Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Жьҭaaрa 2024 »»
п в с ч п с в
30 1 2 3 4 5 6
7 8 9 10 11 12 13
14 15 16 17 18 19 20
21 22 23 24 25 26 27
28 29 30 31 123
Ног хабæрттæ
Сукиты æмæ Хачидзе-Бестауашвили Нанули
Сукиты хъæу хорз зыны Самцъеурис-Ногхъæуы фæндагæй, æниу æй чи нæ зоны, цæмæй ам хъæу ис, уый нæ рахатдзæн, æмæ уым хъæу кæй ис. Æрмæст æм хорз боныгъæды ссæуы машинæ уæлæмæ.

Стыр къæвдаты тыххæй, ацы фæндаг дæр æхгæд у, уый тыххæй хъæумæ фистæгæй ссыдыстæм. Фæндагыл ныл Самебайы аргъуаны пырхæнты цур Кобесашвилиты мыггаджы минæвæрттæ фембæлдысты. Уыдон иумæ æрæмбырд сты æмæ иумæ уæвыны нысан кодтой:

«Журналисттæ стут? Æвæццæгæн Тъухомæ цæут, зæгъгæ» - бафарстой нæ уыдон æмæ нæ сæ фынгмæ бахуыдтой. Тынг тæвд бон уыд æмæ сдойны стæм, цы сæны агуывзæтæ нæм авæрдтой уыдон зæрдиагæй анызтам. Самебайы аргъуаны цур кæй уыдыстæм, уый тыххæй хъуамæ фæйнæ 3-3 агуывзæ сæн банызтаиккам.

«Йæ мад цæры иунæгæй. Рухс уагъд дæр æм нæй. Рухс кæд рауаддзысты, уæд гæнæн ис æндæр цæрджытæ дæр æрбаздæхой хъæумæ цæрынмæ», - загътой нын Кобесашвилитæ. Уыдонæй чи Ногхъæуæй уыд, чи Агарайæ æмæ уым æввахс хъæутæй.

Хæрзбон сын загътам ацы адæмæн, кæцытæ нæ хорз суазæг кодтой. Уый фæстæ ноджы 300-400 метры ауадыстæм æмæ ныл хъæуы бахизæны Тъухо фембæлд, хос карста.

Тъухо, Бестауашвили Гела у, кæцы нæ рагон зонгæ у. Хъыг нæм уыд, фарон азы, фæззæджы Гиоргобайы (Джиуæргуыбаты) бæрæгбоны йæм кæй нессыдыстæм, уый тыххæй. Къудатхъейы уыдыстæм уæд, æмæ Сукиты фæндагыл куы раздæхтыстæм Гурмæ, уæд ныл фембæлд. Загъта нын, цæмæй йæм Джиуæргуыбаты ссыдаиккм, фæлæ нын нæ бантыст.

«О, афтæ зонут, сымах, æнæхъæлæджы-иу æрбацæут, куы уæ хонын, уæд та, нæ цæут», - загъта нын фысым.

Сихорафон уыд æмæ цъус аулæфын хъуыд. «Фосы дæр раскъæрдзынæн, сдойны уыдаиккой æмæ æз дæр æрцæудзынæн, мæ мад хæдзары ис», - загъта нын уый æмæ фосырдæм араст. Мах та хъæуы централон чысыл хæрзуынд фæндагыл бахызтыстæм хъæумæ.

Фæстаг визиты фæстæ, чысыл фендæр алфæмблай, уæлдайдæр, фæндаг. Бынтон æй къæвдатæ фехæлдтой. Фосы лæууæндоны цур егъау арф адаг уыд арæзт.

Мæргъты кæркдоны цурмæ Хачидзе-Бестауашвили Нанули рацыд нæ размæ. Тынг фæгуыбыр йæ астæу, фæстаг визиты рæстæджы, афтæ гуыбыр нæ уыдис. Йæ мой дыууæ азы размæ фæзиан æмæ иунæгæй баззад хъæуы. Сæ хъус æм дарынц йæ хъæбултæ, куы сæ иу ссæуы Агарайæ, куы - иннæ хъæбул, Бестауашвили Лела. Лела педагог у. Къодавардийы скъолæйы иунæг-иу ахуыргæнæг у. Уый дæр иттæг хорз зонынц нæ кæсджытæ.



Хачидзе-Бестауашвили Нанули иунæг-иу у, кæцы Сукиты хъæуы иудадзыг цæрæгыл нымад цæуы æмæ ныр 60 азы уыдзæн уый ацы хъæуы цæрын куы байдыдта.

«1965 азæй ацы хъæуы дæн. Геологтæ куы райдыдтой ардæм цæуын, уæд адæмæн загътой, цæмæй хъæумæ сыджытзæй æрцæудзæн, зæгъгæ. Цæрджытæн дæлейæ радтой цæрæн бынæттæ. Махæн нæ радтой цæрæн бынат, цæуылнæ нын радтой, нæ зонын, мæ бон нæу зæгъын. Афтæ баззадыстæм ам, æз æмæ ме ‘мкъай. 90-æм азты змæстытæ, куы байдыдта, уæддæр æз æмæ ме ‘мкъай ам уыдыстæм», - дзуры нын Хачидзе-Бестауашвили Нанули

88 аздзыд Нанули профессийæ зоотехник у. Уымæн Сукиты хъæумæ йе ‘рцыды нысан дæр раст йæ куыст уыд, кæцыйæ бынтондæр ацы бынатимæ сбаста.

«Мæн ардæм кусынмæ рарвыстой. Ме ‘мкъайы æрвад, хъæуы фермæйы гæс уыд. Уый дæр æмæ йын йе ‘мкъайы дæр хорз зыдтон. Цæхæра йын уыд рувинаг. Мæн акодта цæхæрайы рувынмæ. Нæ йæ зыдтон цæй тыххæй мæ кодта. Æрмæст мын загъта, мемæ, дам, рацу, мæ усæн, дам, цæхæра рувинаг ис, æмæ дам ын аххуыс кæн. Афтæ фембæлдтæн мæ лæгимæ», - мысы Бестауашвили Нанули.

Хачидзе-Бестауашвили Нанули уыцы азты кой кæны, хъæу куы сафтид цæрджытæй æмæ дзуры, цæмæй уымæн йæ бинонтæ æндæр ран цæрыныл никуы дæр ахъуыды кодтой.

«Алчидæр куы ацыд, алчидæр æндæр ранмæ куы ацыд ардыгæй, уæд мæ мой Уæрæсемæ байдыдта цæуын. Мæ мой иу дзырдта, алкæмæн, дам, йæ сывæллон ахуырмæ ацæудзæн æмæ дам æз мæнæн мæ сывæллæтæ ацы пырхытæ хъæуы кæдмæ хъуамæ уой. Ацыдис æмæ сывæллæттæн Агарайы балхæдта хæдзар, цæмæй скъоламæ дæр уым цыдаиккой», - дзуры Хачидзе-Бестауашвили Нанули.

Шида Картлийы æндæр хъæуты æнгæс, ацы хъæуы дæр проблемæтæ бирæ ис. Æрбæстонкæнинаг у доны проблемæ, кæцымæ гæсгæ дæр, цæрджытæн иуазон зайæгойты æрзайын кæнын сæ бон нæу.

«Доны аразын нæ фæнды, уый тыххæй æмæ нын ницы байтауыны фадат ис. Чысыл цыдæртæ байтыдтон æмæ йæм бацæуæн нæй, лами у, дон æм афтæ цæуы æмæ йæ нæ уромыс. Ныццæуынц æххуысагур, фæлæ ничи æрбацæуы. Æвзæрстыты рæстæджы хорз æрбацæуынц, цæмæй та бахахх кæнæм уыдон нын кæй зæгъой уый ном. Иухатт æрбацыдысты, æххуыс истам, цалынмæ мæ мой удæгас уыд æмæ мын æххуысы дæр нал радтой, систой йæ. 3-4 азы ныр æххуыс нал райстон. Куы ацæуон, кæдæм бацæуон? Дзæбæх дæн æви тыхст дæн, ай у нæ хъæу. Æндæр нын никуы ницы ис, цæмæй чысыл æфтиаг райсæм», - тыхсы Хачидзе-Бестауашвили Нанули.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.