რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Хæдзарызæды кадæн абон лигъдæттæ бæрæгбæн цæттæ кæнынц
Стыр æмæ чысыл Леуахигомы лигъдæтты цæрæнуæтты абон бæрæгбон цæттæ кæнынц.

Табошвилитæ, абон, бинонты хъахъхъæнæг зæды кадæн, æртæ гуылы, æртæ кадæйы, уасæг æмæ иу литр сæн æрцæттæ кодтой.

Изæры хæринæгты æрмæстдæр бинонты уæнгтæ бахæрдзысты, уымæн æмæ æндæрты хайад ист фосæн зиан расайы.

Хæдзарызæды традицион бæрæгбоны Табошвили Гела æмæ Белайы бинонтæ Эреды хъæуы дæр нысан кодтой.

Чысыл Леуахигомæй лигъдæттæ абон Шаушвебмæ æввахс арæзт котеджты цæрынц.

Иу котеджы, ныртæккæ, 6 адæймаджы цæры. Уыдонæн ис цыппар хъæбулы. Цыппæрæм сын лигъдоны рæстæджы райгуырдис.

Хæдзарызæд, традицимæ гæсгæ, Шида Картлийы нысан кæнынц стыр цыппæрæмы. Ай фæдыл, Гуры этнографион музейы зонадон кусæг Къошоридзе Тамилайæн специалон куыст ис цæттæ.

Тамилайы информацимæ гæсгæ, хæдзарызæды ма хонынц «Мариашноба» дæр.






Этнографион бæрæггæнæнтæ

«Ацы бонæн иу сын царв уыд æфснайд. Скодтой-иу æртæ царвæйконд кадайы, æртæ луасийы, сфыхтой-иу карк, æртæ рæвдуаны, иу литр сæн æмæ иу сæ иумæ фынгыл æрæвæрдтой. Кадайæ æмæ карчы фыдæй уазæгæн нæ хæрын кодтой. Карчы стджытæ иу зæххы сыджыты бын баныгæдтой кæнæ та-иу сæ басыгътой арты, цæмæй сæ мацы бахордтаид. Кадайыл æвæрд сæр æмæ къæхтæ иу бахастой хæдзары рахизкъуыммæ, ссыгътой иу мыдадзын цырагъ æмæ иу скуывтой. Адон хъуамæ бахордтаид сылгоймаг. Иуæй-иутæ иу карк куы аргæвстой, йæ быны иу калд уыд хоры нæмгуытæ æмæ сыл иу туджы ртæхтæ ркалдтой. Хоры нымгуыты иу бафснайдтой æмæ сæ иу ногуагъд карчы цъиутæн хæрын кодтой. Иуæй-иутæ карчы æргæвстой фæхтыл – фæхты æнгузы æппытæ цъæл кæнынц, бæркадджын дам уыдзæн. Ацы боны сылгоймæгтæ нæ куыстой», - фыст ис куысты.

Къошоридзе Тамилайы рдыгæй ссаргæ æрмæджытæм гæсгæ, цæттæ хæринаг æрмæстдæр бинонты уæнгтæ хæрынц, уымæн æмæ дам дзы искæмæн куы бахæрын кæнай, уæд дам фосы зиан расайы. Бинонтæм сæ моймæдзыд чызг куы-иу æрбацыд, уæд-иу уымæн дæр нæ хæрын кодтой уыцы хæринагæй.

Ацы бæрæгбон аргъуанон боныл нымад нæ цæуы æмæ нысангонд никуы ис аргъуанон къæлинадырыл дæр.

Уый вæййы Къоркъотъобайы размæ: Мариашен цыппæрæм боны ис æмæ сабаты та Къоркъотъоба вæййы.

Мариашноба-хæдзарызæд нæ зонынц Мереты хъæуы. Ацы бæрæгбоны тыххæй ницы зæгъы Бардавелидзе Вера дæр 1949 азы Картлийы экспедицийы рæстæджы, кæцы мæнмæ гæсгæ гуырысхойаг у.

«Хъуыды кæнын, Светон арæзтады идеологон æндæвдады тасдзинадмæ гæсгæ цæрджытæ æмбæхстой адæмон бæрæгбонты æмæ сæ нысан кæныны традициты тыххæй информацийы дæр нæ парахат кодтой. Стыр сабат аргъуанон къæлиндармæ гæсгæ нымад у мæрдты боныл. Ацы бон улæфты бон у, кæцыйы, зæгъæн ис æмæ Гуырдзыстоны алы къуымы дæр æххæст кæнынц. Шида Картлийы ацы боны фыцынц къоркъотъи (мæнæу). Кæд Цыппурсы æмæ Донскъæфæнты фыхтой къоркъотъи, уæд ацы боны къоркъотъи мæрдтæн хæлар цыд», фыссы Къошоридзе Тамила.








Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.