რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
«Мах нæ кæрæдзийы хъæуæм» - Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы ныхас Уæрæсейы Патиарх Кириллимæ
Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья дыккаг Уæрæсейы Патриарх
Кирилл дыккагæн йæ гуырæнбоны 70 азы цытæн арфæ кæны.
Илья дыккаг Уæрæсейы растцытгæнæг аргъуаны раздзоджы юбилеймæ ныццыд. Кириллы тыххæй арæзт курдиаты Гуырдзыстоны Патриархон парахат кæны.
Гуырдзиаг растцытгæнæг аргъуаны Уæрæсейы аргъуаны позицийæн аргъ кæны, кæцы Гуырдзыстоны растцытгæнæг аргъуаны юрисдикци æппæт бæстæйы, се хсæн дэ-факто Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл парахат кæны.
Цитатæйы райдайæн:
«Уæ бæрзонддзинад, Мæскуыйы æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кирил!
Гуырдзыстоны растцытгæнæг аргъуаны æмæ мæхи номæй зæрдæбынæй арфæ кæнæм гуырæнбоны 70 азы цытæн, Алыхатт дæр, ахæм бонты куы снысан кæнæм, анализ саразæм ивгъуыд царды тыххæй æмæ-иу арæхстгай кæсын байдайæм сомбоны рдæм.
Мæ зæрдыл лæууы, мæ интронизацийы боны æрбацыдис иу уæздан куырыхон лæг æмæ мын загъта: Хуыцау дын уæззау дзуар схай кодта æмæ цæмæй фæрог кæнай уый, рымыс уæ паддзахты кой æмæ патриархты æмæ дын уыдон баххуыс кæндзысты.
Уæдæй фæстæмæ æххæст кæнын ацы фæдзæхсты æмæ сын æрвылхатт æнкъарын се ххуысы. Уæ бæрзонддзинад, уадз, сымахæн дæр æххуыс кæна Уæрæсейы зæххы паддзахтæ æмæ патриархтæ!
Зæгъæн ис æмæ мæ цыппоразон патриархон лæггад мын фенын кодта, цæмæй хорз фæстиуæг исæм, кæд мæ нын ис кæрæдзимæ хъусыны æмæ æндæрты хъуыды райсыны амалдзинад. Æмæ мæ уый тыххæй, ноджы иу хатт фæнды уæ размæ рахæссон Цхинвалы æмæ Цхум-Абхазийы эпархийы проблемæты.
Куыд зонут афтæмæй, иуæндæс азы дæргъы æз уыдтæн Эпископос æмæ Митрополит Цхум-Абхазийы æмæ уым конфликт никуы æрцыдис. Махимæ алыхаттдæр сабырæй цардысты ирæттæ.
Мах стыр аргъ кæнæм Уæрæсейы аргъуаны позицийæн, кæцы цалдæр хатты расидтис, цæмæй разы у ацы регионты Гуырдзыстоны растцытгæнæг аргъуаны юрисдикциимæ. Афтæ ма ноджы фидарæй загъта 19-æм ноябры нæ фембæлды рæстæджы дæр.
Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны хсæн æмахастыты æрбиноныг кæнын дыууæ бæстæйæн дæр иттæг нысаниуæгджын у; мах нæ кæрæдзийы хъæуæм.
Хъуыды кæнын, Гуырдзыстон хъуамæ уа Скæсæны æмæ Ныгуылæны хсæн сабырдзин-адон æмгуысткæнынады бынат, бынат хæларсыхагдзинады. Кæрæдзийы ныхмæдзинад та тынг тæссаг у æмæ гæнæн ис глобалон конфликты расайын.
Раст у, мах не стæм политиктæ æмæ нæ бон нæу ацы къабазы серьезон къахдзæфтæ саразын, фæлæ, Хуыцауы æххуысæй, процесстыл ахадындзинад скæнын уæддæр гæнæн ис.
Æнæмæнгхъæугæ у нысангонд æрцæуа уый дæр, цæмæй абон, дзыллæ куы лæууы тынг бирæ серьезон проблемæты раз, уæ куырыхондзинад, уæрæх диапозон, æрдзон курдиат аргъауыны, æрвылхатт дæр ын стыр аргъ цæуы. Уе стыр ныхасмæ хъусынц милуангай адæймæгтæ, куыд Уæрæсейы, афтæ йæ арæнты æдде дæр, кæцы æххуыс кæны уыдонæн царды мидæг раст ориентацийы ссарынмæ.
Сымах, нырма 23 аздзыд æвзонг уыдыстут, уæхи куы снывонд кодтат хуыцауæн æмæ уæдæй фæстæмæ æппæтæй уæ цард у лæггад кæнын æфсымæрдзинадæн. Уæ фæндаг никуы уыдис æнцон, фæлæ ныр уæ дзуар ноджы уæззаудæр у æмæ бæрнондзинадон, фæлæ уыимæ иумæ стыр кадджын дæр.
Хуыцауы хорзæх уæ уæд уе стыр куысты æмæ уæ цæст куы ахæссат уæ рацыд фæндагыл, уæбон уæд зæгъын: уаргъ хуыцауы рог уæвын æмæ йе фсондз та адджын.
Æнæниздзинад уын уæд, цæмæй ноджы æвæллайгæйæ лæггад кæнат Уæрæсейы аргъуанæн æмæ æгас растцытгæнæндзинады хуыздæр бонæн». – Цитатæйы кæрон.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები