რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Сабитæ дихгæнæг хаххы цур æмæ улæфæн хæдзар Пантианы хъæуы
Поладашвили Георги 12 аздзыд у. Уый иунæг скъоладзау лæппу у, кæцы
Квемо Чъалайы хъæуы астæуккаг скъолæйы ахуыр кæны Пантианы
хъæуæй.
Ацы скъолæмæ ма, Пантианæй ноджы иу чызг цæуы. Хъæу дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс ис Къаспы районы.
Георгийы æмкар Кердихъошвили Къаха, ныртæккæ, Рустауы цæры. Йæ райгуырæн хъæумæ, æрмæст, æнцой боны æмæ улæфтыты рæстæджы фæцæуы.
Æмгæрттæ хъæугæрон чысыл хъæдын хæдзар саразын аскъуыддзаг кодтой. Фыййæуттæ æмæ дам фæндагыл цæуджытæн балæууæндон уыдзæнис, зæгъгæ. «Сæрды æнтæф боны тæвдæй сæхи бахъахъхъæндзысты æмæ æвзæр боны рæстæджы та къæвдайæ», - загътой нын уыдон.
Фыццаг хатт сын нæ рауади æмæ зæгъæн ис, цæттæ хæдзары фæстæмæ сыхæлдтой. Хæлд бæлæсты къалиутæй чысыл балæууæндон сарæзтой æмæ йыл уæрдæх сыфтæртæ дæр бамбæрзтой.
«Спортфæзуат нын ис, фæлæ къахпуртийæ хъазынмæ Самтависы хъæумæ фæцæуæм, къахпуртийы скъолæмæ. Уым хъазæм къахпуртийæ», - зæгъы Георги.

Хъæумæ улæфынмæ ныццæугæ Къахайы, зæрæдтæн æххуыс кæнын бахъæуы:
«Хъæуы фылдæр, ацæргæ адæм сты, æз сын феххуыс кæнын хосы тымбыл кæнынæн, цæхæрæдæтты куысты. Иуæй-иу хатт мах дæр æркæрдæм хос», - загъта нын Къаха.
Сæ фæсте ис Схвилойы гæнах, кæцы æлдар Амилахварты резиденци уыди Квемо Чъаламæ ахызты агъоммæ. Схвилойы гæнахы фале территорийы Уæрæсейы æфсæддонтæ контроль кæнынц.
«Нæ хъæумæ знаг куы æрбабырста, уæд адæм сæхи Схвилойы æрфидар кодтой. Æрхъулайы бæхудтой. Знаг æнхъæл уыд, æмæ æнæдонæй ныццагъды уыдзысты, зæгъгæ, фæлæ сæм уырдыгæй адæм кæсæгтæ ракалдтой æмæ сыл худтысты. Уæд æрбацæуджытæ бирæ нал афæстиат кодтой уым æмæ фæстæмæ раздæхтысты», - Гуырдзыстоны историйы ацы зындгонд факты нын деталонæй радзырдта Георги.
Сабитæ тыхсынц хъæумæ æвзæр фæндæгтæ кæй ис, стæй ма сæ ноджы фæнды, цæмæй уынгты рухс уа.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები