Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Тъахтъидзирийæн Гвиргуина байстой
«Зоныс, цæмæн хуыйны нæ хъæуæн йæ ном Тъахтъидзири?», - загътой нын хъæуы биржайыл. Тъахтъидзирийы куы уыдыстæм, уæд нæ хъæуы бынæттон цæрджытæ хъæуы историйы зонынадæй афæлвæрдтой. Мах афтæ цæттæ нæ разындыстæм, цæмæй сын дзуапп раттаиккам. Уæлдайдæр та, уым интернеты фадатдзинад къаддæр ис, цæмæй йæ гуглы бацагуырдтаиккам.

Стæй афтæ разынд æмæ ацы информацийы гуглы дæр не ‘ссардтаиккам. Интернеты хабар уын кæроны радзурдзыстæм, педагогтæ æмæ сабитæ дистанционæй бæргæ уадзынц уроктæ, фæлæ æрмæстдæр мобилон телефоны æххуысæй. Сабитæ педагогтæн урокты радзурынц фейсбукы мессенджерæй кæнæ зумы нæ, фæлæ – телефонæй.

«Уе ‘ппæт дæр Дванмæ куы фæцæйлидзут, уæд-иу чысыл махырдæм дæр хъуамæ ракæсат. Ам дæр æнæкурдиат адæм ничи цæры. Куы сæ ранымайон, уæд зæгъæн ис, æмæ се ‘ппæт дæр каст фесты уæлдæр ахуыргæнæндоны. Фæлæ дæ ныртæккæйы заманы цы фæнды, цæмæй саразай? Фæндаг – Дванæн, дон – Дванæн, æххуыс – Дванæн, мах дæр конфликты зонæйы цур цæрæм», - загътой нын хъæуы æмбырдон (биржа) бынатыл.

2008 азы августы фæстæ, социалон æххуысы алы хæдзары бинонтæ дæр истой. Уый тыххæй афтæ у, æмæ 2012 азы фæстæ, «Гуырдзиаг бæллиццы» уагдæттæг къорд æрвыл хатт æвзæрстытæ ацы сыхы уымæн фембылд вæййы.

Абон централон мидæгон фæндаг асфальтгонд у. Уыцы проблемæтæ, кæцытæ ивгъуыд азы адæмы тыхсын кодта, сæ иу хай æххæст æрцыд, фæлæ фæзынд ног – хæххон цæрæнуаты статус.



«Æндæр хъæутæн раттой хæххон статусы æмæ махæн нæ», - зæгъынц уыдон.

Фæлæ уæддæр цæмæн хуыйны ацы хъæу Тъахтъидзири? Ацы фарст нын кæй зæгъын æй хъæуы æнæ дзуаппраттгæ нæ баззади:

«Уымæн хуыйны нæ хъæу ацы номæй, æмæ ам Тамары тъахтъи æрывæрдтой, ауылты цæугæйæ ам куы æрулæфыди уæд», - дзуапп нын раттой.

Ацы легендæ (таурæгъ) ууыл нæ фæуд кæны. Тъахтъидзирийы хъæуимæ арæн кæны Гвиргуинайы хъæу, кæцы йæм фæрсырдыгæй фæлгæсы. Кæд æмæ, Тамары тъахтъийы æрывæрды бынатыл тъахтъийыдзири (тъахтийы фæд) разынд, хъæуы уæллаг хайы цæрджытæ цæрæнуаты схуыдтой Гвиргуина – ома уыцы бынаты цытæн, цыран Тамары гвиргуини (кады худ) уыд æвæрд.

Гвиргуина (уырыссагау «корона» (кады худ)) ныртæккæ оккупацигонд Знауыры районмæ хауы.

Абон Гвиргуина æмæ Тъахтъидзири кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Ай уырыссаг æфсæддонтæ аразынц, уый тыххæй æмæ ацы дыууæ хъæуы ‘хсæны сындзтелгæрæнтæ сарæзтой.

Бынæттон цæрджытимæ ныхас кæнын ноджы цымыдисондæр сси, уæлдайдæр та, нын куы радзырдтой уый фæдыл, куыд тырныдта Гиорги Руси (Тамары фыццаг мой) цæмæй Гуырдзыстоны тъахтъи æмæ гвиргуинийы (кады худ) йæ къухмæ райстаид, фæлæ йын дзы ницы рауад.

Уый бæсты та, Гиорги Русийы цæуæт, 800 азы фæстæ, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ Гвиргуинайы хъæу æрцахстой æмæ йæ оккупацион хаххы иннæ фарс фæкодтой. (Овсты паддзах Давит Сослан уыд Тамар паддзахы дыккаг мой, Гиорги Русийы фæстæ – ред.).



Фæндаг Тъахтъидзирийы рдæм

Дирбæй æдыппæт цалдæр 3-4 км-ы дæрддзæгыл машинæ тынг рæсугъд, акациты аллейы фæндагыл рацæуы. Августы хæсты фæстæ ай иунæг-иу фæндаг у кæцыйы Евроцæдисы финансон æххуысæй, сасфальт кодтой. Велосипеды хуызивд сбургонд хæххытæ, дидинкалгæ бæлæсты бын арæзт асфальтыл цæуы.

Медиа, хицауад æви æмбæстагон секторы минæвæрттæ ацы фæндагыл фылдæр Дванмæ фæцæуынц, кæцы-иу тъахтъидзирæгтæн цъус хъыг вæййы. Дванмæ, дам, сæ хъус фылдæр дарынц.

Раст ацы дыууæ боны у, бынæттон æви æхсæнадæмон медиа, Цæстдарæг организацитæ Тъахтъидзирийы ‘рдæм райдыдтой змæлын. Хъæу ныридæгæн дунеон хъусдарды центрмæ бахуад.
Кæд разындысты уырыссаг æфсæддонтæ?

Фæстаг иу къуырийы дæргъы Гвиргуина æмæ Тъахтъидзирийы ‘хсæны зæххытыл æфсæддонтæ кусынц. 18-æм апрелы уралы типы машинæйыл æрбацыдысты. Æфсæддонтæ сæйрагæйдæр къахт зæххытыл куыстой.

Бынæттон цæрджытæ нын загътой, зæгъгæ, оккупацион тыхты минæвæрттæ цæджындзтæ смонтаж кодтой, цыран уый фæстæ уыдоныл æфсæйнаг хызтæ абæтдзысты.

«Ацы зæххытæ иуылдæр куыстгонд цыдысты, цыдæриддæр нæ контролиргонд территори уыд. Хæсты фæстæ дæр дарддæр кодта хæдзарадон куыстытæ ацы зæххытыл, уæдмæ ницы дæр адæймаджы скъæфтыты æмæ æрцахстыты фæдыл фехъуыстон уырдыгæй ахæм. Хъыгагæн æй нæ зонын, нæу мæ бон зæгъын цал гектарыл у ныхас æмæ цал хæдзары бинонтæм хауд ацы территори. Мæнæн дæр нæ дæттынц уырдæм бацæуыны бар», - загъта нын Къопъадзе Нодар, кæцы мерийы минæвар у хъæуы.
Уый Дваны цæры æмæ хорз зоны, цы нысан кæнынц æфсæйнаг гæрæнтæ. Дван у иуæй-иу æппæты хуыздæр дæнцæг оккупацийы, цыран сындзтелгæрæнтæ хъæуты кæрæдзийæ ахицæн кодта – Дван æмæ Уæллаг Дван. Ацы дыууæ хъæуы цæрджытæн уæлмæрд дæр иумæ уыдис.

«Бынатыл кусы полицæ. Мæнæн уырдæм бацæуыны бар нæ дæттынц, абон мæ фæндыдис ссæуын фæлæ мын барадхъахъхъæнджытæ карзæй бафæдзæхстой машинæйыл ма ацæуын. Бынатмæ не ‘ссыдтæн æмæ кæй зæгъын æй хъæуы деталтыл дæр нæу мæ бон дзурын», - загъта Къопъадзе Нодар.



Æхсæнадæмон дзуапп

17-æм апрелы, Америкæйы Иугонд Штатты минæварад рапарахат кодта хъусинаг, кæцымæ гæсгæ Штаттæ Уæрæсемæ ноджы иу хатт сидынц 2008 азы августы хæсты рæстæджы къухæрфыст бадзырдæй лæвæрд хæстæ сæххæст кæныны фæдыл.

«АИШ стыр мæты ис уыцы хъусинæгтæй, æмæ Уæрæсейы ‘рдыгæй уагдæттæг æдасдзинады куыстуаты минæвæрттæ кæй сног кодтой агрессивон «Бордеризаци» Уæрæсейы ‘рдыгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийы, Хуссар Ирыстоны административон дихгæнæг хаххыл, Тъирдзнисы хъæуы цур», - нысангонд цæуы хъусинаджы.

Хъусинаджы ма афтæ ноджы кæсæм, цæмæй Иугонд Штаттæ фауы Цхинвалы дэ-факто хицауады ‘рдыгæй цахæмфæнды архайды, кæцы карз кæны æндыгъдад æмæ къуылымпы кæны зианбаййафæг цæрджыты цæрæнбон æмæ æнæниздзинады бахъахъхъæныны ‘рдæм арæзт æнæаргъæвгæ тыхархайды:

«Уæлдайдæр та Куадзæны сабат-хуыцаубоны æмæ глобалон пандемийы кризисы фоныл. Мах сидæм, æвæстиатæй урæд æрцæуæд цахæмфæнды конструкцийы, нысаны, гæрæны æви барьеры арæзт, кæцы æххуыс кæны административон дихгæнæг хаххы æнæзакъонон «Бордеризацийы» сфидар кæнынæн кæнæ рауæрæх кæнынæн. Ноджы иухатт, сидæм Уæрæсемæ ныууадза Гуырдзыстоны территорийы 20 проценты æнæзакъонон оккупацийы æмæ сæххæст кæна 2008 азы зынг фескъуыды бадзырдæй райсгæ хæстæ, уыдон æхсæн, æфсæдты ракæнын конфликты агъоммæ уæвæг позицитыл æмæ гуманитарон æххуысы æнæкъуылымпыйæ æххæст кæныны ифтонгад», - нысангонд ис хъусинаджы.

Дыккаг боны, 18-æм апрелы, Польшæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рапарахат кодта хъусинаг «Твиттеры».

«Польшæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад карзæй фауы Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ног æнæзакъонон арæзтадты аразын Уæрæсейы ‘рдыгæй фæткдæттæг æфсæддонты ‘рдыгæй. Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты алтернативæ нæ уæвы», - фæрсæм хъусинаджы.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.