რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Адæмон хъахъхъæнæг Цхинвалы тæрхондоны тæрхонæн дзуапп кæны
Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг дэ-факто Хуссар Ирыстоны тæрхондоны
скъуыддзагмæ гæсгæ адæймаджы барты хæлдыл нымайы.
Хъуыддаг Гиунашвили Георгийæн рахæсгæ тæрхонмæ хауы, кæцымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстагæн 20 азы ахæстоны фæбадын аскъуыддзаг кодтой.
Медийы рапарахатгонд информацимæ гæсгæйæ, Цхинвалы дэ-факто тæрхондон 20 азы ахæсты тæрхон рахаста 1978 азы гуырд Гуырдзыстоны æмбæстагæн Гиунашвили Георгийæн, кæцыйы æппæты фыццаг 2016 азы 8-æм июны, а.х. «арæныл æнæзакъонæй рахизыны» тыххæй æрцахстой, фæлæ йæ фæстæдæр та фæаххосджын кодтой «æнæза-къонæй хотыхджын кæныны», конкретонæй та йæ Цхинвалы районы Дисеуы хъæуы а.х. хъихъахъхъæнынады къорды активон хайадисты тыххæй фæкарздæр кодтой».
«Ацы хъыгаг факт бæлвырд кæны, уый, æмæ бынæттон цæрджытæн, се хсæн а.х. Хуссар Ирыстонæй ралидзгæ гоймæгтæн дæр сæ бартæ хæлд кæй цæуынц. Вæййы афтæ æмæ уыдонæн сæ сæрибардзинад æнæзакъонæй цухгонд цæуы, дыууæрдæм цæуыны сæрибардзинады сæхгæнын æмæ фæстæмæ æрбаздæхыны бары цухдзинад», - нысангонд цæуы адæмон хъахъхъæнæджы скъуыддзаджы.
Адæмон хъахъхъæнæг активонæй хайад иста ахæстонты ссæрибар кæныны процессы мидæг, кæцы 2016 азы мартъийы Тбилисы, Сухумы æмæ Цхинвалы хсæн диалогы фæстиуæгæн уагъд æрцыд æмæ йæ фарс хæцыд фæрсты ахæм механизмы саразынæн, кæцы сифтонг кодтаид бынæттон цæрджыты æдасдзинады. Хъыгаг у, æмæ ацы иттæг ахсджиаг цауы фæстæ фæстæмæ дарддæр кæны ахстытæ æмæ хъусдард нæ цæуы бынæттон цæрджыты бартæм æмæ хъæугæдзинæдтæм.
«Конфликтæй зианбаййафæг гоймæгтæн ноджы фылдæр зиан райсынæн хъуамæ кæрон æрцæуа. Адæмон хъахъхъæнæг басидтис Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауадмæ, райса ахадгæ мадзæлттæ Гиунашвили Георгийы хæлд барты сæндидзынæн æмæ йæ цæмæй ссæрибар кæной», - зæгъы адæмон хъахъхъæнæг.
Адæмон хъахъхъæнæг ма ноджыдæр басидтис Гуырдзыстоны хицауадмæ спайда кæна йæ къухы уæвгæ алкæцы беркетæй æмбæстагы æнæзакъонон ахæстæй ссæрибар кæнынæн. Амæй, дарддæр ма, Гуырдзыстоны хицауад ноджы иу хатт хъуамæ æрæвæра инициативæ Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны ахæстоны æнæзакъонæй ахст æмбæстæгты ссæрибар кæныны нысанæн.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები