Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Уæлхæдзæртты реабилитацийы хъаугъа дихгæнæг хаххы цур
Компани уæлхæдзæртты сцалцæг кодта, фæлæ уæддæр тендеры нæ фæуæлахизи

Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты дымгæйы азарæй зиан райсæг бинонтæн компани «Алонис» уæлхæдзæртты тендеры ауагъды агъоммæ бамбæрзта. Фæлæ уæддæр, дыууæ мæйы фæстæ, компани «Алонис» фæстæмæ уыцы хæдзæртты уæлхæдзæртты реабилитаци кæнынæн ауагъдгонд тендеры нæ фæуæлахиз.

Компанийы разамонæг Македон Ананиковы ныхасмæ гæсгæйæ, уæлхæдзæртты реабилитацийыл 290 000 ларийы ныридæгæн хардзгонд æрцыд.

Истори ахæм у.

2015 азы ноябры мæйы дымгæ Гуры муниципалитеты цалдæр хъæуы мидæг цæрæн хæдзæрттæн сæ уæлхæдзæрттæ стыдта.

Ахæм цауы муниципалитеты уагдонæн бар ис фæлтæрд компанитимæ комкоммæ æлхæд æмæ уæйы бадзырд саформит кæна, фæлæ куысты сæххæст кæныны фæстæ та суммæ бафида. Ацы практикæйæ пайда кæнынц æвæстиат хъæуындзинады фæзынгæйæ.

Арæнгонд бæрнондзинады æхсæнад «Алонис»-ы разамонæг Македон Анаников ноябры мæйы райдыдта куыстыты æмæ сæ кæронмæ афтæ сæххæст кодта, æмæ йемæ комкоммæ æлхæд æмæ уæйы бадзырд ничи саформит кодта.

Уый ныфс уыди, цæмæй ацы бадзырд саразынæн кæдфæнды дæр гæнæн уыдис, фæлæ декабры мæй фæуд кодта, Гуры муниципалитеты уагдонæн куы фехъусын кодтой æлхæд æмæ уæйы агентадæй, зæгъгæ, дам стихийæ дыууæ мæйы аивгъуыды фæстæ «æвæстиат хъæуындзинады хуызы» бадзырдтæн саформит кæнын нал ис гæнæн.

Македон Ананиковæн та ацы куыстытæ ныридæгæн æххæстгонд уыдысты.

Игæр муниципалитеты уагдон комкоммæ æлхæд æмæ уæйы бадзырд Македон Ананиковимæ декабры кæроны не саформит кодта, 2016 азы январы мæйы, та, фæстæмæ уыцы хæдзæртты æмбæрзæнты фæдыл тендер расидтис.

Тендермæ фыццаг курдиат балæвæрдта арæнгонд бæрнондзинады æхсæнад «Алонис».

Уым ма, Македон Ананиковæн ноджы æртæ конкуренты разынди.

Тендер 2016 азы 4-æм февралы фæци. Арæнгонд бæрнондзинады æхсæнад «Алонис» 289 000 лари æркуырдта, фæлæ алкæмæй къаддæр суммæ та арæнгонд бæрнондзинады æхсæнад «Тела» 189 000 лари æркуырдта.

Арæнгонд бæрнондзинады æхсæнад «Тела» -йы минæвæрттæ нæ зонынц, æмæ уыцы бинонтæн, кæцыты бæрæггæнæнтæ тендерон курдиаты амындгонд сты, уыдонæн ныридæгæн уæлхæдзæрттæ æмбæрзт кæй сты. Ацы бинонты Шида Картлийы информацион центры журналисттæ бабæрæг кодтой.

«Цы æнæмæнгхъæугæ уыд, цæмæй уыимæ комкоммæ бадзырд æрвæрдтаиккам?» - загъта нын æлхæд æмæ уæйы хайады хистæр Тархнишвили Александр, кæцы нын интервьюйы кæроны хъуыр-хъуыргæнгæйæ загъта, цæмæй ын йæ куысты рæстæгæй 10 минуты байстам.

«Уымæн æмæ, Македон Анаников куыстытæ æххæст кодта» - дзуапп ын раттам.

«Сымах æй кæцæй зонут?» - бафарста нæ æлхæд æмæ уæйы хайады хистæр.

 


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.