Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Тотраты Фаризет – иунæг-иу цæрæг Баны 1000 ларийæ фæивар кодтой
Иу рæстæджы бæхыл цыд Гъвананы комы хъæутæм. Уыдис ын «Вилис» дæр, кæцы дурджын фæндæгтыл ныппырхис. 9-номерон цæвæгæй карста хос.

Ныр та фосмæ зилы. Йæ царды дæргъы йе ‘фсымæрæн, йæ хойæн æмæ уыдоны хъæбултæн æххуыс кодта. Зæгъы, зæгъгæ дам, ме ‘фсымæры тыххæй не смой кодтон. Йе ‘фсымæры хъæбултæ æнæмадæй хъомыл кодтой æмæ сæм кæсын хъуыдис. Тбилисы экономикон факультеты ахуыр кодта, куы фæцис ахуыр, уæд цасдæр рæстæджы куыста æмæ стæй хъæумæ æрбаздæхтис.

Тбилисы æмæ йын Рустауы койыл «алерги» ис, цыран йе ‘фсымæры хъæбултæ цæрынц. Алкæмæй тынгдæр æй фæнды йе ‘фсымæры хъæбулы хъæбулы фенын. «Астæуккаг Азийы цæры. Еныр ахуыр кæны уæлдæр ахуыргæнæндоны. Фехъусын ын кæнут, цæмæй бабæрæг кæна йæ нанайы», - зæгъы Тотраты Фаризет.

Ныртæккæ, хос кæрдын йæ бон нал у, æрмæст ма фосмæ зилы. Ацы аз дыууæ рæуæды ауæй кодта. Сугы хцайы иу хай дзы бафыста. Хосы тукты хца уымæй бафиддзæнис, декабры мæйы «Мартиа» род куы ныййара æмæ куы ауæй уыдзæнис уæд.


«Ме ‘фсымæры тыххæй не смой кодтон. Йæ хъæбултæ æнæмадæй хъомыл кодтой. Зилын сæм хъуыд. Æз мæхæдæг дæр сидзæрæй схъомыл дæн. Нæ мæ фæндыд æмæ уыдон дæр мæнау бавзæрстаиккой æз цы бавзæрстон уый».

76-аздзыд Тотраты Фаризет Баны хъæуы, Дзамайы цæугæ доны фарсмæ Гъвананы комы цæры. Имерхеуæй фæндаг дурджын у. Джипп дæр дзы нал цæуы Банырдæм. 21-æм сентябры «Мады-Майрæмы» боны, зæгъæм, Кокошвилитæн сæ бон нæ баци сæ фыдæлты хъæумæ ссуын. Уыдон Имерхеуы бахизæны æрлæууыдысты, æмæ уым æрывæрдтой фынг æмæ фæндагыл цæуджыты фæхуыдтой:

«Фаризетмæ цæут? Мады-Майрæмы дзуары уыдзæни. Фарон нæ фарсмæ бадтис. Ацы аз нал схызтыстæм джипыл дæр. Дуртыл дыууæрдæм кæны машинæ æмæ хæлы. Нæ фыды иу алы аз дæр æрбакæнæм уырдæм. Нæ хæдзар бынтон пырх у. 90-æм азты йæ ныууагътам. Ныр ма уал хæдзары æмбæрзæны адавтой, уый фæстæ къултæ ныккалдысты», - загътой нын уыдон. Хæбизджынтæй æмæ нæ цæхæраджынтæй хорз суазæг кодтой æмæ нын стæй фæндараст загътой.


«Ам джипыл дæр не схиздзыстут, кæд ын бæрзонд пасадка нæ уыдзæн. Вилис мын уыдис, фæлæ йæ ауæй кодтон, ныцъæл ис»


«60 лари мын лæуы мæйы мидæг, Карелмæ цæмæй ныццæуон. Гурмæ дæр фæцæуын дохтырмæ, госпиталмæ. Еныр та хъуамæ ныццæуон. Раст у, мæ къах мын несдзæбæх кодтой, фæлæ мын цъус уæддæр баххуыс кæндзæнис».


Схызтыстæм къæдзæхджын фахсыл. Уый фæстæ Гъвананы цæугæдоныл дыууæ раны ахызтыстæм. Загътой нын, цæугæдоныл дам дыууæ раны куы ахизат, уæд уым райдайы Бани. Фæлæ, цæугæдоны æртыккаг бахизæны цур куы балæууыдыстæм, уæд æй бамбæрстам кæй фæдзæгъæл стæм. Тотраты Фаризет хæдзары нæ уыдис. Бæлæсты хсæнæй нæ зындис йæ хæдзар дæр, нæдæр дзы куыдзы рæйын хъуыст.

«Пацъуайы суадоны онг бацыдыстут? Мады-Майрæмы дзуары уыдтæн. Мæ хойы хъæбул у рынчын æмæ уымæн кувынмæ уыдтæн. Аргъуаны не ссардтаиккат. Абон дзы ничи уыдис аргъуаны. Нæ сауджын Фыд Зенон Имерхеуы ис, уым ауагъта «цъирва». Уый мæм йæ хъус фæдары. Уый мын саразын кодта хуры батарейæтæ дæр», - загъта нын Тотраты Фаризет.

Йе ‘рбацыд ын уæд базыдтам фæстæмæ Пацъуайы суадонæй куы æрбаздæхтис æмæ куыйтæ рæйын куы райдыдтой. Мах дæр уæд бамбæрстам, цæмæй уым æввахс кæй уыдаид хæдзар.
Иу рæстæджы 60-хæдзарджын хъæу, 1130 м бæрзæндыл, Тотраты Фаризет, ныртæккæ, иунæгæй цæры уым.

«Цард-цæрæнбонты хæрæгау кусын. Еныр цъус æхца æртымбыл кодтон æмæ сæ банчы нывæрдтон. Хъыг сын уыд ме ‘фсымæры хъæбултæн, фæлæ цы бакæнон. Мæн мæ мæлæты бонæн æхца хъæуы. Куы амæлон, уæд мæ Имерхеуы аргъуаны сауджын баныгæндзæн, афтæ, æмæ сабæттаг дæр нæ райсдзæнис. Зонут, цæмæннæ? Мæ мад мæн нæ амардта. Мæ фыд хæстмæ куы ацыдис, уæд гуыбыны уыдтæн. Хæдзар дæр сын нæ уыдис. Мæ мадæн загъта, кæд дам чызг райгуыра, ма дам ын бахæрын кæн æмæ дам амæлдзæн. Фæлæ мæ уый нæ амардта. Æмæ æз уый фынгæй сабæттаг куыд хъуамæ райстаин? Искæй ныгæнинаг æй хъуамæ фæкодтаин?», - зæгъы Фаризет.

Нæ дæр ын сабибонты уыд хорз цард. Æртыккаг къласы йын къалостæ балхæдтой, фæлæ дзы иу къалос цъыфы фесæфта. Ацы къалосы скъолæйы хъахъхъæнæг ссардта æмæ йæ ахаста йæ хъæбулæн.

«Æртыккаг къласмæ иу къалосы фæцыдтæн. Иннæ къахыл иу хæцъил стыхтон æмæ афтæмæй цыдтæн. Æз мæхи никæмæн бафхæрын кæндзынæн, уымæн æмæ, цард-цæрæнбонты уыдтæн æфхæрд. Хæс мын куы уа Згъудермæ, æмбисæхсæвы ацæудзынæн æмæ мæ хæсы бафиддзынæн, фæлæ фиддонты куыстуатæн нæ бафиддзынæн æхца. Ацы интерьвю нæ фендзысты? Уыцы компютертæм ма кæсæт. Кæд мын мехцайæ бауромдзысты, ныццæудзынæн æмæ уыцы компютеры ныцъæл кæндзынæн», - зæгъы Тотраты Фаризет.


Куыд рабæрæг афтæ, æфтиæгты куыстуаты бæрнон кусджытæ 2017 азы Тбилисы Фаризеты æфсымæры хъæбултæн фехъусын кодтой, цæмæй Тотраты Фаризетæн зæххы налог фидинаг кæй у цалдæр азæн:

«6 азæй фылдæр у хос кæрдынмæ нал ацыдтæн. Нæ сæрдарæн цыппар цæсты куы ис, уæд иу хатт ма хъуамæ ссыдаит æмæ мын ма хъуамæ загътаит? Загътаит мын: нæ кæрдыс, фæлæ дын уæддæр налог фыст цæуы. Ныр сæ 1000 лари æрхъуыдис? Нæ сын ныббардзынæн, банчы мын цы хца ис уымæй куы бауромой, æнæхъæн дуне йæ базондзæн, цы рцæудзæн уый», - загъта нын Фаризет.

«Банчы нывæрдтон мæ баныгæныны æхца. Сауджынæн хъуамæ зæгъон, цæмæй мæ Имерхеуы баныгæна. Ам мæ сырдтæ бахæрдзысты. Сабæттаг дæр ма хъуамæ райсой. Адæм тыхст сты. Искæй ныгæнинаг цæмæн хъуамæ уон?!»



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.