რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« აპრილი 2024 »»
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Пандеми дихгæнæг хаххы цур – Асанидзе Автандил Чъвринисæй
Кæрт дидинджытæй у фæлындгонд. Къухæйконд хъуырæутты бурдидинджытæй у едзаг. Йæ алыварс æнæпайда дзаумайæ ницы фендзыстут. Бурдидинджытæ сагъд ис пластмассы ботлæты дæр. Асанидзе Автандилы мыдычыргъæдæй рахизгæ фæллойгæнæг мыдыбындзы дардмæ цæуын нал хъæуы.

Сæнæфсиры ныллæг аллейыл лыстæг æндæхтæй ауыгъд ис компьютеры дискытæ. Хуры тынтæм, уæлдайдæр хуры ссыды æмæ хурныгуылыны рæстæджы ферттивынц.

«12 хъæбулы хъæбул мын ис. Куы стæвд вæййы, уæд-иу ам вæййынц», - зæгъы 85 аздзыд Асанидзе Автандил.
Афæдзæй фылдæр рæстæг баззадысты йæ хъæбулы хъæбултæ хъæуы, уымæн æмæ сæ пандемийы период хъæуы æрыййæфта æмæ уым уыдысты.



Ай уыцы хъæу у, кæцы дихгæнæг хаххы цур уæвы. Хæдзæрттæ фактивонæй сындзтелгæрæнмæ хæрз æввхс сты. Полицæйы пост та, хъæуы æрбахизæны ис. Амæ гæсгæйæ, Чъвринисы хъæумæ æрбацæуæг журналисттæн алыхатт дæр семæ полицæ рацæуы.

«Æнахуыр адæймаг у мæ фыд, æнæуи мах лигъдæттæ стæм, фæлæ ай тыххæй ницы дзурæм. Уырдыгæй куы рацыдыстæм, лигъдоны гæххæтт нæ саразын кодта, афтæ загъта: - бæстæ, дам, йæхæдæг тыхст у æмæ ма йын æз дæр мæхи куыд дарын кæнон?», - загъта нын Асанидзе Автандилы чызг, интервью исынмæ йæм куы ссыдыстæм.

85 аздзыд Асанидзе Автандил Карелы районы Чъвринисы хъæуы цæры. 90-æм азты змæстытæ йæ уыцы уавæрмæ ркодта æмæ йын Цхинвалы ныууадзын кодта æмæ Чъвринисы хъæуы æрцардис. 2008 азы августы хæсты фæстæ та оккупанттæм 4-хатт ахæсты бахаудта.



«Знауыры æппæты фæстагмæ байдыдтой змæстытæ. Цхинвалы змæстытæ куы райдыдта, адæм кæрæдзийы ныхмæ куы систы, уæд Знауыры тыххæй афтæ дзырдтой, æрмæст ма, дам, иу Знауыр аирвæзтис ацы змæстытæй. Фæлæ хъыгагæн уым дæр тагъд райдыдта змæстытæ æмæ мын æндæр гæнæн нал уыдис, тыхцыд ракодтон уырдыгæй. Нæ уыдтæн æнхъæл æмæ ахæм исты æрцыдаид. Рацыдтæн æмæ ардæм æрцыдтæн, æндæр ранмæ кæдæм ацыдаин. Мæ хæдзармæ фæстæмæ нал аздæхтæн, уымæн æмæ нал бафидыдтой. Уыцырдыгæй дæр мын ис хæстæджытæ, сыхæгтæ. Æмахастытæ нын нал ис, мах уыдонмæ нал цæуæм æмæ уыдон махмæ нал цæуынц. Кæд-ма тилифонæй аныхæстæ кæнæм, уыйеддæмæ. Æнæуи мæм ныртæккæ дæр-иу фæдзурынц Знуырæй, Набакевийæ. Мæнæ ма дзы гуырдзиæгтæ чи баззади уыдон. Знауыры 32 азы фæкуыстон, базар кодтон æмæ заводы дæр уыдтæн. Ахалцихы дæр куыстон. Бретайы советон хæдзарады дæр. Стæй бæстæ ныппырхытæ æмæ ацырдæм рацыдтæн. Ныртæккæ Чъвринисы цæрын, цъус мын хъæуы зæххытæ дæр ис, сæндонмæ зилын, хъуг дæр мын ис æмæ мæхи дарын хъом дæн», - дзуры нын Асанидзе Автвндил.

Зæронд лæг кой кæны 2008 азы августы хæсты тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æндæр хъæутæм абаргæйæ сæ хъæу алкæмæй къаддæр зиан баййæфта.

«Чысыл лæппутæ цыдысты ардыгæй Балта, уырдыгæй Метех, Баткъинет, фæлæ уыдон рагацау зыдтой кæмæ хъуамæ бацыдаиккой. Махмæ не внæлдтой. Куыддæр æрзылдысты, цæрджытæ сæ размæ фестæм хъæумæ фæзилæны. Сæ иуы дзы базыдтон, мæ хæлары хъæбул уыди. Йæхæдæ мæм фæдзырдта, нæ, дам, мæ базыдтай? Æз ын загътон, зæгъын дæ куыд нæ базыдтон, ме хæлары фырт дæ, зæгъын. Уыдон нын афтæ загътой, сымахмæ, дам, нæ февналдзыстæм, уымæн æмæ, дам, ницы сарæзтат æвзæрæй. Мах нæдæр давынмæ цыдыстæм дуармæ æмæ нæдæр уæлдай æмбæлд кодтам ирæттыл, æмæ афтæмæй аирвæзтыстæм. Намысджын адæймагæй фидардæр зæххы цъарыл ничи у. Афтæ, зæгъæн ис æмæ махæрдыгæй сабырæй аивгъуыдта хæст. Разылдысты махыл уырыссæгтæ æмæ ацыдысты», - зæгъы Асанидзе Автандил æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, сыхаг хъæуты Атъоцы æмæ Къодайы бынæттон цæрджытæн сæ хæдзæрттæ дæр басыгътой.



«Цалынмæ кæрæдзиимæ хорз уыдыстæм, уæдмæ уыцы фарсмæ нæ фос скъæрдтам хизынмæ. Ныр нал скъæрæм нæ фосы уырдæм, байсдзысты сæ. Мах зæххытæ бæргæ сты, фæлæ сæ къухты куы ныххауай, уæд сын афтæ нæ зæгъдзынæ. Фыццаг дæ нырма уымæй фæрсынц, кæй территори, дам, у? Хъуамæ сын зæгъай, сымах у, зæгъгæ, кæннод дæ фæстæмæ нал рауадздзысты. Стæй сын хъуамæ æхца дæр бафидай, цæмæй дæ рауадзой. Мæн дæр æрцахстой, фосы фæстæ ацыдтæн æмæ мæ акодтой. Мæнæ трафареты онг бацæуыны бар нын ис, ничи дын ницы зæгъдзæнис, фæлæ уымæй фалдæр куы бацæуай, уæд дæ æрцахсдзысты. Цыппар хатты мæ æрцахстой. Ныр сæ уыцырдæм нал скъæрæм нæ фосы, æмæ нын æрдæгхормæгтæй зайынц, ардыгæй уыйас кæрдæг нæй, уырдыгæй та хорз кæрдæг ис.

Æхца бафыстон æмæ мæ стæй рауагътой. Уым фæдагурджытæ ис, кæцытæ дæ бафæрсдзысты. Ды сын зæгъдзынæ æхца мæм ис æмæ мæ рæстæгыл ссæрибар кæнут, зæгъгæ. Иу хатт та, мæ хæлары зианмæ фæцæйцыдтæн, æмæ мæ уæд æрцахстой. Кæдæм цыдтæн, уый дæр сын загътон, гæдыныхас сын нæ зæгъдзынæ, хъуамæ сын раст зæгъай. Иу хатт та мæ куы æрцахстой уæд мæ Дзуамæ акодтой фæдагурæгмæ», - кой кæны Асанидзе Автандил.

Автандил сегасæй тынгдæр мысы Цънелисы йын цы хотæ цæрынц уыдоны. Зæгъы, цæмæй 9 мадызæнæг кæй уыдысты, аст хойы æфсымæр уыди уый, ныр-ма йын цыппар хо баззадис, уыдонимæ дæр æрмæст тилифоны кæд аныхас кæны, уый еддæмæ сæ нæ уыны.

«Мæ хотæ уырдыгæй цæрынц. Мæ мадæн 11 хъæбулы уыдис. Мæнæ ацы конфликт куы райдыдта гуырдзиæгты æмæ ирæтты ‘хсæн, уæдæй фæстæмæ сæ нал федтон. Уыдон ардæм нæ цæуынц, мах –уырдæм. Æрмæст тилифонæй ныхас кæнæм. Уыдоны хъæу ардыгæй æрмæст 5 километры бæрц уыдзæни, фæлæ сæ нæ уынын. Не æхсæн тынг даргъ æмæ фæтæн æмбонд арæзт ис».



Зæгъы, цæмæй дыууæ хатты бавзæрста хæст æмæ æнæзакъонон ахстмæ æнæгæсгæйæ, уый абоны онг фæллой кæны æмæ сæрыстыр у, цæмæй йæ кармæ æнæгæсгæйæ йын йе ‘нæниздзинад уый фадат дæтты.

«Æрвылбон фыдæбон кæнын, иуран нæ лæууын. Иу род мын ис. Райсом æй рæгъаумæ ауадзын. Кæрчытæ дæр мын ис, цъиутæ дæр. Нырма уыдонмæ базилын, хæринаг сын раттын, дон сын æркæнын. Стæй сæндонмæ ацæуын, цæхæрадонмæ ацæуын, раздæр бакусын кæй фæхъæуы, уырдæм фыццаг ацæуын. 25 боны мидæг иу хатт фосы фиййау дæр вæййын. Зæххы дæр мæхæдæг бакусын. Къæпи мæм ис, бел мæм ис æмæ мын къухтæ дæр ис. Сæйрагæйдæр хъæдындз æмæ картоф байтауын, цæмæй мæ хъæбулы хъæбулты фаг уа. Сæнæфсир дæр мын ис æмæ сæн дæр саразын. Дыууæ хъæбулы мын ис. Чызг æмæ лæппу, хъæбулы хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбулы хъæбултæ. Хъæуы иунæгæй цæрын, фæлæ мæм сæрды бонты мæ хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ æрцæуынц. Отараты сидзæргæсы загъдау, иунæгæй цæмæн дæн? Уæдæ ма, мын мæ зæрдæмæ ныккæсут, цал лæппыны, дзы бады. Æз дæр афтæ дæн. Нырма-мæ мæлæт не 'рфарста, фæлæ мæ кæд нал ныууадза, уæд ацæудзынæн», - зæгъы мидбылхудгæйæ Асанидзе Автандил æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, йын иунæгдзинадыл фæтых уæвынæн æххуыс кæнынц йæ сыхæгтæ æмæ бинонты зæдтæ.

«Пандеми йæхæдæг махæй тæрсгæ кæны ам, афтæ æнцонæй нæ цæуы. Махмæ, зæгъæн ис æмæ, нырма никæуыл бахæцыд. Иу ус æмæ йæ мойæ дзырдтой, рынчын, дам, сты. Фæлæ ныр дзæбæх сты, сæхи хорз хатынц. Æхгæд куы уыдыстæм, уæд-иу нæ чъвринисаг лæппу маршруткæйыл кодта Гурмæ æмæ уым æлхæдтам цынæ хъуыдис уый. Уæддæр нæ фæтыхстыстæм. Мæ хотæ дæр аивæрзтысты ацы коронавирусæй. Æнæуи сын дохтыртæ ис Знауыры æмæ сæ исты куы фæхъæуы уæд ацæуынц. Махæн дæр ис Чъвринисы медицинон пункт æмæ-иу æрбацæуы дохтыр. Цыдæр вакцинацийыл ныхас уыдис, фæлæ мæнмæ нырма ничи æрбацыдис, цæмæй мын саразой. Тынг мæ фæнды цæмæй тагъддæр фæуа ацы пандеми æмæ бæстæ æрулæфа», - зæгъы Асанидзе Автандил.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы
Цъалкъайы муниципалитет.
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы Цъалкъайы муниципалитет.
23:20 / 12.01.2024
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
23:42 / 18.12.2023
"Алыхатт дæр иу афтæ дзырдтой, цæмæй Гиоргобайы къæвда æруадзæн.
21:16 / 28.11.2023
ვიდეორეპორტაჟი
,,აქ ჩემი ცხოვრება როგორია? ახალ წელს ავადმყოფი კაცი მარტო ვხვდები. დილით
,,2003 წელი, 6 ივნისი, ოქიანში თოვლი მოვიდა", კიდევ ,,2001 წელი, 4 ივნისი, ტამის მთაზე თოვლი მოვიდა"..
გადაბრუნებული ტრაქტორი მეორე ტრაქტორით გაასწორეს, მძღოლი ფანჯრიდან თოვლში გადმოვარდა.
"წყალი, ტყე, საძოვრები, მინდორი წაგვართვეს.
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.