რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Ксаны Эристауты галуан Ламисхъаны ныппырх
Ламисхъаны хъæуы Ксаны Эристауты галуан фехæлдис.
17-æм æнусы амад бæстыхайæ ма æрмæст къултæ баззадис.
Историон бæстыхай абон ахæм уавæры ис. Большевикты периоды галуаны гом уыд скъола æмæ спортивон зал.
Ацы галуаны номимæ цæдис кæны Давит Гурамишвилийы уарзондзинады истори. Гурамишвилийы бинойнаг, азнаур Гарахъанисты чызг, Кетеван йæхи амардта ацы бæстыхайы ныккæнды.
Иуыл фæстаг рæстæджы дæр ма иу, сабиты зæрæдтæ афтæ фæдзæхстой, цæмæй уыцы бынатмæ æввахс мачи бацыдаит, уымæн æмæ бæстыхай нымад цыд «хингонд бынатыл».
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы галуан Ксаны Эристаутæ азнаур Гарахъанидзетæй уый фæстæ балхæдтой, Кетеван Гарахъанидзе йæхи куы амардта.
Азнауры чызджы трагедийы аххосаг, йæ мой Гурамишвили Давиты ныхмæ æрцæттæгонд фехъусгæ фыдвæнды хабар уыд.
Гурамишвилийы ныхмæ æрцæттæгонд фыдвæнды хайад истой Гарахъанидзетты бинонтæ дæр.
Давит Гурамишвили Вахтанг æхсæзæмы æвварс уыд, фæлæ Ксаны комы эристаутæ æмæ азнауртæ та спарсаг ориентацийы.
Вахтанг æхсæзæм архайдта Уæрæсейы паддзахон дуармæ баввахс уæвын, кæцы гуырдзиаг уæздæтты зæрдæмæ нæ цыдис. Æмæ уый тыххæй, йæ ныхмæ рацыдысты. Вахтанг æхсæзæмæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ Уæрæсемæ 1200 фæсдзæуинимæ алыгъд.
Паддзахы æвварсхæцæг Гурамишвили Давитæн Сагурамойы йæ хæдзар куы басыгътой, уæд уый цæрынмæ йæ каисы, Гарахъанидзейы хæдзармæ ацыдис.
«Ныр та, æркæсæм уæды рæстæджы ситуацимæ? Ксаны эристауты æмæ спарсаг ориен-тацийы азнауртæн райсинаг уыд æви нæ, цæмæй сæ мыггагмæ райстаиккой ахæм хизаны, цахæм уыдис Гурамишвили Давит? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыд гæнæн. Уый тыххæй, Гурамишвили Давиты лекъæгтæ суадонæй нæ аскъæфтой, фæлæ йæ аскъæфын кодтой. Ацы истори нын сæхæдæг Гарахъанидзетæ радзырдтой», - зæгъы Сагурамойы Джамбакур-Орбелианты галуаны къухдариуæггæнæг Цуцунашвили Сопио. Ацы музейы хицæн бынат ис, растдæр, Давит Гурамишвилийы царды тыххæй.
Давит Гурамишвили «Давитиани»-йы деталонæй дзуры йæ аскъæфты историйыл. Уый, дыууæ зæхкусæгимæ иумæ, суадонмæ бацыдис, æнæ хотыхæй. Æнæнхъæлæджы йыл 12 лекъы сæхи ныццавтой. «Давитианы» уыцы дыууæ йемæ уæвæг адæймæгты тыххæй фæстæдæр ницы уал загъд цæуы.
Ламисхъаны кой кæнынц, зæгъгæ, скъæфджыты фæстæ рацæуджытæ дæр, уыцырдæм нæ ацыдысты, чердæм лекъæгтæ Давит Гурамишвилийы акодтой. Уый дæр специалонæй арæзт æрцыд, уымæн æмæ, сæрибаргонд ма æрцыдаит Гурамишвили.
Цуцунашвили Сопио зæгъы, цæмæй ацы трагикон истори Гарахъанидзеты байзæттаг сæхæдæг кæй радзырдтой.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები