмæй уыцы уæлдай хардз, 42 лари гамгеоба ныридæгæн бафыста.

Цъайы сæхгæныны фæстæ, æппæт уæз уынджы арæзт крантыл æрæнцад, цыранмæ æрдзон суадæттæй сæхигъæдæй сындæггай лæдæрсы дон. Хъæуы ахæм крантæ арæзт ис æдæппæтæй æртæ, æмæ уыдон дæр сты кæрдзимæ иугонд:

«Сæрæй йæ куы аскъуынай, йæ кæронмæ уæд æрхæццæ уыдзæн. Ацы æртæ къуырийы дæргъы ам æнæбафæразгæ сси цæрын. Æнæуи дæр хæрз чысыл бæрцæй цæуы ацы суадоны дон æмæ нæ фаг кæны» - загъта нын бынæттон цæрæг Кашински Нукри. Уый, растдæр, уыцы уынджы кранæй донæй йедзаг балонтимæ æрбацæйцыди, кæцы хъæуы астæу, скъолæйы бæстыхайы размæ, ис.

Хъæуы астæу интервью фыссыны рæстæджы, нын сыхы цæрджытæ загътой: «Мæнæ, ам, дон æдзухæй хъуамæ цæуид. Цъайы куы сæхгæдтой. Фæлæ нæдæр ацы краны цæуы дон. Æндæр гæнæн нын нæй æмæ дардæй хæссæм дон», - зæгъы бынæттон цæрджытæй сæ иу

Кнолевы хъæуы, цыран æдæппæт 244 адæймаджы цæры (2014 азы сфыстмæ гæсгæ), цъай 2016 азы арæзт æрцыд. Муниципалитеты гамгебели, Гулиашвили Зазайы ныхасмæ гæсгæ, электроэнергийы уæлдай хардз, æдæппæт, 42 ларийы уыдис. «Мæнæн уый майрæмбоны фехъусын кодта мæ бæрнон лæг, цæмæй хæсы нæбафидыны тыххæй хицæнгонд кæй æрцыд цъай. Уыцы бон æй бафыстам, фæлæ къазнайы бæрæг процедурæтæ бахъуыд æмæ уымæ гæсгæ хъæуы цъаймæ электорэнерги абон къуырисæры бадæттой», - зæгъы Гулиашвили Заза.

Уый ныхасмæ гæсгæ, объект гамгеобамæ нæма у лæвæрд: «Компани цалдæр цъайы аразы дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты. Æмæ сæ алкæцыйы дæр арæзт куы фæуа уæд, уый фæстæ, цъайтæ лæвæрд æрцæудзысты гамгеобамæ. Цас сыгъдæг сты цъайы дæттæ, ууыл дзуаппдæттæг, æрмæстдæр, уый фæстæ уыдзыстæм», - загъта Гулиашвили Заза.

Бынæттон цæрæг Кашински Нукри зæгъы, цæмæй цъайæ цы дон цæуы уый нуазынæн нæ бæззы, зæгъгæ: «Пайда дзы кæнæм æрмæст æхсынæн æмæ донхорыгæн. Алчи дæр дзуры, зæгъгæ, дам нæ бæззы дон», - зæгъы уый.

Бæрæг этапыл доны нæбæззон гамгебели дæр бæлвырд кæны. Загъта нын, цæмæй цистернæйы мидæггаг къултыл бахъахъхъæнæн ахорæн нæй сæрст: «Уый тыххæй цæуы дон иуæй-иу хатт гæзæмæ бургондæй, фæлæ, нын компани равдыста лабораторион скъуыддзаг, кæцымæ гæсгæ, дон нуазынæн бæзгæ у», - зæгъы уый.

Полицæйы хайадмæ та цы хауы, уымæй, ацы этапыл, иннæ мæйы, проблемæ гæнæн ис æмæ уа ноджы. Карелы мидхъуыддæгты уагдоны дæлхайадæн хицæн хынцæг нæй æвæрд, уымæ гæсгæйæ, мидхъуыддæгты министрады бюджетæй хардзы бафидын нæ уайы. Хъæуы цъайы кусынæн æрвылбон хъæуы 250-300 ларийы бæрцы аргъ электроэнерги.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.