რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
|
Ног хабæрттæ
Æнæдон хъарапилæйæгты сæфт
Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты: Хъарапила æмæ Орчъосаны хсæны уæвæг
территорийыл Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвары къухдариуæгæй, абон,
райсомæй ауæдз ауагътой.
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæлбариуæг хъæуæй дыууæ тракторы куыста. Бынæттон цæрæг фыййау федта, цæмæй ауæдз уыцы бынатыл ауагътой, цыран дыууæ азы размæ уыди арæзт.
Техашвили Георги зæгъы, цæмæй ацы ауæдз сæйрагæйдæр орчъосайнæгтæн разиан кодта, уымæн æмæ 18 гектары зæххы фæзуат, кæцыйы коммунистты периоды Хъарапилайы хæдзарад Орчъосаны советон хæдзарадæн ратта, абон уый Хъарапилайы рдыгæй баззад.
«Уырыссаг æфсæддонтæ орчъосайнæгты æндæразæй нал бауагътой ацы зæххытæм кусынмæ. 70-æм азты райдæйæны мах уыцы зæххыты адæттам уыдоны хæдзарадæн æмæ сæ æндæразыонг орчъосайнæгтæ пайда кодтой», - зæгъы бынæттон цæрæг Техашвили Георги.
Уый ныхасмæ гæсгæ, хъæуы хуссар-скæсæны хайы дæр ахæм уавæр ис, куыд цæгаты æрдыгæй:
«Советон хæдзарадты рæстæджы мах æмæ уыдоны хæдзарад æмбондæй уыди хицæнгонд. 1972 азы ЦЕКА йæхи фæтъыста нæ хъуыддæгты. Раст у, 18 га фæзуаты хъæуы уæле алæвæрдтам Орчъосаны хæдзарадмæ, уый фæлтау та, Тортлайы цæугæдоны дæле автобаны онг цы зæххытæ уыди, уыдон мах хæдзарадмæ раттой. Кæнæ Орчъосаны хæдзарады арæн тæккæ автобаныл цыди. Ацы ауæдзæй, фактивонæй, махæн Тортлайы дæле зæххытæ дæр баззадысты æмæ ноджы уыцы 18 гектары дæр, кæцыйы мах советон хæдзарады рæстæджы цæгатфарс раттам. Хизæнтæ дæр æмæ нын зæххытæ дæр уыцырдыгæй баззадысты», - афтæ нын бамбарын кодта уавæры Техашвили Георги.
Уый бæсты та нын нæ хъарапилæйаг фысымы дихгæнæг хахх йæ хъæбул æмæ хъæбулы хъæбултимæ ахицæн кодта.
«Мæ чызг Орчъосаны хъæугæрон цæры. Уырдæм у мойгонд. Ардыгæй йæм куы фæхъæр кæнон, мæ хъæлæс мын уырдæм фехъусдзæни, фæлæ йæ фенын мæ бон нæу. Алы бон дæм мæм радзурынц телефонæй æмæ мæ фæрсынц, цымæ дам кæд байгом кæндзысты «дуары», цæмæй дам дæ фенæм. Дыууæ хъæбулы хъæбул мын ис – хистæр 7 аздзыд у, кæстæр та 6 аздзыд. Æндæраз ахызтæн, федтон сæ, фæлæ мæ уæддæр æрцахстой æмæ мæ Цхинвалмæ акодтой, уым мын ивар бафидын кодтой æмæ мæ стæй рауагътой. Уæдæй фæстæмæ сæ нал федтон мæ хъæбулы æмæ хъæбулы хъæбулты», загъта нын Техашвили Георги.
Нæ ныхасы рæстæджы нуазæн доны краны цурмæ 15-онг гогызы æрбалæууыд. Хъæуы, цыран 40-мæ ввахс бинонтæ цæры, нуазæн доны 15-онг краны ис, фæлæ дон æрмæст райсомы сахатты рацæуы æмæ алкæй фаг нæ вæййы.
Куыд рабæрæг афтæмæй, кранты смонтаж кæнынмæ хъæуы æрдзон донæй пайда кодтой. Доны бæрц уыйас уыди, цæмæй лæдæрсгæ донæй хъæуы хуссарырдыгæй 8-10 гектары фæзуаты ацы донæй донхорыг цыд.
«Ацы кранты куы сарæзтой, уæдæй фæстæмæ нын дон ныуазынæн дæр нал фаг кæны», - зæгъы Техашвили Георги.
Шида Картлийы информацион центр репортаж ацы хъæуæй иу афæдзы размæ дæр æрцæттæ кодта.
Меладзе Мзия, кæцы иунæгæй цæрæг фыдмæ йæ моимæ иумæ ныццыди, зæгъы, цæмæй раздæр бæлцаг транспорт къуырийы мидæг иухатт цыдис.
«Ныртæккæ æппындæр нæ цæуы транспорт. Сæйраг фæндагмæ цæрджытæ фистæгæй фæцæуынц. Километр мæ рдæг дæрддзæг у. Зымæджы та ноджы зындæр вæййы искуыдæм цæуын», - дзуры Меладзе Мзиа.
Йæ фыдæн ын социалон æххуыс уæдæй фæстæмæ нал раттой, йæ бинойнаг куы фæзиан. «Мæ бинойнаг фæзиан, æмæ мын социалон æххуыс сæхгæдтой. Иунæг хъуг мын ис. Бæрзонд кулæтæ мын уый тыххæй ныффыстой», - загъта нын Меладзе Гиви, Меладзе Мзиайы фыд.
Хъарапилайы сабиты рæвдауæндон нæй, нæдæр скъолæ. 8 скъоладзауы паддзахады рдыгæй рахицæнгонд машинæйыл Къодисцъхъаройы хъæуы скъолæмæ цæуынц. Къодисцъхъаройы хъæуы скъолæ дæр æнæххæст скъолæ у. Уый фæстæ та ахуыр дарддæр кæнынц Нигозайы астæуккаг скъолæйы.
Ирон хъæу Хъарапилæйы абон 35 хæдзары цæры, кæцыты хсæн цæрынц Вазагашвилитæ, Меладзетæ æмæ Техашвилитæ дæр.
Хъæумæ æрдзон газ уагъд ис, ис электроэнерги хынцæгтимæ дæр. Нуазыны доны крантæ сыхы цалдæр бынатыл ис монтажгонд, фæлæ дон æрвыл бон нæ цæуы. Резервуарæй æмхуызон нæ цæуы дихгонд.
Хъæуы бацæуæны Сыгъдæг Георгийы (Уастырджийы) кувæндон ис арæзт.
«Ай нæ кувæндон у, Уастырджи. Сыгъдæг Георгийы кадæн нын æй немхъæуккаг Техты Валико сарæзта ацы сæрды. Уый ныртæккæ Цæгат Ирыстоны цæры, Ардыгæй ацæугæ у (90-æм азты)», - загъта нын бынæттон цæрæг Вазагашвили Жужуна.
Мемориалон фæйнæгыл Техты Валикойы æмдзæвгæ ис фыст, кæцыйы уый ныффыста йæ райгуырæн хъæу Хъарапилайы номыл. Вазагашвили Жужуна нын æй нырма бафарста стæй нын æй ратæлмац кодта.

Хъæумæ бæлцаг транспорт дæр нæ
цæуы

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები