რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Сæны эспортер фæндзæмы бæстæты фыццæгтæ сты Уæрæсе æмæ Китай
Сæны æмæ алкоголон нуæзтыты экспорты 10 мæйы бæрæггæнæнтæ.

Фæстаг дæс мæйы бæрæггæнæнмæ гæсгæйæ, сæны эспортер бæстæты фæндзæмы фыццæгтæ сты Уæрæсе æмæ Китай, сæ фæстæ цæуы Украинæ, Казахстан æмæ Польшæ.

Ай фæдыл информацийы хъæууон-хæдзарады министрады пресс-куыстуат парахат кæны.

Фæндзæммæ бацæугæ бæстæты хай ахæсгæ ботлæты бæрцадмæ гæсгæ афтæ зыны:
Уæрæсе (20 531 892 ботлæ), Китай (4 307 825 ботлæ), Украинæ (4 212 110 ботлæ), Казахстан (3 019 147 ботлæ) æмæ Польшæ (1 819 542 ботлæ).

2016 азы январæй-октябры уавæрмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæй дунейы 50 бæстæмæ экспортиргонд æрцыд 38 392 510 ботлæ (0,75 л) сæн, кæцы 37%-æй фылдæр у ивгъуыд азы аналогион бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Хыгъдон периоды экспортиргонд ис 88,3 милуан АИШ доллары æргъады сæн, кæцы 14%-æй фылдæр у ивгъуыд азы уыцы периоды рæстæджы бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Экспорты процентон фылдæрдзинад фæзындзæн, куыд Китайы, Украинæйы æмæ Белорусы бæстæты, афтæ Европæйы базарыл дæр.

Китайы – 138%-æй (4 307 825 ботлæ), Украинæйы – 64%-æй (4 212 110 ботлæ), Беларусы – 57%-æй (931 602 ботлæ), Стыр Британийы – 47%-æй (74 188 ботлæ), Польшæйы – 44%-æй (1 819 542 ботлæ), Уæрæсейы – 40%-æй (20 531 892 ботлæ), Эстонийы – 33%-æй (516 048 ботлæ), Казахстаны – 17%-æй (202 666 ботлæ), Японийы – 12%-æй (141 774 ботлæ), АИШ – 12%-æй (234 616 ботлæ), Германы – 11%-æй (234 422 ботлæ), Канадæйы – 7%-æй (157 860 ботлæ), Латвийы – 6%-æй (978 762 ботлæ) æмæ æндæр.

Аимæ ма иумæ, ивгъуыд 10 мæйы, дунейы 16 бæстæмæ экспортигонд æрцыд 7 129 158 ботлæ (0,5 л) бренд, кæцы 31%-æй фылдæр у 2015 азы ацы периоды рæстæджы бæрæггæнæнтæй. Æдыппæт экспортиргонд æрцыд 16,3 милуан АИШ доллары æргъады бренд, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 15%-æй фылдæр у.

Æдыппæтæй, сæны, бренды, чъачъайы, сæны æрмæджы, æркæнгæ бренды æмæ брендаг спирты экспорты фæстиуæгæн райсгæ æфтиæгтæ хыгъдон периоды 148,3 милуан АИШ доллармæ схызт.


Ивгъуыд азы 10 мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы æвдисæг 115,7 милуан АИШ доллары уыд – рæзынад 28,2% уыдис.

Информацийæн:

2016 азы 10 мæйы бæрæггæнæнты абарын 2012 азы 10 мæимæ:
Сæны экспорт
2016 аз – 38 392 510 ботлæ
2012 аз – 13 373 826 ботлæ
Рæзт – 187%

Суммæйы:
2012 аз – 57, 5 милуан АИШ доллар
2016 аз – 88,3 милуан АИШ доллар
Рæзт – 53%

Бренды экспорт
2012 аз – 4 694 304 ботлæ
2016 аз – 7 129 158 ботлæ
Рæзт – 51%

Суммæйы:
2012 аз – 14 милуан АИШ доллар
2016аз – 16,3 милуан АИШ доллар
Рæзт – 17%.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.